Ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй

0
404

Ногæй та зынæвзарæн рæстæг скодта Ирыстонæн æмæ йæ адæмæн. Æмæ ахæм рæстæг фидар фæлæууынæй хуыздæр хос нæй. Фæлæ канд Ирыстон æвзары ахæм зын бонтæ? Æппæт Уæрæсе, дунейы æппæт бæстæтæ дæр. Фæлæ цыппар боны размæ æрцæуын цы цау бауагътам, уый нæм ныр цы хуызы зыны? Разы стæм, нæхи цы хуызы равдыстам, уымæй, æви къæмдзæстыг? Раст бакодтам  æви фæрæдыдыстæм? Нæхи рæсугъдæй равдыстам æви фыдуындæй? Кады æмæ сæрыстыры хос нын у, æви куыд? Æмæ нæ кæд алчидæр йæхи раст æмæ сыгъдæг цæсгом адæймагыл нымайы, уæд ацы фарстытæн радтæд дзуапп — алчи йæхи раз, сыгъдæгзæрдæ æмæ сыгъдæг цæсгомæй.

….Уæвгæ, адæммæ се ‘ппæтмæ цæмæн дзурын? Æрмæстдæр, уыцы бон Сæрибары фæзмæ чи рацыд, уыдонмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы минæвæрттæ схонæн сын нæй. Адæмы номæй дзырдтой, афтæ дæр нæй зæгъæн. Сæ фылдæр уыдысты тæвдтуг, цыбырзонд æрыгæттæ, сæхи тынг фыдуындæй чи равдыста, хи аирхæфсыныл алыхуызон гæнæнтæ бæзгæйыл чи нымайы, ахæмтæ. Уыдон уыдысты, сæ сæртæ разилын чи бауагъта, йæ фындзæй дарддæр акæсын кæй нæ фæнды, кæнæ, дардмæ акæсынæн йæ зонындзинæдтæ, йæ хъару кæмæн нæ амонынц, ахæм адæймæгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыд се ‘хсæн, ацы уæззау рæстæг йæ куыстæй чи фæцух æмæ зын уавæрты чи бахауд, ахæмтæ дæр. Дзырд дæр ыл нæй, — бинонтæ дарæг чи уыд æмæ ныр йæ цардæн фæрæз чи нал ары, уыдоны бамбарæн ис. Фæлæ сын сæ тыхст уавæрæй чидæр пайда кæй кæны æмæ йæ цавæрдæр æнæсæрфат нысантæ бæрзонддæр кæй æвæры, уый цæуылнæ бамбæрстой æмæ сæхицæй хъазæнхъуал кæнын цæмæн бауагътой? Æмæ кæмæн? Ирыстоны æдде чи цæры, уыцы адæймагæн?

Алы рæстæджыты, алы хицаудзинадæн алкæддæр уыд ныхмæлæууæг тыхтæ, оппозици кæй хонæм, ахæмтæ. Уым æвзæрæй ницы ис, уыцы ныхмæлæууæг тыхтæ адæмы цардыл, йæ райгуырæн зæххы хæрзæбоныл дзурынæй кæнæ цæстмæми хуыддæгтæй нæ, фæлæ æцæг хъуыддæгтæй, зæрдиагæй куы архайой, уæд. Фæлæ Челдыйы-фыртæн йæ патриотон хæрзаудындзинад иуæрдыгæй, æмæ йæ политикон сидтытæ — иннæрдыгæй, кæрæдзиуыл нæ бадынц, нæй сын баиу кæнæн. Уæвгæ, чи у Челдыты Вадим? Ирыстонæй дард Бетъырбухы цæргæйæ æмæ иунæг бон дæр никуы бакусгæйæ, нæ республикæйы сабыр цард сызмæнтын, Ирыстоны цæрджыты кæрæдзи ныхмæ фæкæныны кæйдæр фæдзæхст чи æххæст кæны, ахæм адæймаг? Æви, ацы зын рæстæг адæмы æнкъарæнтыл хъазгæйæ, бæрзонд ныхæстæй йæхицæн ном кæнынмæ чи хъавы, ахæм аслам популист? Æви, æнæбындур сæрыстырдзинад кæмæ ис, фæлæ йæ зонындзинæдтæ кæмæн нæ амонынц, ахæм политик? Æви республикæйы разамындыл йæ зæрдæ кæмæн фæхудт, ахæм адæймаг? Æви, мыййаг, дохтыр у, æмæ, низ нæй, зæгъгæ, адæмы ууыл тыххæй дæр уымæн æууæндын кæны? Чи фæнды фæуæд, фæлæ йын бантыст кæмæндæрты сæ сæрызонд разилын, адæмы сызмæнтын, ферох сын кæнын, ацы зынæвзарæн рæстæг хи бахъахъхъæнынæй ахсджиагдæр кæй ницы ис, уый.

