Ивартæ рæстæгмæ аивтой

0
332

Коронавирус кæй ахæлиу, уый тыххæй Уæрæсейы Хицауад цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты аргъ сæрмагонд фæткмæ гæсгæ фидыны тыххæй парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æмæ бæстæйы Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады фæндоныл сразы.

Амæй размæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй  нормæтæ фидаргонд æрцыдысты ацы азы кæронмæ. «Иугонд Уæрæсе»-йы фракцийæ цæгатирыстойнаг Парламенты депутат, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы фарстыты комитеты сæрдар Бокоты Эльбрусы ныхасмæ гæсгæ, федералон æмвæзадыл хаст уынаффæты фæрцы адæм коронавирусы  аххосæй сæвзæрæг уавæрæн æнцондæрæй бафæраздзысты.

— Коммуналон лæггæдты аргъ нæ бафидыны тыххæй ивартæн рæстæгмæ кæрон кæй сæвæрдтой, уый банымайæн ис хорз мадзалыл. Коммуналон лæггæдты аргъ æрвылмæй фидæм. Адæмы фылдæр хай æхца бафидынц онлайн-лæггæдты фæрцы нæ, фæлæ банкты æмæ сæрмагонд кусæндæтты. Ацы хъуыддаг æппæтæй тынгдæр хауы фиддонтæ иннæтæй хуыздæр фидæг æмæ низæй иннæтæй тынгдæр хъыгдардбаййафæг ацæргæ адæймæгтæм. Хицауады фæндæтты фæрцы адæмыл коммуналон лæггæдтæ æххæстгæнæг кусæндæтты офистæм æнæмæнг цæуыны хæс æвæрд нæ уыдзæн, бинонты бюджеттыл æнцайæг хæрдзтæ та рæстæгмæ фæкъаддæр уыдзысты (бирæтæ ацы уавæры æнæ æхцайæ кæй баззадысты, уæлдайдæр та уый нымайгæйæ), — загъта Бокойы-фырт.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here