Мадзæлттæ тæссаг низы ныхмæ

0
539

РЦИ-Аланийы Хицауад æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад аразынц æппæт мадзæлттæ дæр коронавирус нæ республикæмæ ма ‘руадзыны тыххæй.

Фыццаджыдæр, низ цы бæстæты ис, уырдыгæй æрбафтæг адæм цæуынц хицæнгонд. Цалдæр сæдæ адæймаджы барвæндонæй бадынц сæ хæдзæртты карантины. Уыдон 14 боны дæргъы хъуамæ макуыдæм цæуой æмæ макæуыл æмбæлой. Фыццаг бон сын медицинон кусджытæ сбарынц сæ буары тæвд, райсынц сæ туг æмæ йæ лабораторимæ арвитынц. Уым сбæлвырд вæййы, адæймаг æнæниз у æви нæу, уый. 14 боны фæстæ та дзы ногæй райсынц туг æмæ сбæрæг кæнынц, уал бонмæ йæм низ йæхи равдыста æви нæ.

Дзæуджыхъæуы РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады 4-æм поликлиникæйы хæцгæ низты дохтыр Найфонты Аннæ зæгъы:

— Коронавирус цы бæстæты фæзынд, уырдыгæй цы адæм æрбацæуы Ирыстонмæ, уыдоны хицæн кæй кæнынц, уый ууыл дзурæг нæу, æмæ уыцы адæм æмбæлдысты рынчынтимæ, кæнæ сæхæдæг фæрынчын сты. Уый нысан кæны æрмæстдæр уый, æмæ закъонмæ гæсгæ, низ кæм фæзынд, ахæм паддзахадæй æрбацæуæг адæймаг хъуамæ 14 боны фæуа карантины. Афтæ мах бæстæйæ дæр æндæр паддзахадмæ ацæуæг 14 боны фæуыдзæн карантины. Уыимæ, карантины йемæ хъуамæ уой æппæт бинонтæ дæр. Анализ исгæйæ, нæ къухтыл бакæнæм медицинон резинæ æрмкъухтæ, алкæуыл дæр хъуамæ уа маскæ. Биоматериал æвæрд æрцæуы сæрмагонд контейнеры, æмæ йæ аласæм лабораторимæ. Диссагæй æмæ дзы тæссагæй ницы ис, фæлæ хи хъахъхъæнын хъæуы, цæмæй нæ республикæмæ низ ма æрбауадзæм. Уæлдай тæссагдæр ацы низ у хистæр кары адæмæн, æнхъæлцау сылгоймæгтæн æмæ гыццыл сабитæн, йæ æнæниздзинад лæмæгъ кæмæн у, ахæмтæн. Уымæ гæсгæ фæдзæхсын къухтæ арæхдæр æхсын æмæ къаддæр цæуын, бирæ адæм кæм ис, ахæм бынæттæм.

Бæрæггонд куыд у, уымæ гæсгæ ныртæккæ нæ республикæйы барвæндонæй хицæнгонд æрцыдысты 350 адæймаджы. Коронавирусæй чи фæрынчын, ахæм адæймаг нæ республикæйы нæй.

Республикæйы Хицауад адæмæй куры, цæмæй лæмбынæгдæр кæсой, низы ныхмæ цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдонмæ, сæ къухтæ арæхдæр æхсой, æнæхъуаджы хæдзарæй æддæмæ ма цæуой.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

Къамтæ систа

КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here