Хорз у «Ирыстон»-ы улӕфын

0
264

Зноныккон нӕ дӕн ӕз, нӕуӕдз азы сӕрты ахызтӕн. Ферох мӕ ис, мӕ уарзон газет «Рӕстдзинад» кӕцы азӕй фӕстӕмӕ исын ӕмӕ кӕсын, уый. Хатгай мӕ уацхъуыдтӕ дӕр фӕзынынц йӕ фӕрстыл. Бузныг зӕгъын уый тыххӕй редакцийы кусджытӕн.

Абон мӕ цыбыр уацхъуыды Ирыстоны хистӕр фӕлтӕры номӕй мӕ зӕрды бузныджы ныхас зӕгъын ис санатори «Ирыстон»-ы урсхалатджынтӕн, сӕ сӕргъы сӕйраг дохтыр Зӕнджиаты Елизаветӕ, афтӕмӕй. Уымӕн дӕр ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Константин Мачяридисӕн, хайады сӕргълӕууӕг Мамсыраты Земфирӕйӕн, дохтыр Бутаты Наталяйӕн, медицинон хотӕ ӕмӕ иннӕтӕн дӕр стыр бузныг зӕгъын, санаторийы «уазджытӕн» балӕггад кӕныны тыххӕй сӕ удӕй арт кӕй цӕгъдынц, уый фӕдыл. Фыдӕлты загъдау, адӕймаджы бирӕ нӕ хъӕуы — уӕздан ныхас ын зӕгъ. Уыцы уӕздандзинад ис санаторийы урсхалатджынтӕй алкӕмӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕнусы бонтӕм уӕд. Уыцы ирон уӕздандзинад мӕхи цӕстӕй федтон, «Ирыстон»-ы мӕ фӕллад уадзгӕйӕ. Сӕ лӕгъз ныхас дӕр адӕймагӕн ӕвдадзы хос у.

Санаторийы «уазджытӕн» ис хорз уавӕртӕ. Ам хӕринаг цӕттӕ кӕнынц диетӕмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ цынӕ вӕййы фынгтыл дыргъӕй суанг йеугӕфы онг.

Уӕдӕ санаторийӕн йӕ ран дӕр дзӕнӕтон у, транспорты змӕлдӕй ӕддӕуӕз, сыгъдӕг уӕлдӕф, йӕ алыварс, сӕрдӕй, зымӕгӕй цъӕхӕй чи лӕууы, ахӕм наз ӕмӕ нӕзы бӕлӕстӕй хъӕд. Ис дзы тезгъогӕнӕн къахвӕндӕгтӕ, хиирхӕфсӕнтӕ, адӕймаг кӕм ӕрбада, ахӕм бынӕттӕ. Ам иу хатт чи фӕуа, уый ма, ӕнӕмӕнг, дыккаг хатт дӕр бафӕнддзӕн уым йӕ фӕллад суадзын.

Хъантемыраты Хъантемыр,

ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here