Кӕй кой ракӕндзыстӕм, уыцы алагираг лӕппутӕ философон ӕмӕ социалон-политикон ахуырад «марксизм»-ӕн ницы зыдтой. Йӕ бындурӕвӕрӕг Карл Маркс (1818-1883) кӕй у, уый та хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Ӕртӕ лӕппуйӕ иумӕ дӕр ӕгӕр-мӕгуыр ӕххӕст астӕуккаг ахуырад дӕр нӕ уыд. Уӕддӕр сӕ ӕнӕхъӕн Алагир «марксисттӕ» хуыдтой, ӕмӕ ацы ном лӕппутӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй фӕхастой сӕ амӕлӕты онг. Фӕсномыг «марксисттӕ» сыл куыдӕй сбадт, уый фӕдыл та нӕ фӕнды бӕлвырд радзурын.
Цӕвиттон, 1953 азы 5 мартъийы нӕ цытджын фӕтӕг И.В.Сталин куы амард, уӕд уыцы сау хабар алы советон адӕймаг дӕр, фӕнды чысыл уыдаид, фӕнды — кардзыд, йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг айста, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, банымадта йӕ йӕхи сӕрмагонд трагедийыл. Хъуыды ма кӕнын, 5 мартъийы райсомӕй куы ‘рцыдыстӕм Црауы астӕуккаг скъоламӕ, уӕд нӕм ахуыртӕ нӕ уыд: ӕппӕт кълӕсты дӕр ӕрӕмбырд кодтой физкультурон залмӕ. Ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ ӕмхуызонӕй куыдтой, дзынӕзтой нӕ фӕтӕджы зианы фӕдыл.
Фӕстӕдӕр сылгоймаг ахуыргӕнджытӕ дыууӕйӕ, кӕугӕйӕ, И.В.Сталины сурӕт ӕрбахастой залмӕ. Абоны хуызӕн ӕй хъуыды кӕнын: йӕ кӕрӕттыл уыдис сау зӕлдаг хъуымац нывӕст, ӕмӕ сывӕллӕттӕ фӕтӕджы ныв куы ауыдтой, уӕд уыцы-иу ӕмбу ныккодтой. Бирӕтӕ, сау цӕссыг згъалгӕйӕ, хӕкъуырццӕй куыдтой, сӕ басабыр кӕныныл та ничи архайдта. Уымӕн ӕмӕ уӕд афтӕ ӕмбӕлд. Сывӕллонӕй хистӕр кары онг алкӕмӕдӕр афтӕ каст, цыма дуне рафӕлдӕхт, цыма ӕнӕ нӕ цытджын фӕтӕгӕй дарддӕр цӕрын нӕ базондзыстӕм, ӕмӕ нӕ не знӕгтӕ сӕ къӕхты бын ныккӕндзысты.
Раст куы зӕгъӕм, уӕд хуымӕтӕг дзыллӕтӕ И.В. Сталины мардыл хуымӕтӕджы нӕ фӕрыстысты. Бирӕтӕ дзы райгуырдысты ӕмӕ схъомыл сты йӕ рӕстӕджы. Йӕ номимӕ баст цыдысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты уӕлахизтӕ, фондзазонты стыр арӕзтӕдтӕ ӕмӕ фӕллойадон бирӕ ӕнтыстытӕ. Уымӕн ӕмӕ партийы Центрон Комитеты идеологи афтӕ амыдта. Уӕды рӕстӕджы сывӕллӕттӕ хъомыл кодтой фӕтӕгмӕ уарзондзинад ӕвзӕрын кӕныны ӕнкъарӕнтыл. Суанг сывӕллӕттӕн фыст ӕмдзӕвгӕты дӕр бакӕсӕн уыдис Сталинӕй ӕппӕлӕн ныхӕстӕ.Зӕгъӕм, Боциты Барон фыста:
Мах — бабайы хуртӕ,
Сталин у нӕ фыд.
Сау сӕртӕ ӕмӕ буртӕн
Уый радта рӕвдыд.
Уӕдӕ ивгъуыд ӕнусы 50-ӕм азты ӕмӕ уымӕй раздӕр, чысыл чызджытӕй аив дзурын чи нӕ зыдта мӕнӕ ацы рӕнхъытӕ:
Я маленькая девочка,
Играю и пою.
Я Сталина не видела,
Но я его люблю.
Нӕ бӕстӕйы историйы советон дуджы ацы сыфтӕ мӕ фӕлдахын уый тыххӕй бахъуыд, ӕмӕ Никитӕ Хрущев (1956 азы 25 февралы) СЦКП-йы XX съезды доклад скодта: «Иу адӕймаджы цыт ӕмӕ йӕ фӕстиуджыты тыххӕй». Кӕд ӕнаххос адӕмы фехсыны тыххӕй зылын кодта Сталины, уӕд уыцы бардзырдтӕ комкоммӕ ӕххӕстгӕнӕг та уыдис йӕхӕдӕг дӕр. Съезды фӕстӕ ма 9 азы Сталины мард уыдис Ленины фарсмӕ мавзолейы. Ивгъуыд ӕнусы 60-ӕм азты райдайӕнӕй фӕстӕмӕ та Сталины цыртдзӕвӕнтӕ ист цыдысты бӕстӕйы алы горӕтты.
