Ныхас æххуысы мадзæлттыл

0
303

Æнæхъæн дунейы цæрæг адæмæн хæцгæ низ коронавирус цы къуырцдзæвæнтæ сæвзæрын кодта, уый алчидæр зоны. Алы рæтты дæр арæзт цæуынц æххуысы мадзæлттæ, пандемийы рæстæг уæлдай тыхстдæр уавæры чи бахауд, уыцы адæмæн.

Нæ республикæйы дæр арæзт цæуынц сæрмагонд штабы къордтæ, хойраджы продукттæй баххуыс кæныны хъуыддагæн. Фæлæ ма æххуыстæ цæудзæн материалон фæрæзтæй æмæ хъæугæ техникæйæ дæр. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодтой РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина æмæ РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Айдарты Алинæ.

Айдарты Алинæ куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы ис 152 бинонтæ, æхцайы æфтиæгтæ сæм нæ хауы нæдæр пенсион фондæй, нæдæр æндæр куыстуатæй.

— Уыдон сты, социалон фæдзæхстадæй дæр æмæ официалон мыздæй дæр цух чи у, æмæ сæхи хъаруйæ амæлттæ чи кодта, ахæм бинонтæ. Уымæ гæсгæ сын нæ республикæйы бюджетæй иу мæйы фиддонтæ радих кодтой æмæ сын сæ радтой. Уыцы адæмæн æххуыс кæнынц мæнæ ахæм уагмæ гæсгæ:

Фыццаг къордмæ хаст цæуынц, сывæллæттæн пособитæ чи исы, уыцы бинонтæ. Алы сывæллонæн дæр æртæ мин сомы фыст цæудзæн æртæаздзыдæй авдаздзыды онг.

Дыккаг къорды амынд цæуынц, сывæллæттæ кæмæн нæй, фæлæ эпидемийы рæстæг æнæ æфтиæгтæй чи баззад, ахæм бинонтæ. Уыдонæн æхцайы æххуысты фарстытыл кусы ведомствæты ‘хсæн къамис. Уыцы бинонтæ хъуамæ бадæттой куырдиат министрадмæ, æмæ алы гæххæтт дæр æвзардзæн къамис. Куырдиаты хуызæг ис нæ министрады официалон сайты. Уымæй уæлдай ма бадзурæн ис нæ министрадмæ мæнæ ацы телефонæй: 53-58-31, — загъта министры хæдивæг.

Журналисттимæ фембæлды ныхас цыдис нæ республикæйы сывæллæтты ахуырадыл дæр. Бирæ фарстытæ дæттынц ахуырады æмæ наукæйы министрмæ, карантины рæстæг хииппæрддзинады уавæр кæмæ нæ хауы, ома, кусгæ чи кæны, уыцы ныййарджытæн сывæллоны хæдзары иунæгæй ныууадзыны фадат нæй, æмæ сæ уыцы хъуыддаг тынг тыхсын кæны. Сæйраг уыди мæнæ ацы фарст: «Сывæллæтты рæвдауæндæттæм æмæ скъолатæм хонынæн гæнæн ис æви нæй?»

— Ахæм сывæллæттæн сараздзыстæм сæрмагонд къордтæ. «Дæрддзæфмæ ахуырæн» та ныр дæр ис æппæт хъæугæ хорз уавæртæ. Фæлæ хуыздæр уаид, уæ сывæллæтты уæ хæдзæртты куы уадзиккат, уæд. Махæн абон сæйрагдæр у, цæмæй нæ сывæллæттæ ахуыр кæной. Æмæ æппæт мадзæлттæй дæр архайæм, цæмæй ма фæкъуылымпы уой сæ ахуырæй, ууыл. Куыддæр нын «Роспотребнадзор» зæгъа, карантин фæцис, зæгъгæ, афтæ дыккаг бон скъолатæ кусын райдайдзысты.

Æрмæст мах нæ, æнæхъæн дуне дæр ис ахæм уавæры. Интернеты фæрцы цæуынц ахуыртæ æмæ бирæ ныййарджытæ министрадмæ æрбадзырдтой, нæй нæм ноутбуктæ, зæгъгæ. Ноутбуктæ байуарынвæнд сын куы скодтам, уæд сæ дзуапп уыдис: «Ис нæхимæ компьютер, ноутбук, къахгæ уæ кодтам, ратдзыстут нын сæ æви нæ, уый тыххæй». Кæй хъæуы ацы техникæ, уый æрбадзурæд министрадмæ, æмæ йын йе скъоладзауæн ноутбук ратдзыстæм. Ахуыргæнджытæ сæ мызд куыд истой, афтæ йæ дарддæр дæр исдзысты, — загъта министр.

Ахуырады министрадмæ бадзурæн ис ахæм телефонæй:      29-15-15.

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here