Дунеон акци «Номарӕн дыргъдон»-ы фӕлгӕты 89934 талайы ныссадздзысты Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ сараздзысты Хъӕбатырты аллей. Талатӕ нысан кӕндзысты, Цӕгат Ирыстонӕй Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты чи архайдта, уыцы ӕппӕт хӕстонты рухс нӕмттӕ. Уыимӕ, алы бӕлас дӕр ном арыны ӕмӕ арфӕ кӕныны нысан уыдзӕн сабыр цӕрӕг фӕлтӕртӕн. Сӕйраг мадзал ацӕудзӕн 18 мартъийы. Уыцы бон арӕзт ӕрцӕудзӕн Хъӕбатырты аллей дӕр 79 талайӕ — Цӕгат Ирыстонӕй Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ӕппӕт Хъӕбатырты нӕмттӕ мысынӕн.
Дунеон акци «Номарӕн дыргъдон» Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы кадӕн аразынц ӕппӕтуӕрӕсеон ӕхсӕнадон змӕлд «Уӕлахизы бархионтӕ», Уӕлахизы ӕфсадхонты мысӕн фонды, Уӕрӕсейы Федерацийы ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрады, Хъӕды хӕдзарады федералон агентады ӕмӕ федералон паддзахадон бюджетон кусӕндон «Рослесинфорг»-ы ӕххуысӕй.
2020 азы 18 мартъийӕ 22 июнмӕ бӕстӕйы пълангонд цӕуы 27 милуан бӕласы ныссадзын, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты чи фӕмард, уыдоны мысынӕн.
Цӕгат Ирыстоны майы кӕронмӕ канд цӕрӕн бынӕтты нӕ, фӕлӕ ма республикӕйы хъӕды фӕзуӕтты дӕр пълангонд цӕуы алыхуызон талатӕ 89934 ныссадзын. Ацы мадзалы архайдзысты алыхуызон ведомствӕты кусджытӕ, бархионтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон организацитӕ, Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ, студенттӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ. Сӕ бон дзы архайын уыдзӕн, кӕй фӕнда, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр.
Акци «Номарӕн дыргъдон» у Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты ном мысынӕн аргъ кӕныны хуыз, чи сӕ хъуыды кӕны, уыцы граждӕнты патриотон тырнындзинад, хӕстӕй чи нал сыздӕхт, уыдоны ном сӕнусон кӕнынмӕ аккаг ӕвӕрӕн бахӕссыны мадзал. Йӕ сӕйраг нысан та у, уӕрӕсейӕгты иудзинад ныффидар кӕнын бӕлӕстӕ садзыны зынгӕ социалон проекты архайыны руаджы, цӕрджыты, ӕхсӕнадон ӕмӕ бархион организациты граждайнаг тыхтӕ баиу кӕнын.
РЦИ-Аланийы ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрады пресс-службӕ