Иу ахӕм статуя — Сталин цинел ӕмӕ цырыхъхъыты — лӕууыд горӕт Алагиры кинотеатр «Комсомолец»-ӕй чысыл фалдӕр, ныртӕккӕ автобусы ӕрлӕууӕн бынат кӕм ис, уырдӕм ӕввахс. Фӕлӕ йыл алагирӕгты цӕст иу райсом нал ӕрхӕцыд. Цы фӕцис, зӕгъгӕ, горӕты цӕрджытӕ кӕрӕдзийы фарстой, ӕмӕ, дам, райкомы бӕрнон кусджыты амындӕй Сталины статуя дысон ист ӕрцыд.
Ныр та Карл Марксы бюст лӕууыд Сталины бынаты. Уый хуымӕтӕджы хъыг нӕ уыдис горӕты цӕрджытӕн. Уӕлдай хӕстӕгдӕр та йӕ алагираг ӕртӕ ӕрыгон лӕппуйы айстой сӕ зӕрдӕтӕм, фӕтӕджы ном сын зынаргъ кӕй уыд, уый тыххӕй. «Дасгӕ уӕддӕр ныккодтаиккой сӕ Марксы», — загъта сӕ иу. «Кӕд ам ирон(!?) лӕгӕн бынат нӕй, уӕд дзы немыцаг лӕгӕн та бынат хъуамӕ ӕппындӕр ма уа», — загъта дыккаг, ӕмӕ ууыл ӕртӕйӕ дӕр сразы сты. Фӕлӕ абон юридикон ӕгъдауӕй махӕн нӕ бон нӕу уыдон номӕй-номмӕ бацамонын. Уымӕн ӕмӕ ацы цауӕй фӕстӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд, стӕй сӕ иу дӕр ӕгас нӕу.
Алагиры хистӕр кары цӕрджытӕй куыд ӕрыхъуыстон, афтӕмӕй, уыцы ‘хсӕв горӕты уынгты цӕуӕг куы нал уыд, уӕд ӕртӕ лӕппуйы бӕндӕн баппӕрстой Марксы хъуырыл, ӕмхуызонӕй йыл рахӕцыдысты, ӕмӕ уый ӕнцонӕй рахауд, йӕ бындурыл фидаргонд кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй.
Дыккаг бон алагирӕгтӕ ӕмбырдтӕ кодтой Карл Марксы фӕлдӕхт бюсты алыварс. Ӕнахуыр цау куыд ӕгъдауӕй ӕрцыд, уый сӕм диссаг фӕкаст, ӕмӕ тӕрхӕттӕ кодтой. Дзурынц, зӕгъгӕ, уыцы бон карджын алагираг лӕг фӕцӕйцыд йӕ рӕзты ӕмӕ загъта: «Сосо (Сталин) ацы ран бирӕ азты куы фӕлӕууыд, уӕд дзы ацы хъуынджын лӕг иу ӕхсӕв дӕр куыд нӕ бафӕрӕзта?»
Нӕ ныхас ам нӕ фӕуд кӕнӕм. Советон рӕстӕджы ахӕм цау стыр фыдракӕндыл нымад уыди. Алагиры районы милицӕйы хайады кусджытӕ уырдыг слӕууыдысты, боныгон цырагъы рухсмӕ архайдтой фыдракӕнды фӕдтӕ ссарыныл, фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы… Бынтон ӕрӕджиау лӕппутӕ, рестораны бадгӕйӕ, «хъӕбӕрӕй» сӕхимӕ куы фӕкастысты, уӕд кӕмӕндӕрты радзырдтой се «сгуыхтдзинад»-ы тыххӕй, ӕмӕ сӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ уайтагъддӕр рацахстой. Алагиры районы адӕмон тӕрхондон алкӕмӕндӕр рахаста ӕртӕ азы ахӕстоны фӕбадыны тӕрхон. Уыдон хъаст балӕвӕрдтой Цӕгат Ирыстоны Сӕйраг тӕрхондонмӕ, ӕмӕ сын уый ноджыдӕр ма ӕртыгай азтӕ бафтыдта.
Фӕстӕдӕр лӕппутӕ ахӕстонӕй куы рауӕгъд сты, уӕд сӕ алагирӕгтӕ фӕсномыгӕй «марксисттӕ» хонын райдыдтой. Абон кӕд не ‘хсӕн нал сты, уӕддӕр сӕ кой арӕх рацӕуы горӕты хистӕр кары цӕрджыты ныхасы.
Тохсырты Къоста