Уыцы бон Сæрибары фæзмæ чи æрбацыд, уыдонæн сæ дæс процентмæ уæддæр ног низыхатт куы разына, уæд сын нæ рынчындæтты бынат дæр нæ уыдзæн. Æмæ уæд куыд? Куыд аххæсдзысты утæппæт рынчынтыл дохтыртæ? Ног низыхатт кæй ахæлиу æмæ рынчынтæ фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц, ууыл чи не ‘ууæнды æмæ ацы рæстæг уал хæдзары уæвыны уагæвæрд чи фехæлдта, уыдоны ныр рынчындонмæ бахон æмæ дзы кæй дзæбæх кæнынц, уыдонæн сын, зæгъæм, сæ къух райсын кæн, уæд, цыма, цы кæниккой? Челдыйы-фыртæн та йæ зæрдæ адæмыл кæд афтæ тынг риссы, уæд йæ хуыздæр хос у ахæм — барвит æй, рынчынты ныртæккæ дзæбæх кæм кæнынц, уыцы Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны реанимацион хайадмæ æмæ йын ма радт нæдæр маскæ, нæдæр резинæ æрмкъухтæ, афтæмæй йæ волонтерæй бакусын кæн. Æмæ цас диссаг у? Коронавирус нæй, зæгъгæ, уæддæр ахæм æнæсæрфат хъæр куы кæны…

Адæймаджы хорз ракæнын куы фæнда, уæд æй кæны æнæ уæлдай ныхасæй, æнæ хъæрæй. Йæхицæн дзы ном куы кæна, уæд та уыцы хорздзинадæн йæ аргъ, хæрзгæнæгæн та йæ кад — дæлæмæ цæуынц.

Адæймагæн, уæлдайдæр, дзыллæйы бæрны чи бацæуы, уыцы адæймагæн йæ цардæн æмæ йæ куыстæн аргъгæнæг сты йæ хъуыддæгтæ, йæ фæстæ цы фæд ныууадза, уыдон. Æмæ кæд афтæ у, уæд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав тæккæ абон дæр йæ куыст куы ныууадза, уæддæр уал, республикæйы сæргъы цы цыбыр рæстæг ис, уыцы рæстæгмæ — æртæ азмæ йын цы хъуыддæгтæ саразын бантыст æмæ цы æнæкæрон бирæ æххуыстæ бакодта — хицæн адæймæгтæн, амалхъомтæн, чысыл куыстуæттæн, хи хæдзарæдтæн, — уыдон фаг сты уæлдайджынтæй, цæмæй йæ хорзы ном баззайа æмæ йæ адæм кадимæ мысой.

