Цхинвалы уыд УФ-йы ӕдасдзинады федералон службӕйы хуссарирыстойнаг управленийы разамынд ӕмӕ службӕгӕнджыты уӕрӕх ӕмбырд. Фембӕлды архайдта ӕмӕ раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.
Республикӕйы Президент йӕ раныхасы куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ кад ӕмӕ радимӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ ахсджиаг хӕстӕ. «Кӕд рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ Гуырдзыстоны ‘рдыгӕй змӕнтӕн митӕ арӕзт ӕрцӕуы, уӕддӕр сымах ӕнӕаиппӕй хъахъхъӕнут республикӕйы паддзахадон арӕнтӕ», — фӕнысан кодта Бибылы-фырт.
Президенты ныхасмӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсейы арӕнхъахъхъӕнджыты архайд хорзӕрдӕм ахады Хуссар Ирыстоны мидбӕстон уавӕрыл. «ӕмӕ Ленингоры, кӕнӕ Знауыры районты паддзахадон арӕнмӕ ‘ввахс бынӕтты зӕрдӕхсайгӕ уавӕр куы сӕвзӕры, уӕд республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты минӕвӕртты фарсмӕ ӕнгом ӕрбалӕууынц уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ дӕр. Мах иумӕйаг хъарутӕй ӕрмӕст Республикӕ Хуссар Ирыстоны нӕ, фӕлӕ Уӕрӕсейы Федерацийы арӕнтӕ дӕр кӕй хъахъхъӕнӕм, уый дызӕрдыггаг нӕу», — загъта Президент.
Бибылты Анатоли арӕнхъахъхъӕнджытӕн сӕ зӕрдиаг архайды тыххӕй бузныг загъта ӕмӕ управленийы минӕвӕрттӕй иуы схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕрзиуӕгӕй.
(Информацион агентад “Рес”)














