Уалдзыгон-быдырон куыстытæ

0
539

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуынц уалдзыгон-быдырон куыстытæ. Ныридæгæн Мæздæджы районы 357 мин гектарæй фылдæры фæззыгæнд культурæтæм  хъацæнтæ бахастой. Уалдзыгæндтæ кæм таудзысты, уыцы  хуымтæ  цæттæ сты. Нырма уал  уалдзыгæндтæ байтыдтой  4000 гектарæй фылдæры.

Мæздæггæгтæ ифтонггонд сты хæрзхъæд хъæууонхæдзарадон техникæйæ. Тауинæгтæй ифтонгады къæпхæн хæццæ кæны 90, хъацæнтæй ифтонгады къæпхæн та — 80 процентмæ. Рæхджы ма  хæдзарæдтæм хъуамæ ласт æрцæуа уæлæмхасæн тауинæгтæ æмæ хъацæнтæ.

Горæтгæрон районы хæдзарæдты 500 гектары  фæззыгæндты хуымтæм дæр  бахастой хъацæнтæ. Уалдзыгæндтæ кæм байтаудзысты, уыцы  зæххытæм цауд боныхъæды аххосæй хъацæнтæ нæма бахастой.

Æппæт хъæууонхæдзарадон техникæ дæр уалдзыгон-быдырон куыстытæм цæттæ у. Хæдзарæдтæм ис 1400 гектарæй фылдæр фæзуаты ныссадзинаг картофы мыггаг. Картофы хуымтæм кæй бахæсдзысты,  уыцы  хъацæнтæ дæр цæттæ сты. Минералон хъацæнтæй фидæны нартхоры хуымты ифтонгады къæпхæн хæццæ кæны 70 процентмæ.

 

РЦИ-Аланийы Хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here