Бæстон æмæ æххæстæй

0
297

Республикæйы Хицауады сæйрагдæр нысан у коронавирусы ног хуызæй цæрджыты бахъахъхъæнын. Уый тыххæй цы мадзæлттæ арæзт цæуынц, уыдонмæ хъуамæ цæрджытæ æмбаргæ цæстæй кæсой.

Æхгæд æрцыдысты æппæт ахуыргæнæндæттæ, рæвдауæндæттæ, базартæ, уæйгæнæн центртæ æмæ алыхуызон хиирхæфсæн бынæттæ. Оперативон штабы уæнгтæ алы бон дæр фембæлынц республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ æмæ сæ базонгæ кæнынц фæстагдæр рæстæджы бæлвырддæр хабæрттимæ.

Дзæуджыхъæуы цы брифинг уыд, уый амыдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы пресс-службæйы разамонæг Сабанты Фатимæ. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан, ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина, нæ республикæйы хæцгæ низтимæ тохы службæйы сæйраг дохтыр Тауаситы Валерия æмæ иннæтæ. Алчи дæр дзы фехъусын кодта, коронавирус нæ республикæмæ ма æрбауадзыны тыххæй сæ ведомствæтæ цавæр мадзæлттæ аразынц, уый тыххæй.

— Официалон хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, нæ республикæйы коронавирусæй рынчын чи у, ахæм иунæг адæймаг дæр нæй. Медицинон цæстдард кæмæ цæуы, уыдоны нымæц у 477 адæймаджы. Уыдон сты, нæ республикæмæ бæстæйы æндæр регионтæй кæнæ фæсарæнтæй чи æрбацыд, ахæмтæ. 414 адæймагæн сæ хииппæрдгондгонд рæстæг фæци. Алкæй анализтæ дæр равдыстой, æнæниз кæй сты, уый, — фехъусын кодта  РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан.

Бæстæтыл цы хæцгæ низ ахæлиу, уый нæ республикæмæ ма æруадзыны тыххæй Цæгат Ирыстоны расидтысты бæрзонд цæттæдзинадмæ. Медицинон, мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты службæтæ кусынц æхсæвæй-бонæй.

Республикæйы Хицауад сиды цæрджытæм, цæмæй бирæгæйттæй ма æмбырд кæной, гæнæн æмæ амалæй бадой сæ хæдзæртты æмæ сæхи дæр æмæ сæ бинонты дæр бахъахъхъæной æвзæр низæй.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here