Рагон тулдз бӕлас

0
330

Цымӕ чи ӕмӕ кӕд ныссагъта ацы тулдз бӕлас? Чи зоны, йӕхӕдӕг ӕрзадис. Бӕлвырд дзуапп уымӕн ныр ничи ратдзӕн, уымӕн ӕмӕ йыл, ахуыргӕндты нымадмӕ гӕсгӕ, цӕуы 247 азы. Сӕрыстыр сты сӕ тулдз бӕласӕй ӕрыдойнӕгтӕ. Ӕрӕджы та йын саккаг кодтой статус «ӕрдзы цардӕгас цыртдзӕвӕн». Уый тыххӕй ӕрыдонмӕ ссыдысты уазджытӕ Мӕскуыйӕ.

Уӕрӕсейы Федерацийы Советы нацийы хъӕздыгдзинӕдтӕ бахъахъхъӕныны программӕйы координатор Владимир Зотов ӕмӕ ӕппӕтуӕрӕсеон программӕ «Бӕлӕстӕ — ӕрдзы цардӕгас цыртдзӕвӕнтӕ»-йы къамисы сӕрдар Сергей Пальчиков, стӕй иннӕ уазджытӕ дисы бацыдысты ӕрыдойнаг тулдз фенгӕйӕ. «Къамты куыд зыны, уымӕй ма ноджы егъаудӕр у», — загътой уыдон. Бӕрӕг куыд у , афтӕмӕй ахӕм карджын бӕлӕстӕ Цӕгат Ирыстоны ис ӕхсӕз.

Уӕрӕсейы алы регионтӕй сертификаттӕ дӕттӕн къамисмӕ ӕрбацыд 900 куырдиатӕй фылдӕр. Национ реестрмӕ бахастой 500 бӕласы бӕрц. Ӕрдзы цардӕгас цыртдзӕвӕнтыл банымадтой 216 бӕласы.

Ӕрыдойнаг бирӕазыккон тулдзы къалиутӕ хӕрдмӕ фӕцыдысты 22 метры, цӕмӕй йӕ зӕнгыл аххӕссай, уымӕн хъӕуы ӕхсӕз адӕймаджы. Дыууӕ ӕнусы сӕрты цы бӕлас ахызтис, уый рӕсугъддзинадыл уал азмӕ бацин кодтой дзӕвгар адӕм, йӕ сыфтӕрты аууоны сӕ фӕллад суагътой бирӕ бӕлццӕттӕ. Уал азы фӕстӕ ма абон дӕр фидар кӕм лӕууы, уыцы бынат бынӕттон цӕрджытӕ нымайынц табуйагыл. Саразынц дзы куывдтӕ, Хуыцаумӕ фӕкувынц ӕмӕ дзы фӕкурынц ӕнӕниздзинад.

Адӕм куыд дзурынц, афтӕмӕй-иу уӕззау рынчынтӕ дӕр сдзӕбӕх сты йӕ фӕрцы. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг знаджы нӕмгуытӕ алырдыгӕй куы рӕмыгътой, уӕд дӕр, дам, нӕ тулдз бӕлас сӕрыстырӕй лӕууыд, йӕ къалиутӕй иуыл дӕр нӕмыг нӕ сӕмбӕлд. Алфамбылай цӕрджытӕ бӕстон зилынц ацы бынатмӕ. Ныр та ма тулдзы фарсмӕ сӕвӕрдтой, тулдз паддзахады ‘рдыгӕй хъахъхъӕд кӕй цӕуы ӕмӕ йын кадджын статус кӕй радтой, уый тыххӕй ӕвдисӕндар. «Нӕ алыварс ӕрдзон хӕзнатӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй, буцгӕнинаг сты махӕн. Ацы рагон тулдз бӕлас нын нӕ фыдӕлтӕй баззад, махӕн та нӕ хӕс у фидӕны фӕлтӕртӕн ӕй бахъахъхъӕнын”, — зӕгъы ӕрыдоны районы сӕргълӕууӕг Тотраты Владислав.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here