Уалдзыгон хъарм бонтæ ралæууыдысты, æмæ фæлгонцады æмæ цъæхфæлысты куыстытæ райдыдтой Дзæуджыхъæуы. Горæты бынæттон хиуынаффæйады администрацийы фæлгонцад æмæ цъæхфæлысты хайады хицау АЗИАТЫ Маринæ куыд радзырдта, афтæмæй, раздæр азтимæ абаргæйæ, ныр фылдæр дидинджытæ сагъд æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы уынгты, паркты, сквертæ æмæ фæзты.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, ивгъуыд аз горæты цæрджыты фæндæттæм гæсгæ бирæ тюльпантæ сагъд æрцыд Дзæуджыхъæуы æхсæнадон бынæтты. Ныр дæр ацы дидинджытæ сæ ирд цæхæрæй рæвдаудзысты горæты цæрджытæ æмæ нæ уазджыты.
Дзæуджыхъæу уалдзæджы, сæрд æмæ фæззæджы мæйты хæрзаивдæр æмæ рæсугъддæр цæмæй уа, уый тыххæй бирæ кусы ведомствæты æхсæн къамис. Йе сконды сты РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады, Паддзахадон автомобилон инспекцийы специалисттæ, стæй æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Æппæт куыстытæ дæр цæуынц бæрæггонд домæнты фæлгæты.
«Горæты цæрджытæ дæр стыр æвæрæн хæссынц Дзæуджыхъæуы фæлгонцадмæ. Æдзухдæр нæм бирæ фæндæттæ æрвитынц горæты æхсæнадон бынæттæ алыхуызон дидинджытæй хуыздæр саив кæныны тыххæй. Уый махæн алы хатт дæр æхсызгон вæййы. Фæлæ уыимæ уавæр афтæ у, æмæ дидинджытæ куы сырæзынц, уæд сæ иуæй-иутæ давын райдайынц, ныссæндынц сæ, ауындзгæ дидинджытæ та хъыгдард баййафынц», — бафиппайдта Азиаты Маринæ.
Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй горæты скверты, паркты æмæ фæзты фæлгонцады æмæ цъæхфæлысты куыстытæ цæудзысты суанг æрæгвæззæгмæ. Иу ныхасæй, æппæт Дзæуджыхъæу дæр йæхи сфæлынддзæн цъæхфæлысты. Уалдзыгон куыстытæ та сабыргай рахиздзысты сæрдыгон куыстытæм, æмæ горæт сæрттивдзæн алыхуызон дидинджытæй.
Дзæуджыхъæуы
бынæттон
администрацийы пресс-службæ











