Бирӕгъ

0
502

Ацы сырд адӕмон хӕдзарадӕн стыр знаггад кӕй кӕны, уый алчидӕр зоны. Хъӕууон бынӕттӕ ӕмӕ хӕхбӕсты цӕрджыты фос арӕх кӕй ныццӕгъды, уымӕй уӕлдай ӕхсӕвӕй-бонӕй зилы, кӕрдӕгӕй чи цӕры, уыцы хъӕддаг сырдты фӕстӕ. Цуаноны къухы ӕдзухдӕр тынг зынӕй бафты, иннӕ тугдзыхтӕй ӕмбаргӕдӕр кӕй у, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, скъӕрджыты иувӕрсты ацӕуы, ӕмӕ йӕхи бахъахъхъӕны, рындзыл чи фӕбады, уыдонӕй.

Хъыгагӕн, фӕстаг рӕстӕг бирӕгътӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц Цӕгат Ирыстоны ӕрдзон бынӕтты. Уыдон стӕммӕ ссӕуынц февралы дыккаг ӕмбисы, ӕмӕ 60 боны фӕстӕ зайын райдайынц. Зайгӕ та фӕкӕнынц цӕугӕдонмӕ ‘ввахс. Уымӕн ӕмӕ бирӕгъ йӕ лӕппынты фӕхӕссы дзидзайӕ. Дойны фӕкӕнынц, ӕмӕ бирӕгъ ӕруайы донмӕ. Йӕ гуыбыны цас фӕцӕуы, уыйбӕрц бануазы, стӕй йӕ лӕппынтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ дзыхӕй дон бадары.

Уӕдӕ лӕппынтӕн хӕринаг дӕттын дӕр хъӕуы, ӕмӕ бирӕгъ йӕ холы аныхъуыры стыр хӕйттӕй, бынаты та сӕ сомы лӕппынтӕн. Холы хӕстӕг куы вӕййы, уӕд суанг фысы мард дӕр ӕрбахӕсдзӕн йӕ хъӕлӕсы.

Уӕдӕ куыд ссарӕн ис бирӕгъы ахстон? Уый та афтӕ, ӕмӕ исты куы аргӕвды, уӕд холы фӕхӕссы йӕ лӕппынтӕн. Йӕ фӕд кӕцырдӕм цӕуа, уыцырдӕм цу, йӕ холыйӕ искӕм исты ӕнӕрхаугӕ нӕ уыдзӕн, ӕмӕ цуанон уый руаджы ссары бирӕгъы цӕрӕн бынат. Уый бӕрӕг вӕййы, тугдзых йӕ къӕбылатӕн цы холы фӕхаста, уый стджытӕй. Фӕсал кӕнӕ кӕрдӕг кӕм уыдис, уыцы ран свӕййы мин фысы ривӕддоны хуызӕн. Уымӕн ӕмӕ лӕппынтӕ ӕнцад нӕ фӕлӕууынц, кӕрдӕг кӕнӕ фӕсал сӕ быны ныссӕндынц.

Фӕстӕдӕр бирӕгъы лӕппынтӕ цӕуынхъом куы фӕвӕййынц, уӕд сӕ сӕ мад райдайы холы амал кӕныныл ахуыр кӕнын. Уый тыххӕй бӕрзондмӕ ацӕуынц ӕмӕ боныгон кӕсынц, хохы цӕрджыты фос кӕм хизынц, уыцы бынӕттӕм. Искуы хӕдзарон цӕрӕгойтӕ ӕнӕфснайдӕй куы баззайынц, уӕд фӕсизӕр уыдон дӕр рахъуызынц се ‘мбӕхсӕнӕй ӕмӕ сӕ бахӕрынц. Бирӕгъӕн хӕрын йӕ бон куы нӕ уал вӕййы, уӕд та кӕны цӕгъдгӕ.

Ацы тугдзых стыр знаггӕдтӕ кӕй кӕны адӕмӕн ӕмӕ, кӕрдӕгӕй чи цӕры, уыцы хъӕддаг сырдтӕн дӕр, уый тыххӕй йӕ алы ран дӕр хъӕуы марын. Ӕнӕмӕнг ын зонын хъӕуы йӕ миниуджытӕ. Бирӕгъ дыууӕрдӕм дӕр цӕуы иу фӕндагыл. Ӕндӕрхуызон предмет куы фены, уӕд йӕ фӕндаг аивы. Ӕрра кӕнӕ стӕнмӕ цӕуӕн рӕстӕг ма уӕд, ӕндӕр адӕймагмӕ нӕ уӕнды, тӕппуд кӕй у, уый тыххӕй. Суанг ма кард ӕмӕ дзыппыдаргӕ цырагъы рухсӕй дӕр тӕрсы мӕйдар ӕхсӕвы.

Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here