Хӕххон-металлургон институты ӕмгуыстад урайлаг компанитимӕ

0
280

Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институт ӕмӕ акционерон ӕхсӕнад «Южуралзолото» бафыстой ӕмгуыстады бадзырд. Уый тыххӕй фехъусын кодта институты пресс-службӕ.

Пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, ныр институты студенттӕн фӕзындзӕн компанийы куыстуӕтты практикон ахуыртӕ кӕныны фадат.

«Бадзырды бындурыл институт ӕмӕ компани ӕххӕст кӕндзысты иумӕйаг наукон иртӕстытӕ ӕмӕ бакусдзысты инновацион проекттыл. Уымӕй уӕлдай, ныр институты студенттӕн практикон ахуыртӕ арӕзт цӕудзысты «Южуралзолото»-йы куыстадон дӕлхайӕдты. Уыцы ӕууӕлы фӕрцы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ рауагъдонтӕн гӕнӕнтӕ фӕзындзӕн компанийы сӕхицӕн куысты бынӕттӕ бацагурынӕн», — радзырдта институты пресс-службӕйы минӕвар.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институт у бӕстӕйы раззагдӕр техникон уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕй иу. Ныртӕккӕ дзы ахуыр кӕны 5 мин студентӕй фылдӕр 21 алыхуызон хӕххон-геологон, металлургон, архитектурон-арӕзтадон ӕмӕ ӕндӕр дӕсныйӕдтыл.

Акционерон ӕхсӕнад «Южуралзолото» та у, сыгъзӕрины куыст чи кӕны, уыцы егъаудӕр уӕрӕсейаг компанитӕй иу. Йӕ куыстуӕттӕ ӕрбынӕттон сты Челябинскы облӕсты.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here