Спортсменты cидт

0
361

Куыд Уæрæсейы æмæ æппæт дунейы, афтæ Ирыстоны спортуарзджытæ дæр æнкъард кæнынц, сæ уарзон спорты хуызтæй ерыстæм сын бакæсынмæ фадат кæй нæй, ууыл.

Нырма зын зæгъæн у, кæд фæуыдзæн, коронавирус кæй расайдта, уыцы карантин æмæ та кæд ныццæлхъ кæндзæн стадионты футболон марш, кæд та нымдзæгъд кæндзыстæм нæ богæлтты, боксерты, дзюдоистты æмæ иннæ спортсменты уæлахизтæн. Цæмæй уыцы рæстæг  раздæр æрцæуа, уый канд медицинæйы æмæ хицауады кусджытæй аразгæ нæу, фæлæ адæмæн сæхицæй дæр. Нæхæдæг дæр хъуамæ æххæст кæнæм, нæхи низæй цæмæй бахизæм, уый тыххæй нын Хицауад æмæ дохтыртæ цы амонынц, уыцы домæнтæ.

Спортуарзджытæ æмæ æппæт Ирыстоны цæрджытæй уый курынц нæ зындгонд спортсментæ æмæ тренертæ: Черчесты Станислав, Тедеты Дзамболат, Таймазты Артур.

Олимпаг хъæзтыты 3 хатты уæлахиздзау, Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур ацы бонты йе ‘ххуысы хай кæны, карантины рæстæг Ирыстоны цæрджытæй зын уавæры чи бахауд, уыдонæн æмæ, 20 апрелы Дзæуджыхъæуы æнæзакъон æмбырд чи сарæзта, уыдонмæ сидгæйæ загъта: «Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ, æз уыцы бон рацыдтæн фæзмæ æмæ дзырдтон æмбырдмæ æрбацæуджытимæ. Коронавирусы кой сын куы скодтон, уæд сæм уый худæгау фæкаст. Æгас дунейы дæр тас чи бауагъта, уыцы низы тæссагдзинад  æндæр ма ‘мбар. Дæхи, дæ бинонты æмæ дæ алфамбылай уæвджыты бæллæхæй бахизыны  бæсты цъысыммæ тæр, уый тынг æнæрхъуыды ми у.

Нæ ирон адæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æгæр бирæ фæсивæд баззади. Уый абон дæр зыны нæ адæмы нымæцыл æмæ хъуамæ мах нæхи хъахъхъæнын зонæм, хъысмæт нын рæстæгæй-рæстæгмæ цы уæззау æвзарæнтæ саразы, уыдонæй. Кæрæдзи куы нæ хъахъхъæнæм, уæд нæ никæцы зæдтæ бахъахъхъæндзысты, æмæ уæм сидын: ахъуыды кæнут ууыл æмæ иу раст зондмæ æрцæут».

Артуры  ныхæстæм ма уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Тедеты Дзамболат бафтыдта: «Æз сидын æгас Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй ацы зын рæстæг, æвдисæн цы цъаммар низæн стæм, уымæй нæ кæрæдзи æмæ нæ бинонты бахъахъхъæнæм. Куыд ис нæ хатын, æгас дунейы дæр тас цы низ бауагъта, уый нæ Ирыстонмæ дæр кæй схæццæ, уыцы фæзынд. Ныртæккæ дохтыртæ сдзæбæх кæныныл архайынц, низы азарæй рынчындонмæ чи бахауд æмæ уæззау уавæры чи ис, уыцы адæмы. Уынгты æмбырдтæ аразыны бæсты бацархайын хъæуы, уæззау уавæры чи бахауд, уыцы бинонтæн не ‘ххуысы хай бакæныныл».

Мæскуыйæ йе ‘мбæстæгтæм сиды Уæрæсейы иугонд футболон командæйы сæйраг тренер Черчесты Станислав дæр: «Пандеми анхъæвзта æгас дунейыл. Уый у тæссаг низ, æмæ дзы Уæрæсейы дæр рынчынтæ фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц, уый хъуыдыйаг у Ирыстоны цæрджытæн дæр. Нæ ирон адæм æмæ нæ республикæйы цæрджытæ ахæм рæстæг сæхи  хъуамæ равдисой уæззаузонд æмæ фидæныл хъуыдыгæнæгæй. Æрмæстдæр афтæмæй ис нæхи стыр бæллæхтæй бахизæн».

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here