Территорион ӕхсӕнадон хиуынаффӕйад царды сабыргай ахсы йӕ бынат. Разамынды ахӕм хуыз раздӕр бафӕлвӕрдтой Кировы районы Комсомольскы хъӕуы, ныр та йӕм бавнӕлдтой Ставд-Дурты цӕрджытӕ. Уыдон дӕр сарӕзтой дыууӕ ӕхсӕнады. Сӕ иуӕн разамынд дӕтты Суанты Розӕ, иннӕмӕн — Калоты Сослан.
Хъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕг Уаниаты Хъазыбег куыд бафиппайдта, афтӕмӕй Ставд-Дурты территорион ӕхсӕнадон хиуынаффӕйад кӕны фыццаг къахдзӕфтӕ. «Сӕйрагдӕр у, бынӕттон цӕрджытӕ сӕ хъӕу сыгъдӕг, аив, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ фадатджын скӕнынмӕ кӕй тырнынц, уый. Территорион ӕхсӕнадон хиуынаффӕйады хорздзинӕдтӕ бӕрӕг дарынц — адӕм цӕттӕдзинад ӕвдисынц ӕппӕты тыхстагдӕр фарстытӕ алыг кӕнынмӕ, сӕхи ‘рдыгӕй дӕр бирӕ фӕндӕттӕ ӕмӕ хъӕппӕристӕ рӕгъмӕ хӕссынц. Уый та ӕвдисы адӕмы зӕрдӕйы уаг, сӕ цӕрӕн бынат срӕсугъд кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты, уый», — загъта Уанийы-фырт.
Ныридӕгӕн дӕр цӕрджытӕ хъавынц Сабырдзинады уынджы балбӕлӕстӕ ныссадзынмӕ ӕмӕ рагацау талатӕ бацӕттӕ кодтой. Фарон майы республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславимӕ фембӕлды Ставд-Дурты цӕрджытӕ ӕрхатыдысты, цӕмӕй Сабырдзинады уынджы фистӕгӕй цӕуджыты фӕндагмӕ базилой. Сӕ куырдиат сын уайтагъддӕр сӕххӕст кодтой. Ныр ма сӕйраг уынджы бӕлӕстӕ дӕр куы ныссадзой, уӕд йӕ хуыз скалдзӕн.
Уымӕй уӕлдай ма цӕрджытӕ сфӕнд кодтой фонтанты парк саразын. Уыцы нысанӕн уал радих кодтой зӕххы хай, йӕ фӕзуат у 1500 квадратон метры. Уӕрӕсейы кӕцыдӕр регионты ис зӕрдӕмӕдзӕугӕ фӕлтӕрддзинад, «хус фонтантӕ» аразыны ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ставддуйрӕгтӕ дӕр уыцы хуыз равзардзысты. Фонтанты бакомкоммӕ уыдзӕн бандӕттӕ, фӕз сӕхгӕндзысты рӕсугъд къӕйтӕй, уыдзӕн дзы рухсгӕнӕнтӕ. Ацы хъӕппӕрис адӕмӕн сӕхицӕй рацыд, ӕмӕ йӕм бавналдзысты дыууӕ хиуынаффӕйады уӕнгтӕ дӕр. Хъӕуккӕгтӕ ма сӕ зӕрдӕ дарынц Ставд-Дуртӕй рацӕуӕг амалхъом адӕмыл дӕр.
Ӕхсараты Розӕ














