Раздæр тар хъæд кæм уыд, уыцы рæсугъд бынаты уыдис хъæдæй арæзт Æхсæрты дзуар, хуындис Рыныбардуаджы кувæндон Цъамады хъæуы.
Куыд дзурынц, афтæмæй адæмыл емынæ сыстад, æмæ мардысты æгас бинонтæ, бын кодтой адæм. Рыны заман хъæуы цæрджытæ сыстадысты æмæ алыгъдысты хъæды фаллаг фарсмæ. Уым куы æрцардысты, уæд низ басабыр. Хъæуы ма чи баззад, уыдон се ‘ппæт дæр амардысты. Бирæтæ-иу сæхицæн скъахтой ингæнтæ æмæ æнхъæлмæ кастысты сæ мæлæтмæ. Ныгæнгæ сæ кодта Черчесты Гæлæу. Гæлæу дæр фæрынчын уыцы низæй, фæлæ дзы фервæзт. Уый-иу сæ бирæгæйттæй иу ингæны нывæрдта æмæ сæ ныгæдта. Чи-иу бадт йæ ингæны былыл, йæ мæлæтмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, уый-иу Гæлæуæн лæгъстæ кодта, гомæй мæ ма ныууадз, зæгъгæ.
Ацы низ Мызурæй дарддæр нæ ацыд. Цæразонтæм нæ бахæццæ æмæ кувгæйæ уымæн афтæ фæдзурынц: «Уæ Хуыцау, Цæразонтæн цы æххуыс бакодтай, уыцы æххуыс махæн дæр бакæн». Низ куы æрсабыр, уæд, хъæды чи уыд, уыцы адæм æрæмбырд сты æмæ æмвæндæй сарæзтой кувæндон — Æхсæрты дзуар, æмæ ам кувынц уæдæй нырмæ Рыныбардуагæн. Æхсæрты дзуары бæлæстæ ныртæккæ дæр сты сæ бынаты. Бæрзонд, ставд æмæ рæсугъд нæзы бæлæстæ, арвмæ фæцыдысты. Уыцы ран цы хъæд ис, уым иунæг æхсæр бæлас дæр нæ уыд, фæлæ йæ адæм хуыдтой Æхсæрты хъæд, зæгъгæ. Чи зоны, кæддæр дзы задис æхсæр бæлæстæ æмæ йæ уымæн афтæ хуыдтой.
Æхсæрты дзуары тыххæй уымæн фыссын, æмæ кувын дæр хорз у, хъæуы нæ ирон царды зæдтæм бакувын дæр. Дæхи куы бафæдзæхсай, цы хъæуы райгуырдтæ, уым цы кувæндæттæ ис, уыдоныл, уæд уый хорз у. Æппынфæстаг дзы сафгæ ницы кæныс, дæ ныфс тыхджындæр кæны æмæ афтæмæй низыл дæр æнцондæрæй уæлахиз кæны адæймаг. Фæлæ, Хуыцау дæр афтæ загъта, доны чи ныххауд, уымæн: дæхи базмæлын кæн æмæ дын баххуыс кæнон, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ мах нæхи хъахъхъæнæм, ома, мæнæ нын хицауад цы амонынц, афтæ куы кæнæм, уæд фæуæлахиз уыдзыстæм тæссаг низыл. Уыцы амынддзинæдтæ махæн æххæстгæнгæ сты. Фыссынц сæ газетты дæр, телеравдыстыты дæр, æмæ халын нæ хъæуы уыцы фæтк.
Нæ ныфс фылдæр уæд. Æхсæрты дзуар — Рыныбардуаг баххуыс кæнæд æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Зæххы къорийы адæм дæр куыд фервæзой уыцы æгъатыр низæй, уый бæрц арфæ уæд!
Стох кæнæм йæ ныхмæ æмхуызонæй!
ПАГÆТЫ Солтан,
Заводы поселок














