Хъӕбатыры кадӕн

0
292

Дзӕуджыхъӕуы арӕзт ӕрцыди ӕппӕтуӕрӕсеон акци «Хъӕбатырты уынг». Архайдтой дзы Советон Цӕдисы Хъӕбатыр Остъаты Алексейы номыл 25-ӕм скъолайы ахуырдзаутӕ.

Сывӕллӕттӕ адӕмӕн уынджы байуӕрстой, Остъайы-фырты сгуыхтдзинӕдтӕ фыст кӕм уыдысты, ахӕм сыфтӕ сӕдӕйӕ фылдӕр.

Ирӕттӕй лӕгдзинад  равдисыны тыххӕй Советон Цӕдисы Хъӕбатыры кадджын ном ӕппӕтӕй раздӕр радтой 58-ӕм  бомбӕппарӕг авиацион полчъы хистӕр тӕхӕг Остъаты Егоры фырт Алексейӕн.  ӕвзыгъд тӕхӕг архайдта Белорусси  ӕмӕ Мӕскуымӕ ‘ввахс карз хӕстыты. Хӕстон хӕслӕвӕрдӕй  ӕрбацӕйздӕхгӕйӕ, Остъаты Алексей фӕмард 1942 азы 7 январы.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы кадӕн арӕзт акцитӕ  ма ноджыдӕр арӕзт цӕудзысты хӕстон намысы горӕт Дзӕуджыхъӕуы.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here