Хохӕй быдырмӕ — ног фӕндӕгтӕ

0
521

Национ проект «ӕдас ӕмӕ хӕрзвадат автомобилон фӕндӕгтӕ» ныр дыккаг аз ӕнтыстджынӕй царды уагъд цӕуы. 2024 азы онг ацы проекты бындурыл арӕзт ӕмӕ цалцӕггонд цӕудзысты фӕндӕгтӕ, хидтӕ, аив кӕндзысты нӕ горӕтты ӕмӕ хъӕуты уынгтӕ ӕмӕ фӕзтӕ.

Регионалон проект «Фӕндаджы хыз» 2019 азы фадат радта регионалон ӕмӕ муниципалон нысаниуӕг кӕмӕн ис, уыцы фӕндӕгты ӕхсӕз километрӕй фылдӕр сцалцӕг кӕнынӕн.

РЦИ-Аланийы Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты сӕрдар Солиты Тариэлы ныхасмӕ гӕсгӕ, национ проекты бындурыл 2020 азы республикӕйы фӕндӕгтыл, ивгъуыд рӕстӕгимӕ абаргӕйӕ, 10 хатты фылдӕр куыстытӕ бакӕндзысты.

Зӕгъӕм, Алагиры районы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ фӕндӕгтыл цӕудзысты 5,143 километры, фӕндаг бӕтты ӕртӕ хъӕуы — Дзуарыхъӕу, Фыййагдон ӕмӕ Хилаг. 2,5 километры бӕрц фӕндаджы уаццаг та — Суадагӕй Ногхъӕумӕ.

Ног хуызы раивдзӕн Хъӕдгӕрон ӕмӕ Бирӕгъзӕнджы ‘хсӕн фӕндаг. Автомобилон фӕндаг «Дзуарыхъӕу — Ӕрхонкӕйы станицӕ»-йы 5,23 километры дӕр цӕудзӕн цалцӕггонд. Ацы фӕндаг бӕтты Алагиры ӕмӕ Горӕтгӕрон районтӕ.

Дарддӕр хорзӕрдӕм ивддзинӕдтӕ цӕудзӕн Карцайы фӕндагыл, Спутникы поселокӕй Октябрыхъӕуы онг, 4,354 километры бӕрц цалцӕггонд ӕрцӕудзӕн Октябрыхъӕууӕй Тарскӕмӕ фӕндаджы хай.

Автомобилон фӕндаг «Джызӕл-Хъӕрмӕдон-Дӕргъӕвс-Дзуарыхъӕуы» 29,8 — 31,2 километры хаймӕ дӕр хӕстӕгдӕр рӕстӕг базилдзысты. Ноджы лӕгъздӕр ӕмӕ ӕнцонвадатджындӕр фӕуыдзӕн, Дзӕуджыхъӕуӕй Мӕздӕгмӕ Черменыхъӕуыл цы фӕндаг цӕуы, уый хай, ӕдӕппӕтӕй фондз километры. Адӕмы удӕнцойдзинадыл хъуыды кӕнгӕйӕ, бирӕвӕрсыг куыстытӕ цӕудзысты Мӕздӕджы районы фӕндӕгтыл. Фӕндагаразджытӕ базилдзысты 8,9 километрмӕ. Стъарапол-Прохладный-Мӕздӕг-Хъызлар-Крайновкӕ»-мӕ автомобилон фӕндагыл. 2019 азы райдыдтой цалцӕг кӕнын автомобилон фӕндаг «Мӕздӕг-Чермен-Дзӕуджыхъӕу»-ы 1,5 километрӕй 2,2 километры онг. Рахизфарсы районы, Раздзоджы хъӕумӕ бацӕуӕнтӕ сфидаудзысты ног цалцӕггонд дыууӕ километры фӕндагӕй. 1,3 километры бӕрц фӕндаджы хай та сцалцӕг кӕндзысты Мичуринӕй Фарны хъӕумӕ цӕуӕг фӕндагыл. Ацы аз Олгинскӕйы хъӕу бӕрӕг кӕндзӕн юбилей, уымӕ гӕсгӕ, автомобилон фӕндаг «Кавказ»-ы 4,5 километры цалцӕггӕнӕн куыстытӕ цӕудзысты хъӕуы астӕу цӕуӕг фӕндагыл. Ӕрхонкӕйы станицӕйӕ БМК-йыл Хуымӕллӕгмӕ цы фӕндаг цӕуы, уым дӕр бавналдзысты цалцӕггӕнӕн куыстытӕм.

Ӕрыдоны районы райдайдзысты, Ӕрыдонӕй Красногормӕ цы фӕндаг цӕуы, уымӕй фондз километры сцалцӕг кӕнынмӕ. Ӕхсызгондзинад сӕмбӕлдзӕн Кировы районы Ираны хъӕуы цӕрджытыл дӕр, сӕ хъӕумӕ бацӕуӕн фӕндаг дыууӕ километры бӕрц ног асфальтӕй ӕмбӕрзт ӕрцӕудзӕн.

Комитеты сӕрдар куыд зӕгъы, афтӕмӕй ӕппӕт ацы объекттӕ аразӕг подрядон куыстуӕттимӕ ныридӕгӕн бадзырдтӕ бафыстой.

Цалцӕггӕнӕн ӕмӕ арӕзтадон куыстытӕ цӕмӕй ӕнӕкъуылымпыйӕ ӕмӕ афойнадыл райдайой, ууыл архайынц. Ӕрдзон уавӕртӕм у каст ӕрмӕстдӕр.

ГУГКАТЫ Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here