Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг ФÆРНИАТЫ Тамерлан дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд амалиуæгады рæзты фарстыты фæдыл советы æмбырд.
Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Александр Пациорин, амалиуæггæнджыты бартæ хъахъхъæнынады бæрнон Медойты Тимур, финансон управленийы хицау Цохъты Хъазыбег, горæты экономикæйы управленийы хицау Битарты Лавер.
Ныхас цыд горæты ахуыргæнæндæттæм цæстдарды программæ æххæст кæныны фарстыл. Чысыл æмæ рæстæмбис бизнес горæты скъолатæн куыд æххуыс кæны, уый тыххæй раныхас кодта Битарты Лавер. Куыд загъта, афтæмæй мæйы кæронмæ горæты æппæт ахуыргæнæндæттæм цæстдарджытæ бæлвырдгонд æрцæудзысты.
Æмбырды архайджытæ сæйраг æргом аздæхтой амалиуæгадæн паддзахадон æххуысы мадзæлттæм. Дыууæ азы размæ федералон æмвæзадыл рахастой бæстæйы алы регионы дæр бизнесæн ахъазкæнынады центртæ «Мæ бизнес» саразыны уынаффæ. Уый Дзæуджыхъæуы кусы афæдзы æрдæг.
Иу ран æрæмбырд сты амалиуæггæнджытæн лæггæдты бирæкъабазджын центры, Амалиуæгадæн æххуысы фонды, Техникон уынаффæты регионалон центры, Экспортæн æххуысы центры, Социалон къабазы ногдзинæдты центры, бизнес-инкубаторы, Æфстæутты зæрдæдарæнты фонды, Чысыл æмæ рæстæмбис куыстуæттæ æхцайæ æфсисады фонды, Лизингон компанийы, Инвестицион рæзты корпорацийы, амалиуæггæнджыты барты хъахъхъæнынады бæрнджыны аппараты æмæ «МСП-банчы» хайады минæвæрттæ.
— Алы æнæхин амалиуæггæнæгимæ дæр кусыныл разы стæм. Скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæн парахатæй чи æххуыс кæны, ныртæккæ нæм ис къорд ахæм куыстуаты. Ацы æххуысгæнджытæн — стыр бузныг. Рæхджы цæстдарддзинад канд финансон нæ, фæлæ социалон къабазыл дæр кæй аххæсдзæн, ууыл нæ зæрдæ дарæм, — загъта Фæрнийы-фырт.
— Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бахæс кодта республикæйы æппæт ахуыргæнæндæттæм цæст дарынæн фадæттæ саразын. Ныхас цæуы канд æхцайæ æххуысыл нæ, фæлæ амалиуæгад парахат кæныныл, гом уроктыл æмæ зондамонджыты программæйыл дæр. Не ‘ппæт дæр уын æххуыс кæндзыстæм, — загъта Медойы-фырт.
Фембæлды кæрон горæты сæргълæууæг бабæрæг кодта куыстуат «Уæлæдарæс». Уый дæргъвæтин рæстæг горæты скъолаты ахуырдзаутæн уадзы уæлæдарæс. Фæрнийы-фырт куыд бафиппайдта, афтæмæй куыстуаты уагъд продукци у хæрзхъæд.
Нæ уацхæссæг












