Бæстон ныхас — ахсджиаг фарстытыл

0
220

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав видеобастдзинады фæткмæ гæсгæ скодта æмбырд медицинон кусæндæтты сæйраг дохтыртимæ. Ныхасы ма архайдтой Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр ГОДЖЫЦАТЫ Тамерлан.

Рæгъмæ рахастой ног хæцгæ низ рапарахат кæнын ма ‘руадзыны æмгуыстады фарстытæ. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй низджынты нымæцыл бонæй-бонмæ æфты, уымæ гæсгæ алы рынчынæн дæр баххуыс кæнынæн хъæуы фадæттæ скæнын.  «Инфекциимæ уавæр вазыгджындæр кæны, афтæмæй нæ бахъæудзæн фылдæр медицинон кусджытæ. Уый тыххæй та спайда кæнын хъæуы районты рынчындæтты поликлиникæтæй. Æппæт тыхтæ дæр саразæм хæцгæ низæй сæйæг адæймæгтæм, æрмæст æндæр низтимæ рынчынты рохуаты нæ ныууадзгæйæ», — бацамыдта Битары-фырт.

Уымæй уæлдай ма республикæйы Сæргълæууæг фæсидт поликлиникæты разамонджытæм, цæмæй бæстондæр кусой, низ уæлæнгæйтты кæй бахъыгдардта æмæ йæхи, хæдзары уæвгæйæ, чи дзæбæх кæны, уыдонимæ. Хицæн ныхас бацахста, хæцгæ низæй рынчынтимæ чи кусы, уыцы дохтырты, медицинон хоты, иннæ æххуысгæнæг адæмы æдасдзинады фарст. Æмбырды архайæг сæйраг дохтыртæ куыд радзырдтой, афтæмæй рынчынты дзæбæхгæнджытæ æххæст сты хихъахъхъæнæн фæрæзтæй, хъæугæ хостæй дæр хъуагдзинæдтæ не ‘ййафынц. Куыст цæуы  низæй бахъахъхъæныны фæрæзтæ æмæ хостæ сфæстауæрц кæныныл дæр.

Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй медицинон маскæтæ æмæ сæрмагонд уæлæдарæс хуыйыны хæс ма сæвæрæн ис республикæйы иннæ хуыйæн куыстуæттыл дæр, æрмæст Æрæфы фабричы хъару æмæ хъомыс фаг не сты. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæйы разамындæн та бафæдзæхста медицинон кусджытæн мызд афойнадыл фидын. Кæронбæттæны та фæсидт æмбырды æппæт архайджытæм,цæмæй фæахадгæдæр кæной адæмимæ æмбарынгæнæн куыст, ахсджиаг у бæрнондзинад равдисын.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ   

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here