Ацӕргӕ адӕймагыл баузӕлдысты

0
195

Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитеты сӕрдар Александр БАСТРЫКИН Бетъырбухы слестгӕнӕн оргӕнтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сбӕлвырд кӕной, Ленинграды ӕрхъулайы рӕстӕг фыдбонтӕ чи бавзӕрста, уыцы зӕронд усы бартӕ ӕвдисӕг документтӕ.

Ныхас цӕуы II къорды инвалид, Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг 101-аздзыд Александрӕ Левченкойы хъысмӕтыл. Сылгоймаг, йӕхи ныхасмӕ гӕсгӕ, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг цардис Ленинграды, ӕмбӕлы йын сӕрмагонд статус раттын. Фӕлӕ, хъыгагӕн, йӕ къухы ӕппындӕр ницы ӕвдисӕндар ис. Йе ‘ппӕт документтӕ дӕр фесӕфта. Тӕрхондонмӕ балӕвӕрдтой уавӕр равзарынмӕ, фӕлӕ уым дӕр хъӕуы удӕгас ӕвдисӕнтӕ, ӕцӕгӕйдӕр ӕрхъулайы рӕстӕг Ленинграды цард ӕви нӕ, уымӕн. Йӕ мӕгуыры ӕдде ма зӕронд усыл сайдӕй рацыдысты йӕ хӕстӕджытӕ, ӕмӕ йӕ йӕ фатерӕй рарвыстой, — ӕнӕрхъуыдыйӕ йӕ къух сӕвӕрдта документтыл.

Ныртӕккӕ Александрӕйы суазӕг кодтой бынтон ӕцӕгӕлон адӕм. Хи ныййарӕгау ӕм зилынц, йӕ зӕронды бонтӕ рӕвдыдӕй ӕрвиты.

Мах ныхас кодтам РЦИ-Аланийы фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министры хӕдивӕг Айдараты Алинӕимӕ.

— 2016 азы нӕм ӕрбацыд Александрӕ Левченкойы хӕрзаудӕг Рамиз Алиев. Куы нын бамбарын кодта, уавӕр къуырцдзӕвӕнмӕ кӕй бацыд, уый, уӕд мах уайтагъд архайын райдыдтам, цӕмӕй мӕгуыр сылгоймаг ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ма ‘рцӕуа. Фыццаджыдӕр, цӕмӕй йын йӕ статус сбӕлвырд кӕнӕм, уый тыххӕй куырдиат арвыстам Бетъырбухы Центрон районмӕ, кӕд, мыййаг, архивты ӕфснайд ӕрцыдысты ӕвдисӕндартӕ, Александрӕ 40-ӕм азты Ленинграды кӕй цард, уый тыххӕй. Хъыгагӕн нӕм сӕрвыстой, уыцы азты сӕ горӕты Александрӕ Ражева-Левченко кӕй нӕ цардис, ахӕм дзуапп. Архивон чингуыты дӕр никуы ницы фыст ӕрцыдис.

Кӕд сӕрмагонд статус ӕнӕ хъӕугӕ ӕвдисӕндарӕй раттӕн нӕй, уӕддӕр министрадӕн ис ӕнгом бастдзинад Александрӕ ӕмӕ йӕ ӕххуысгӕнӕг Рамизимӕ.

Ӕххуысы хуызы йын радтам ӕхца, стӕй коляскӕ, ӕхсӕнадон палатӕйы архайдӕй йын скодтой ног аразгӕ дӕндӕгтӕ. Уӕдӕ йын республикӕйы Сӕргълӕууӕджы резервон фондӕй ивгъуыд аз радих кодтой 100 мин сомы. Бирӕ азты ма цӕрӕд зӕрдӕрухсӕй, — радзырдта нын министры хӕдивӕг.

ГУГКАТЫ Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here