Ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты цӕгатирыстойнаг активисттӕ нӕ республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн бафӕдзӕхстой, Горӕтгӕрон районы Дӕргъӕвсы фелсырон-акушерон кусӕндоны арӕзтады цы аиппытӕ ӕруагъдӕуыд, уыдон аиуварс кӕнын.
Медицинон объекты алыварс тротуарон къӕйдуртӕ хъӕндзинӕдтимӕ ӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты, стӕй процедурон ӕмӕ прививкӕгӕнӕн кусӕнуӕтты къултыл кафел-къӕйтӕй сӕрмагонд уӕлцъар кӕй нӕй, уый тыххӕй министрадмӕ бахъаст кӕнын бахъуыд. Ӕхсӕнадон организацийы уӕнгтӕ аиппытӕ раргом кодтой цӕстдарӕн рейды рӕстӕг.
Адӕмон фронты эксперттӕ журналисттимӕ сбӕрӕг кодтой, республикӕйы зынвадат хъӕуты фелсырон-акушерон кусӕндӕттӕ куыд аразынц, уый. Ныртӕккӕ Горӕтгӕрон районы Куырттат ӕмӕ Дӕргъӕвсы арӕзтадон куыстытӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц.
— Куырттаты фелсырон-акушерон кусӕндон рӕхджы байгом уыдзӕн. Ацы бӕстыхайы алыварс аивгонд у. Арӕзтадон куыстытӕ дзы конд ӕрцыдысты хорз, Дӕргъӕвсы медицинон кусӕндоны арӕзтад та рафауинаг у. Дыууӕ объекты дӕр кӕд уыцы-иу рӕстӕг аразын райдыдтой, уӕддӕр Дӕргъӕвсы фелсырон-акушерон кусӕндоны алыварс ныронг аивгонд нӕма у. Сӕрмагонд транспортӕн дзы лӕууӕн бынӕттӕ нӕ сарӕзтой, кӕрты ӕвӕрд къӕйдуртӕ бирӕ рӕтты змӕлынц. Процедурон ӕмӕ прививкӕгӕнӕн кусӕнуӕтты къултыл кафел-къӕйты бӕсты сӕвӕрдтой гипсокартон. Ӕрвылбон ӕй сыгъдӕг кӕнын хъӕуы сӕрмагонд тӕнгъӕдӕй, ӕмӕ сын ахӕм фадат нӕй, — зӕгъы Адӕмон фронты регионалон штабы уӕнг Гӕлиты Клим.
Ӕхсӕнадон организацийы уӕнгтӕ цы фиппаинӕгтӕ ӕрӕмбырд кодтой, уыдон барвыстой Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадмӕ.
Бӕдтиаты Оксанӕ














