Дон — нӕ хъӕздыгдзинад

0
281

Алфамбылай ӕрдз хъахъхъӕнын ӕмӕ ӕрдзон фӕрӕзтӕй хӕдзардзинӕй пайда кӕнын сты нырыккон царды ахъаззагдӕр фарстытӕ. Цас сӕ арӕхстджындӕрӕй лыг кӕнӕм, уымӕй бирӕ аразгӕ у абоны ӕмӕ фидӕны фӕлтӕрты фӕрныг цард.

Уавӕр, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, афтӕ у, ӕмӕ, нӕ алфамбылай ӕрдзон фӕрӕзтыл нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд удӕгас организмтӕ ӕмӕ зайӕгойты дунейӕн дӕр дон у ӕппӕты ахсджиагдӕр. Уӕлдай стырдӕр бынат та нуазыны дон ахсы нӕ царды. Уымӕй мах пайда кӕнӕм электрон тых кусгӕйӕ, нефт амал кӕнгӕйӕ, бахъӕуы нӕ ӕфсӕйнаджы, цӕнгӕты, гӕххӕтты ӕмӕ алыхуызон химион буаргъӕдты куыстады, суанг ма ифтонггӕрзтӕ уазал кӕнынӕн дӕр бӕззы. Зӕгъӕм, иу тоннӕ ӕндон атайын кӕнынӕн дон хардз кӕнын бахъӕуы 1500 кубометры. Хъӕууон хӕдзарады та нартхоры иу гектарыл, ӕфсир ӕфтауыны рӕстӕг, хардзгонд ӕрцӕуы 3 мин тоннӕйы дон.

Бӕстӕйы адӕмон хӕдзарады ӕндӕр къабӕзты не стырдӕр хъӕздыгдзинадӕй куыд пайда кӕнӕм, уый тыххӕй дӕнцӕгтӕ нал хӕсдзыстӕм, зӕгъын та нӕ фӕнды: ныртӕккӕ нуазыны дон фаг нӕй дунейы бирӕ бӕстӕты, планетӕйы иу ӕртыккӕгӕм хай та ӕййафы донхъуаг. Зӕгъӕм, Гонконгы цӕрджытӕ сты 4 милуан адӕймаджы ӕмӕ дон сӕрмагонд хӕтӕлтыл исынц Китайӕ. Уӕдӕ ма йӕ ардӕм ласынц сӕрмагонд танкерты дӕр. Ӕдзухдӕр донӕй «ӕххормаг» ӕййафы ахӕм стыр горӕт, куыд Токио. Паддзахад Алжиры хицӕн рӕтты та цӕрынц ӕрмӕстдӕр ласгӕ донӕй.

Ай-гъай, ӕрхӕссӕн ма ис, дон кадавар кӕм у, ӕндӕр ахӕм бӕстӕтӕ дӕр. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады дунеон организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй планетӕйы 3 миллиард цӕрӕджы пайда кӕнынц, хӕрзхъӕд чи нӕу, ахӕм донӕй. Уый аххосӕй дунейы цӕрджыты 25 процентӕн тӕссаг у, куы фӕрынчын уой, уымӕй. Планетӕйы алы дӕсӕм цӕрӕг дӕр рынчын у, чи нӕ бӕззы, ахӕм дон кӕй нуазы, уый тыххӕй. Цыппар милуан сывӕллоны ӕмӕ 18 мин карджын цӕрӕджы та ӕрвылаз сӕ адзал ссарынц ӕвзӕр нуазыны доны азарӕй.

Ахуыргӕндтӕ куыд нымайынц, афтӕмӕй нуазыны дон ӕхсызгондӕр хъӕуын райдыдта фӕстаг азты. Зӕгъӕм, нырыккон горӕтты алы цӕрӕджы хыгъдмӕ дӕр хардзгонд цӕуы 200 литрӕй 500 литры онг. Промышленносты цас хъӕуы, уый ма йӕм куы бафтауӕм, уӕд — 700 литрӕй фылдӕр. Фӕлӕ нӕ республикӕйы цӕрджытӕн донхъуагӕй тӕссаг нӕу. Ӕрдз махӕн балӕвар кодта ӕмбисонды доны фӕрӕзтӕ. Нӕ республикӕйы цы 70 стыр ӕмӕ чысыл цӕугӕдоны ис, уыдоныл рӕстӕмбис нымадӕй афӕдзмӕ акӕлы 13 миллиард кубометры дон. Уымӕй уӕлдай нуазыны сыгъдӕг дон бирӕ ис дӕлзӕххон ӕнӕбын ӕвӕрӕнты ӕмӕ хӕххон цъититы дӕр.

Хъыгагӕн, мах нӕ сахуыр стӕм доны фӕрӕзтӕй ӕмбӕлгӕ хуызы пайда кӕныныл. Ӕдзухдӕр ӕй ӕнӕвгъауӕй калӕм, йӕ амал кӕныныл дзӕвгар материалон фӕрӕзтӕ хардзгонд кӕй ӕрцӕуы, уый та нӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕ вӕййы. Нӕ республикӕйы горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты донуадзӕнтӕ кӕй базӕронд сты, уый тыххӕй арӕх доны ӕлхъывдадӕй хӕтӕлтӕ арӕмудзынц ӕмӕ дон анхъӕвзы уынгты. Уӕдӕ промышленнон куыстуӕттӕ, уӕлдайдӕр металлургон, водкӕ ӕмӕ спъирты заводтӕ чысыл нӕ чъизи кӕнынц нӕ республикӕйы цӕугӕдӕтты. Уымӕ гӕсгӕ нӕ абон хуыздӕр цӕстӕнгас аздахын хъӕуы, махӕн ӕрвылбон цард чи дӕтты, ӕмӕ нӕ ӕдзухдӕр тыхсын чи нӕ уадзы, уыцы сыгъдӕг нуазыны донӕй хӕдзардзинӕй пайда кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ чъизи кӕнынӕй бахъахъхъӕнынмӕ дӕр.

Беруаты Барис,

профессор, ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here