Хетӕгкаты Къостайы номыл Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты байгом XVI-ӕм регионалон наукон-практикон конференци «Колмогоровские чтения».
Конференцийы архайджытӕн арфӕйы ныхӕстӕ загътой РЦИ-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министры хӕдивӕг Алыккаты Алан, Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан, Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Сӕлбиты Зитӕ ӕмӕ иннӕтӕ.
— Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башаринайы номӕй арфӕ кӕнын уе ‘ппӕтӕн дӕр. Республикӕйы хицауад стыр ӕргом здахы математикон ахуырады райрӕзтмӕ, уый тыххӕй нӕм ис сӕрмагонд программӕ дӕр. Фӕстаг рӕстӕг куыст цӕуы физикон, химион ӕмӕ биологон ахуырадты райрӕзтыл дӕр. Бузныг Дзӕуджыхъӕуккаг наукон центрӕн, уый у амидингӕнӕг ӕппӕт наукон куыстытӕн дӕр. Йӕ коллектив аразы бирӕ алыхуызон мадзӕлттӕ, цӕмӕй скъоладзаутӕ сӕхи наукӕйы алы къабӕзты фӕлварой, — загъта РЦИ-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министры хӕдивӕг.
Конференци цӕудзӕн 27 февралӕй 2 мартъимӕ. Арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы Наукӕйы боны кадӕн. Залмӕ сывӕллӕттӕй къух бакӕнӕн нӕ уыд. Уый у тынг ӕхсызгон хъуыддаг. Фыццаджыдӕр, ахуырдзаутӕ сӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы кӕй нӕ сафынц, уымӕй, дыккагӕй та, наукӕмӕ ахӕм зӕрдӕргъӕвд кӕй сты, уымӕй. Кӕд нырма ацы хъуыддаджы фыццаг къахдзӕфтӕ кӕнынц, уӕддӕр сӕ иртасӕн куыстытӕ рауадысты цымыдисаг ӕмӕ мидисджын.
Фыццаг хатт Уӕрӕсейы наукӕты академийы Дзӕуджыхъӕуккаг наукон центр ахӕм конференци Цӕгат Ирыстоны сарӕзта 2003 азы XX ӕнусы зындгонддӕр математик Андрей Колмогоровы кадӕн. Регионалон наукон-практикон конференци «Колмогоровские чтения» (Мӕскуы, МПУ) у ахуырдзауты ӕппӕтдунеон наукон конференцийы регионалон къӕпхӕн. Бацӕттӕ йӕ кодтой: Уӕрӕсейы наукӕты академийы Дзӕуджыхъӕуккаг наукон центр, Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет, Цӕгат Ирыстоны ахуырады кусджыты зонындзинӕдтӕ фылдӕргӕнӕн республикон институт ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы математикон иудадзыгон ахуырады центр.
Куыдзиаты Цио у Дзӕуджыхъӕуы 50-ӕм скъолайы 10-ӕм къласы ахуыргӕнинаг. Конференцийы архайы йӕ наукон-иртасӕн куыстимӕ «Решение нестандартных уравнений и систем уравнений высших степеней с помощью степенных сумм». Йӕ наукон разамонӕг у 50-ӕм скъолайы математикӕйы ахуыргӕнӕг Гъуцъунаты Ритӕ.
Цио куыд зӕгъы, афтӕмӕй наукон конференцийы архайын у цымыдисаг ӕмӕ йын ӕххуыс у йӕ зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕнынӕн. Дарддӕр ын ӕнцондӕр архайӕн уыдзӕн алыхуызон олимпиадӕты.
Аликӕ Кальянова у ӕрхонкӕйы станицӕйы 2-ӕм скъолайы ахуырдзау. Аликӕйы иртасӕн куыст у: «Химический состав табачного дыма и его вредное воздействие на живые организмы».
— Тамако дымын ныртӕккӕйы рӕстӕг у ӕхсӕнады ахсджиагдӕр проблемӕтӕй иу. Хъыгагӕн, рӕзгӕ фӕлтӕры ‘хсӕн фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, тамако чи дымы, уыдон. Ӕмӕ мӕн бафӕндыд, уыцы хъуыддагимӕ тох кӕнын, — радзырдта Аликӕ.
Конференци арӕзт цӕуы РЦИ-Аланийы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады хъӕппӕрисӕй. Йӕ сӕйрагдӕр хӕс у, наукӕ ӕмӕ сфӕлдыстадмӕ ӕмхиц курдиатджын ахуырдзауты рабӕрӕг кӕнын, наукӕ ӕмӕ математикон иудадзыгон ахуырады системӕ райрӕзын кӕнын; ахуыргӕнджыты наукон-методикон зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад сфӕлдыстадон архайды фӕфылдӕр кӕнын.
Хъойбайты Галинӕ
Къамтӕ систа Къӕбысты Харитон