Райсæм ма фæстаг фынддæс-ссæдз азы, æмæ кæцы разамонæджы куысты рæстæг бантыст уый бæрц хъуыддæгтæ, арæзт æрцыд утæппæт объекттæ — ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, культурæйы, спорты къабæзты? Кæд ма уыд ахæм æргом здæхт республикæйы фæндæгты уавæрмæ? Æппæт уыдæттæ цæмæй æнтысой, уый тыххæй Цæгат Ирыстон архайы дыууæсæдæйæ фылдæр паддзахадон программæйы, æмæ уый — йæ Сæргълæууæджы хъæппæрисæй. Республикæйы æппæтæй дæрддзæфдæр, уыимæ, Ирыстонæн тынг ахсджиаг чи у, уыцы Мæздæджы районыл ма сæрмагондæй кæд цыд ныхас? Зæгъæм, ис дзы станицæ Подгорная, æмæ йæ 50 азы иунæг хицау дæр нæ бабæрæг кодта. Цæрджытæн дзы нæ уыд нæдæр газ, нæдæр фæндæгтæ, нæдæр цæрыны удæнцойдзинæдтæ. Фæлæ Битарты Вячеславы ныццыды фæстæ сæ уавæртæ бынтондæр аивтой. Афтæ — районы иннæ хъæутæ æмæ станицæты дæр. Хъæутæм уагъд цæуы æрдзон газ, фæзынд дзы ног рæвдауæндæттæ, сæ фæндæгтæ сæ хуыз ивын райдыдтой. Уæдæ Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ цы фæндаг арæзт цæуы, уый цас ахсджиаг у æмæ республикæйы куыд тынг хъæуы, уый Ирыстоны алы цæрæг дæр зоны. Сидзæртыл Битарты Вячеслав йæ арм кæй дары, уый у хицæн ныхасы аккаг, иу ахæм цау — Мæздæджы районы сидзæртæн хæдзар кæй балæвар кодта, уый. Республикæйы Сæргълæууæг кæй нæ бабæрæг кодта, Ирыстоны ахæм хъæутæ бирæ нæ разындзæн. Адæмимæ лæгæй-лæгмæ фембæлы, лыггæнинаг фарстытæй йæхи нæ аууон кæны æмæ сыл æрныхас кæныны фæстæ уавæртæ ивын райдайынц. Уый дзурæг у, Битарты Вячеслав, цы адæмы бæрны бацыд, уыдонæн сæ рис кæй æмбары æмæ царды семæ æмдзу кæй кæны, ууыл.

Ног низæфтауæг кæй рапарахат, уый аххосæй бирæтæ бахаудысты ноджы тыхстдæр ранмæ. Уый æмбаргæйæ, республикæйы разамынд, йæ сæргъы — Битарты Вячеслав, афтæмæй æххæст кæнын райдыдтой адæмæн æххуысы мадзæлттæ. Рæстæгмæ йæ куыстæй чи фæцух, уыдонæй уал фыццаг 152 бинонтæ райстой æхцайы æххуыс, æмæ ахæм æххуыс аххæсдзæн иннæтыл дæр. Арæзт æрцыд цалдæр хæрзаудæн фонды, æмæ уыдон дæр æххуыс кæндзысты царды зын уавæрты бахауæг бинонтæн, рынчындæттæн. Битарты Вячеславы уынаффæйæ хицæн амалхъомтæ, министртæ, иннæ бæрнон адæймæгтæ кæндзысты хицæн сæрмагонд æххуыстæ, сæ дарæг ацы рæстæг йæ куыстæй кæмæн фæцух, ахæм бинонтæн. Уыдонæй æнæ æххуыс иунæг дæр нæ баззайдзæн.

Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц. Фæуыдзæн ацы фыдрæстæг дæр, æмæ къæвдайы фæстæ хур куыд ракæсы æмæ бæстæ куыд ныррухс вæййы, афтæ та ногæй барухс уыдзæн нæ цард дæр. Æрмæстдæр хъæуы иучысыл бабыхсын. Ацы зынæвзарæн бонты иунæг не стæм, æмæ, уый хъуыды кæнгæйæ, равдисæм куырыхондзинад æмæ бацархайæм сыгъдæг цæсгомæй баззайыныл æмæ, æнæкъæмдзæстыгæй кæрæдзи цæстытæм нæ бон кæсын куыд уа, ууыл. Зынæвзарæн бонтæ, æнæмæнг, вæййынц лæгæвзарæн бонтæ. Æмæ, адæмы зындзинад чи æмбары, сæ арм сыл чи дары, сæ рисæй сын чи риссы, ахæм лæгау-лæгтæ нæм фылдæр куыд уа, цъæлхъæргæнаг аслам адæймæгтæ та — къаддæр, махæн та алкæмæн дæр аккаг аргъ ныхæстæм гæсгæ нæ, фæлæ хъуыддæгтæм гæсгæ кæнын  нæ бон куыд уа, ахæм амонд Ирыстоны цæрджытæн Хуыцауы цæст бауарзæд.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here