Сунжӕйыл — 160 азы

0
281

Ирыстоны рагондӕр хъӕутӕй иу у Сунжӕ — 2021 азы бӕрӕг кӕндзӕн йӕ 160 азы юбилей. Ӕрдзы хъӕбысы ӕрбынат кодта 1861 азы. Фыццаг уыд хъазахъхъаг станицӕ, хауд Дзӕуджыхъӕуы 3-ӕм участокмӕ.

Куыдфӕстагмӕ цӕрджыты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кодта, 1871 азы дзы цардысты 102 бинонтӕ, 1875 азы хӕдзӕрттӕ 518 баисты, цӕрджытӕ та дзы уыдис 2713 адӕймаджы.

Алы адӕмыхӕттытӕ дзы фӕрсӕй-фӕрстӕм хӕларӕй цардысты советон дуджы. Кодтой зӕххы ӕмӕ фосдарыны куыст. Цы ирӕттӕ дзы ӕрцард, уыдон сарӕзтой цыппар колхозы, радтой сын Буденныйы, Чкаловы ӕмӕ Шверникы нӕмттӕ, сӕ иу та схуыдтой «Большевик».

Райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд сунжӕйӕгтӕй бирӕтӕ сӕ цард радтой Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты. Сӕ ном рох никуы уыдзӕн.

Хӕсты фӕстӕ та ӕмдых, ӕмзондӕй бавнӕлдтой хӕлд хӕдзарад йӕ къӕхтыл слӕууын кӕнынмӕ.

1951 азы колхозтӕ баиу сты, иумӕйаг тыхджын хӕдзарадӕн радтой Маленковы ном. Колхозы бирӕ исбонӕй хайджын уыдысты ӕппӕт хъӕубӕстӕ дӕр.

Йӕ быдырты, йӕ фермӕты хъӕздыгдзинадӕй йӕ хорзы кой айхъуыст Сунжӕйӕн. Цалдӕр фермӕйы дардтой бирӕ стурвос, зӕхкусӕджы хъазуатон фӕллойӕ быдырты задис мӕнӕу, нартхор, картоф ӕмӕ алыхуызон халсартӕ. Ахӕм хъӕздыг хӕдзарадӕн йӕ бирӕ ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй Советон Хицауад ӕмӕ Коммунистон парти саккаг кодтой Ленины орден. Фӕстӕдӕр колхозӕн ног ном радтой — «Хӕлардзинад».

Абон дӕр хъӕубӕсты цӕрджытӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысынц, колхозы сӕрдартӕй хицӕн азты чи куыста, уыдоны — Медойты Леонид, Цхуырбаты Иван, Бибылты Георги, Хуыбиаты Владимир, Хуыгаты Раман, Джиоты Георги, Къӕбысты Владислав. Иууылдӕр сты арфӕйы аккаг.

Абон бирӕ хъӕутӕ заууатмӕ ӕрцыдысты, Сунжӕйӕн уымӕй тӕссаг нӕу. Фӕллойуарзаг, кӕрӕдзиуыл ӕнувыд адӕм сӕхи хъаруйӕ архайынц сӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныныл, кӕстӕрты царды раст фӕндагыл сӕвӕрыныл. Цӕрынмӕ дзы ис алы фадат дӕр, адӕмы удӕнцойӕн кусынц Культурӕйы хӕдзар, ногарӕзт амбулатори, дыууӕ скъолайы, посты хайад, библиотекӕ, сывӕллӕтты аивӕдты скъола, дуканитӕ, дыууӕ рӕвдауӕндоны, адӕмы сабыр цард хъахъхъӕнынц пъӕлицӕйы хайады кусджытӕ. Хъӕумӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ цӕуы автомобилон транспорт. Лыггӕнинаг фарстытӕм лӕмбынӕг кӕсы бынӕттон администраци. Ныртӕккӕ Сунжӕйы цӕры 12 мин адӕймаджы, ис дзы 2040 хӕдзары. Йӕ фыдӕлты уидӕгтыл ӕнувыд чи у, йӕ хъӕубӕсты сомбоныл чи тыхсы, кӕрӕдзийы фарсмӕ цины ӕмӕ хъыджы чи балӕууы, ахӕм фӕсивӕд дзы бирӕ ис.

Фарнимӕ, сабыр дуджы размӕ цу, Сунжӕ!

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here