Адæмæн — æххуыс

0
260

Ног коронавирусон хæцгæнизы азарæй уæззау царды уавæрты чи аззад, республикæйы уыцы цæрджытæ райсдзысты материалон æххуыс. Ахæм уынаффæ рахастой РЦИ-Аланийы Хицауады æмбырды. Амыдта йæ премьер-министр ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Хицауады Сæрдар куыд бацамыдта, афтæмæй ныртæккæ мадзæлттæ конд цæуы Цæгат Ирыстонмæ низ парахат кæнынæн гæрæнтæ сæвæрынæн. Æхца радих кодтой æнæниздзинад  хъахъхъæнынады къабаз фæфидардæр кæнынæн, æлхæнынц хъæугæ медицинон ифтонггæрзтæ, хи хъахъхъæнæн фæрæзтæ æмæ дзæбæхгæнæн хостæ.

Тускъаты Таймуразы ныхасмæ гæсгæ, сæйрагдæр хæсыл нымайынц, уæззау царды уавæрты чи аззад, республикæйы уыцы цæрджытæн баххуыс кæнын. «Æмбырдмæ рахастам граждæнты хицæн категоритæн иухаттон æххуыс бакæныны тыххæй уынаффæйы проект», — бафиппайдта Хицауады Сæрдар.

Æмбырды раныхас кодта фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис. Куыд бацамыдта, афтæмæй иухаттон æххуыс бакæныны тыххæй документ фидар кæны сæрмагонд уагæвæрдтæ. Уыдонмæ гæсгæ,  куыстхъом граждæнтæй эпидемийы аххосæй æфтиæгтæй чи фæцух, уыдон райсдзысты æххуыс. Фæбæрæг ма кодта, æххуыс райсыны тыххæй куырдиæттæ чи æвзардзæн, уыцы къамисы уæнгты хыгъд дæр.

Экономикон рæзты министры хæдивæг Дзоблаты Зураб æмбырды архайджыты базонгæ кодта, РЦИ-Аланийы социалон нывылдзинад æмæ, адæмы куысты бынæттыл чи ахады, регионалон нысаниуæджы уыцы куыстуæтты хыгъдимæ. Уый бацæттæ кодтой Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустины бардзырдмæ гæсгæ. Афтæмæй ма нæ сæйрагдæр куыстуæтты хыгъдмæ бахастой компанитæ «Казачий хутор», «ДеГусто», «Сады Алании», «Остров Брут», «Владка», «Галион», «Крайс», «Керамабрикет», «ДДД», «СТК-59», «АСК-12», «Спецтепломонтаж», «Кетон» æмæ «Деликат».

Æмбырды ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой республикæйы цардхъомысæн ахсджиаг æндæр уынаффæтæ дæр. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Тотыккаты Артур æрныхас кодта, цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн субсидитæ кæмæн радих кæндзысты, уыцы граждæнты хыгъдыл. Уырдæм бахастой хæстон цауты ветерантæ æмæ инвалидты, алчидæр дзы паддзахадæй райсдзæн социалон фиддон 628 794 сомы бæрцæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæй сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, уыдон сты 11 бинонтæ. Социалон фиддоны бæрц у 1 милуан æмæ 257 мин сомы.

Инвалид сывæллонимæ  æмæ дыккаг къорды инвалидтимæ 8 бинонтæ дæр суыдзысты цæрæнуатон субсидиты хицæуттæ. Æппæт ацы фарстытæ фидаргонд æрцыдысты.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here