Ӕргом ныхас — вазыгджын фарстытыл

0
319
????????????????????????????????????

«Аз кӕронмӕ ӕрхӕццӕ, республикӕйы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ фембӕлды мӕ фӕнды иуӕй-иу бӕрӕггӕнӕнтыл ӕрдзурын. Алы аз дӕр иннӕмӕй цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕны, вӕййы дзы ахадгӕдӕр, вазыгджындӕр цаутӕ, кӕд ӕмӕ газеттӕ, радио, телеуынынад, республикӕйы цард ӕвдисынц комкоммӕ — Парламенты архайд дӕр, уӕддӕр ахӕм хуызы ӕмархайд у хъӕугӕ», — знон РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев ахӕм раныхасӕй байгом кодта уацхӕсджытимӕ ӕргом ныхас.

Пресс-конференцийы райдайӕны куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ӕппынӕдзух йӕ хъус дары дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты куыстмӕ, кӕд ӕмӕ Парламенты ӕмбырдтӕ комкоммӕ эфиры Интернеты тыгъдады ӕвдыст цӕуынц, уӕддӕр уацхӕсджыты ӕрмӕджытӕ вӕййынц ӕнӕмӕнгхъӕугӕ. «Арӕх ӕрмӕджыты бакӕсӕн вӕййы фиппаинӕгтӕ дӕр, фӕлӕ уый ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕныл нӕ нымайӕм, уый нын нӕ архайд ноджы цырендӕр кӕны», — загъта Парламенты Сӕрдар.

Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Парламенты куысты ахсджиагдӕрыл банымайгӕ у, федералон ӕмвӕзадмӕ цы закъонӕвӕрынадон хъӕппӕристӕ арвитынц, уыдон Паддзахадон Думӕ ӕмӕ Федерацийы Советы фидаргонд кӕй ӕрцӕуынц, уый. «Уӕрӕсейы Федерацийы Президент 2 декабры бафыста «Политикон партиты тыххӕй» закъонмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл уынаффӕ. Уый у цӕгатирыстойнаг депутатты хъӕппӕрис. Нымад у размӕ къахдзӕфыл, уымӕн ӕмӕ нӕхи уӕлдӕр закъонӕвӕрынадон оргӕны базонын кодтам. Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй регионты закъонӕвӕрынадон хъӕппӕристӕ ӕнцонтӕй нӕ ахӕццӕ вӕййынц кӕронмӕ. Иннӕ аз нӕ Парламенты скондыл сӕххӕст уыдзӕн 25 азы, уӕдмӕ нын федералон ӕмвӕзады ӕрмӕстдӕр цыппар закъонӕвӕрынадон хъӕппӕрисы сфидар кодтой», — бафиппайдта Алексей Мачнев.

Куыд ма бамбарын кодта, афтӕмӕй ныр дӕр Федерацийы Советмӕ бахастой цалдӕр закъонӕвӕрынадон хъӕппӕрисы, ацы азы ахадгӕдӕр цауыл ма Парламенты Сӕрдар нымайы, Аланийы саргъуыды 1100 азы кадджын уавӕры бӕрӕггонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый. Нӕ бӕстӕйы разамынд уыцы ахсджиаг хъуыддагмӕ ӕмбӕлгӕ цӕстӕй ракастысты, цыдӕриддӕр федералон ӕмвӕзады ӕмбӕлы, уыдон сӕхимӕ райстой. Уӕдӕ, нӕ республикӕйы разамынд, ӕхсӕнад дӕр зӕрдиагӕй бавнӕлдтой цӕттӕгӕнӕн хъуыддӕгтӕм.

Республикӕйы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕртты фарстытӕ баст уыдысты Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон ӕмӕ политикон уавӕримӕ, дарддӕры рӕзты нысантимӕ. «Парламенты ӕмбырдтӕй иуы Касаты Таймураз рӕгъмӕ рахаста, газеттӕ, мыхуыры ӕндӕр фӕрӕзты кусджыты ныллӕг мызды фарста. Ома, ныронг сын сӕ мыздыл бафтауыны хъуыддагмӕ каст никуы ӕрцыд. Уый ахӕсгӕ у газет «Рӕстдзинад»-ы кусджыты мыздмӕ дӕр. Дӕ цӕстӕй акӕсгӕйӕ, цы хуызы ис уавӕр фӕивӕн?» — газеты уацхӕссӕджы фарстӕн Алексей Мачнев загъта: «Хъуамӕ алы кусӕг адӕймаг дӕр иса аккаг мызд, ӕппындӕр мӕт ма кӕна, йӕ бинонтӕ цӕмӕй фӕдара, ууыл. Газет «Рӕстдзинад»-ӕн йӕ архайд у бирӕвӕрсыг, ахадгӕ, уайтагъд дын мӕ бон дзуапп раттын нӕу, фӕлӕ ӕнӕмӕнг, ацы фарстыл ӕрдзурдзынӕн республикӕйы Хицауады Сӕрдаримӕ»

