Ӕгъуызарты Тамерлан кӕм цард, уыцы хӕдзары къулыл…

0
253

Ивгъуыд сабаты, кӕд къӕвда бон уыд, уӕддӕр бирӕ адӕм ӕрбамбырд, Дзӕуджыхъӕуы Дзанайы-фырты уынджы Цӕгат Ирыстоны раздӕры Сӕргълӕууӕг Ӕгъуызарты Тамерлан кӕм цард, уыцы хӕдзары размӕ. Уым кадджын уавӕры байгом кодтой ӕгъуызары-фырты номарӕн фӕйнӕг.

Мысӕн ӕмбырды архайдта ӕмӕ раныхас кодта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Уый йӕ раныхасы куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй ма ацы ӕмбырд иу ӕвдисӕн у, Ӕгъуызарты Тамерлан йӕ цард йе ‘мтуг адӕмӕн лӕггадӕн кӕй снывонд кодта, ӕмӕ йын адӕм стыр кад кӕй кӕнынц, уымӕн.

— Афтӕ рауад, ӕмӕ ӕгъуызары-фырт республикӕйы разамонӕгӕй бирӕ нӕ бакуыста. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы цыбыр рӕстӕгмӕ дӕр йӕ къухы бирӕ арфӕйаг хъуыддӕгтӕ саразын бафтыд, адӕмы зӕрдӕты арф ӕмӕ ирд фӕд ныууагъта, адӕмы ныфс бауагъта, сӕ цард сын фӕхуыздӕр кӕнын ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны фӕрныгдӕр ивддзинӕдтӕн фадат кӕй ис, уымӕй, — загъта Битары-фырт.

Цӕгат Ирыстоны разамонӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, Ӕгъуызары-фыртӕн ӕнӕфӕцудгӕ кад уыд йе ‘мкусджыты ‘хсӕн дӕр, йӕ командӕйы уӕнгтӕй домдта, цӕмӕй, ахсджиаг паддзахадон хъуыддӕгтыл кусгӕйӕ, уой бӕрнон ӕмӕ фӕразон.

— Ӕгъуызарты Тамерлан не ‘хсӕнӕй кӕд ӕгӕр раджы фӕхъуыд, уӕддӕр йӕ фӕрныг хъуыддӕгтӕ цӕрдзысты йе ‘мзӕххонты зӕрдӕты, — фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.

Мысӕн ӕмбырды иннӕ архайджытӕ дӕр сӕ хъуыдытӕ загътой Ӕгъуызарты Тамерланы цард ӕмӕ хъӕппӕрисджын куысты тыххӕй.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир Путины Указӕй 2015 азы 5 июны Ӕгъуызарты Тамерлан нысангонд ӕрцыд Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй. Уыцы аз сентябры Ӕгъуызары-фырт ӕвзӕрст ӕрцыд республикӕйы Сӕргълӕууӕгӕй. Йӕ цардӕй ахицӕн 2016 азы 19 февралы, Мӕскуыйаг рынчындӕттӕй иуы уӕвгӕйӕ.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here