Цæмæй адæм æдас уой…

0
374

«Адæм фæдисмæ, чидæр та — къæбицмæ», — зæгъы ирон адæмон æмбисонд. Æмæ уый раст у. Ныртæккæ дунейы мидæг цы цаутæ цæуы, уыдонæн не ‘ппæт дæр æвдисæн стæм. Бирæ бæстæты низ сæвзæрын кодта тæссаг уавæр. Уæрæсейы Федерацийы хъуыддаг гыццыл хуыздæр у, уымæн æмæ афойнадыл конд цæуынц профилактикон мадзæлттæ.

Цæмæй коронавирус нæ республикæйы ма фæзына æмæ ма рапарахат уа, уый тыххæй цы мадзæлттæ аразынц, ууыл æрдзырдтой, РЦИ-Аланийы Хицауады хæдзары цы æмбырд уыд, уым. Йæ архайджытæ уыдысты республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан, ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина, хæцгæ низтимæ тох кæныны центры сæйраг дохтыр Тауаситы Валерия, фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ, «Росздравнадзор»-ы территорион оргæны разамонæг Ольгæ Давыдова æмæ «Роспотребнадзор»-ы республикон управленийы разамонæджы хæдивæг Къаболаты Заремæ.

Цæмæй адæммæ фæстаг хабæрттæ афойнадыл хæццæ кæной, уый тыххæй алы бон дæр республикæйы Хицауады хæдзары алыхуызон ведомствæты сæргълæуджытæ фембæлынц дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ. Фембæлд уымæн арæзт цæуы, цæмæй адæм зоной бæлвырд информаци æмæ ма æууæндой, Интернеты тыгъдады хицæн адæймæгтæ цы мæнг информаци, фаутæ хæлиу кæнынц, уыдоныл.

Æхсæвæй, бонæй медицинон кусджытæ сæ цæст дарынц, æндæр регионтæй нæ республикæмæ чи ‘рбацыд, уыцы адæммæ. Закъонмæ гæсгæ уыдон цæуынц хицæнгонд, хъуамæ 14 боны дæргъы бадой сæ хæдзæртты, макæимæ æмбæлой, науæд æрцæудзысты иваргонд.

Æмбырд æвдыст цыдис комкоммæ эфиры. Йæ архайджытæм республикæйы цæрджытæ лæвæрдтой бирæ фарстытæ Интернеты фæрцы.

— Бирæ ныййарджыты зæрдæмæ нæ цæуы, скъоладзаутæ сæ хæдзæртты кæй сты æмæ Интернеты руаджы кæй ахуыр кæнынц, уый. Уыцы хъуыддаг арæзт æрцыди рæстæгмæ, низ ма æруадзыны, æмæ нæ сывæллæтты бахъахъхъæныны тыххæй, — загъта Людмилæ Башарина.

— Медицинон кусджытæ кусынц суткæйы дæргъы. Абонмæ нæ республикæйы коронавирусæй иу рынчын дæр нæй. Барвæндонæй хибаргонд чи æрцыд, уыдоны нымæц у 650. Республикæйы арæнтыл алы бон дæр цы адæм æрбахизы, уыдон иууылдæр æрвыст æрцæуынц хицæн бынæттæм (карантинмæ). Уыцы мадзæлттæ арæзт цæуынц низ ма æруадзыны тыххæй. Уымæ гæсгæ адæмæй курæм, цæмæй æмбарой, цы тæссаг уавæр сæвзæрд, уый, — фехъусын кодта Годжыцаты Тамерлан.

Республикæйы цæрджытæм цы фарстытæ сæвзæрд, уыдонæй иу у, Дзæуджыхъæуы базартæ æмæ базарадон центртæ æхгæд æрцæудзысты æви нæ, уый. Куыд зонæм, афтæмæй бирæ уæйгæнджытæ нæ республикæмæ æрбацæуынц сыхаг республикæтæй. Уый тæссаг у, низ нæ республикæмæ æрбауадзынæй, уымæн æмæ Кæсæг-Балхъары, Адыгейы, Цæцæны æмæ Дагестаны республикæты коронавирусæй рынчынтæ фæзынд.

— Базартæ æмæ базарадон центртæ сæхгæныныл официалон бардзырд нæ уыдис. Карантин республикæйы ахæсдзæн 12 апрелмæ. Дарддæр рæстæг йæхи амондзæн. Кæд низы ныхмæ тох фæпайда уа, æмæ тæссаг мауал уа, уæд скъолатæ, рæвдауæндæттæ æмæ иннæ куыстуæттæ байгом уыдзысты, — загъта Къаболаты Заремæ.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

Къам систа

КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here