Конкурс расидтысты

0
508

Дзӕуджыхъӕуы администраци расидт Ног азы бӕрӕгбоны агъоммӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ коммерцион бӕстыхӕйттӕ хуыздӕр сфӕлындыны конкурс.

Уӕлахиздзаутӕ рабӕрӕг уыдзысты мӕнӕ ахӕм номинацитӕм гӕсгӕ: «Коммерцион структурӕты бӕстыхӕйтты хуыздӕр ногазон фӕлындынад», «Бирӕ хуыздӕр ногазон фӕлындынад», «Бирӕфатерон хӕдзары хуыздӕр ногазон фӕлындынад ӕмӕ Хицӕн адӕймаджы хӕдзары хуыздӕр ногазон фӕлындынад».

Конкурсы сӕйраг хӕс у Ног азы ӕмӕ Цыппурсы бӕрӕгбӕтты агъоммӕ горӕты ӕддаг бакаст фӕнывылдӕр кӕнын.

Конкурсы архайын кӕй бафӕнда, уый хъуамӕ 23 декабрмӕ къамтӕ кӕнӕ видео-ӕрмӕджытӕ ӕрбарвита Дзӕуджыхъӕуы администрацийы культурӕйы управленийы посты электронон адрис uk.vladikavkaz@yandex.ru.-мӕ.

Сӕрмагонд къамисы уӕнгтӕ конкурсы бӕрӕггӕнӕнтӕ бахынцдзысты ацы азы фӕстаг къуыри. Уӕлахиздзауты ӕвзаргӕйӕ, жюрийы уӕнгтӕ нымайдзысты дизайнерон уынаффӕты ӕрхъуыдыдзинад ӕмӕ бӕстыхӕйттӕ рухсӕй хуыздӕр саив кӕныны ӕууӕл.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here