Нӕ Парламенты ӕнтыстытӕм ахӕсгӕ у, федералон закъонӕвӕрынадмӕ ахӕм ӕмбарынад «биоэтанол» хаст кӕй ӕрцыд, уый. Фӕахъаз уыдзӕн нӕ республикӕйы спъиртуадзӕг куыстуӕттӕн. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бафӕдзӕхста, цӕмӕй хъуыддагмӕ бардарӕг адӕймӕгтӕ ӕмӕ организацитӕ бавналой ног артаг уадзынӕн фадӕттӕ аразынмӕ. «Ӕнӕмӕнг, Парламент уыцы хъуыддагмӕ йӕ хъус дары, цавӕр ивддзинӕдтӕ дзы цӕуы?» — Алексей Мачневы дзуапмӕ гӕсгӕ, ӕцӕгдӕр, хъуыддагыл зӕрдиагӕй архайдтой, ӕнцонтӕй не ‘нтыст.

«Ӕппынӕдзух ӕм йӕ хъус дардта, цӕмӕй бантыса, ууыл архайдта Александр Хлопонин. Кӕд закъонӕвӕрынадон ивддзинад фидаргонд ӕрцыд, уӕддӕр ӕппӕт фарстытӕ алыг кӕнын Цӕгат Ирыстонмӕ нӕ хауы. Ацы къабазы бирӕ алыхуызон организацитӕ, ведомствӕтӕ, куыстуӕттӕ ис, уыдонӕй алчидӕр йӕхи хъуыддӕгты сӕраппонд архайы, хъуамӕ, фыццагдӕр, кӕрӕдзи бамбарой ӕмӕ сӕ архайд саразой артаджы ног хуызмӕ раивынмӕ. Ӕз зонын, нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, иннӕ бӕрнон адӕймӕгтӕ къӕрцхъус сты уавӕрмӕ, архайынц, цӕмӕй биоэтанол уадзыны хъуыддаг сырӕза», — фӕнысан кодта ныхасгӕнӕг.

Дзӕбӕхгӕнӕн хостӕй ифтонг кӕнын иунӕг организацийӕн бабар кӕныны тыххӕй документыл Парламенты рауад быцӕу ныхас, иутӕ разы нӕ уыдысты ахӕм фӕткимӕ. Парламенты Сӕрдар пресс-конференцийы архайджытӕн куыд загъта, афтӕмӕй закъоны проект фыццаг бакасты фӕстӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы ӕвзӕрст цыдис. Комитетты йӕм ногӕй кастысты, ӕрныхас-иу ыл кодтой алыхуызон ӕмбырдты, иумӕйагӕй Уӕрӕсейы закъӕттӕ нӕ къахыр кӕны. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Парламенты ӕмбырды сфидар кодтой. «Хъуыддаг йӕхи равдисдзӕн, кӕд дзӕбӕхгӕнӕн хостӕй ӕппӕт рынчындӕттӕ иунӕг организаци ифтонг кӕнынӕй ӕхца фӕстауӕрцгонд цӕуа, уӕд раст уынаффӕ у. Кӕд йӕ экономикон ахадындзинад нӕ равдисдзӕн, уӕд ӕм ногӕй ӕркӕсдзыстӕм», — загъта Алексей Мачнев.

Азӕй-азмӕ бӕстӕйы, нӕ республикӕйы фидаргонд цӕуынц ног закъӕттӕ, уӕддӕр се ‘ппӕт нӕ кусынц, цардыл нӕ зынынц. Парламенты Сӕрдары хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый у тынг ахсджиаг, хъуамӕ равзарой, 2-3 азы дӕргъы цы акттӕ сфидар кодтой, уыдоны куыстхъомдзинад, куыд сӕ пайда кӕнынц, кусынц ӕви нӕ, уый. Фӕстаг рӕстӕг федералон ӕмвӕзады ныхас цӕуы «снюс» (хъылма) уӕй кӕныныл, Уӕрӕсейы йӕ парахат кӕнынӕн цӕлхдуртӕ сӕвӕрыныл. Алексей Мачнев куыд загъта, афтӕмӕй иуӕй-иу регионтӕ сӕхӕдӕг сфидар кодтой «снюс»-ы ныхмӕ закъӕттӕ, федералон ахӕм закъон та нӕм нӕй.

Пресс-конференцийы ма ныхас рауад РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы комкоммӕ ӕвзарыны фӕткыл, хардзгонд энергион фӕрӕзтӕн фидыны, цӕрыны ӕппынкъаддӕры бӕрцы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл. Кӕронбӕттӕны Алексей Мачнев куыд загъта, афтӕмӕй Парламенты депутаттӕн, ӕппӕт кусджытӕн сӕйрагдӕр у се ‘взарджыты, республикӕйы раз бӕрнондзинад ӕнкъарын, уыдоны сӕраппонд архайын.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here