Равзар уӕрӕсейаг курорт

0
300

Сӕвзӕргӕ эпидемиологон уавӕр ивддзинӕдтӕ бахаста бирӕ адӕмы цардмӕ. Зӕгъӕм, фӕсарӕйнаг курортты улӕфын ахуыр чи уыд, уыдон ныр сӕ отпуск ӕрвитынц Уӕрӕсейы. Цы уавӕр сӕвзӕрд, уый тыххӕй ныхас кӕнӕм «Ростуризм»-ы разамонӕг Дыгъуызты Зӕринӕимӕ.

— Зӕринӕ, зындгонд куыд у, афтӕмӕй фыдыбӕстӕйы курорттӕ чи равзӕрста йӕ отпускы рӕстӕг, уыдонӕн уыдзӕн паддзахадон ӕххуыс. Куыд райсӕн ис балцӕджы аргъы хай?!

— Фыццаджыдӕр, бацӕуын хъӕуы электронон сайт мирпутешствий.рф-мӕ. Программӕ кусын куы райдайа, уӕд хъӕуы балхӕнын тур ӕмӕ, сӕрмагондӕй цы уӕрӕсейаг цӕрӕн отель равзӕрстай, уый фӕнысан кӕнын. Балцӕджы аргъы иу хай дӕм фӕстӕмӕ ӕрбацӕудзӕн, домӕнтӕ куы сӕххӕст кӕнай, уӕд. Фыццаджыдӕр, фиддонтӕ бахӕссын хъӕуы банчы картӕ «Мир»-ӕй. Де ‘хцайы иу хай дӕр дӕм фӕстӕмӕ уыцы картӕмӕ ӕрбацӕудзӕн. Дыккаджы та — дӕ балц 5 боны ӕмӕ цыппар ӕхсӕвӕй цыбырдӕр хъуамӕ ма уа, балцӕджы аргъ та уа 25 минӕй фылдӕр. Программӕйы куыд фыст ис, афтӕмӕй фондз бонмӕ балцӕджы аргъӕн йӕ иу хай фӕстӕмӕ дӕ картӕмӕ ӕрбацӕудзӕн. Фӕлӕ уӕ рох ма уӕд, бафидӕн ис ӕрмӕст иунӕг хатт, ӕмӕ онлайн картӕйы фӕрцы.

— Куыд банымайӕн ис, цас ӕхца раздӕхдзӕн картӕмӕ?

— Ӕмткӕй райсгӕйӕ, балцӕгӕн йӕ аргъы 20 проценты уӕрӕсейаг курорт равзарӕгмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзысты. Зӕгъӕм, дӕ балцӕгӕн йӕ аргъ 25-50 мин сомы куы уа, уӕд 5 мин сомы, 50-75 мин сомы чи бафида, уымӕ раздӕхдзӕн 10 мин сомы, уымӕй зынаргъдӕр балцӕгӕн фӕстӕмӕ раздӕхдзӕнис 15 мин сомы.

— Цымыдисаг у, ацы программӕ ныр цӕмӕн ӕрхъуыды кодтой, адӕмӕн сӕ гӕнӕнтӕ хӕрзцыбыр куы сты, уӕд?

— Нӕ сӕйраг нысан у, цӕмӕй не ‘мбӕстӕгтӕн сӕ фӕлладуагъд Уӕрӕсейы мидӕг ноджы парахатдӕр, стӕй ӕнцонвадатдӕр уа, куыд сӕрдыгон, афтӕ фӕззӕджы дӕр. Бирӕтӕн уарзон денджызы был, культурон-зонадон круизтӕ, дзӕбӕхгӕнӕн балцытӕ, ӕрдзы хъӕбысмӕ экскурситӕ ӕмӕ ма бирӕ алыхуызон хиирхӕфсӕнтӕ — ӕдӕппӕтӕй программӕйы фыст ӕрцыд дыууӕ милуан алыхуызон туры. Афтӕмӕй стыр ӕххуыс бакӕндзыстӕм туризмы къабазы кусджытӕн.

— Кӕцы регионтӕ архайынц программӕйы?

— Уӕрӕсейы туризмы историйы фыццаг хатт фӕзынд ахӕм уӕрӕх гӕнӕнтӕ, Калининградӕй Владивостокмӕ алы регион дӕр йӕхи бынӕттон туртӕ бацӕттӕ кодта. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ авд регионмӕ — Хъырым, Севастополь, Краснодары ӕмӕ Стъараполы крайтӕ, Калининград, Республикӕ Алтай ӕмӕ Алтайы краймӕ программӕйы фӕлгӕты балцӕг балхӕнӕн уыдзӕн 1 октябрӕй афӕдзы кӕронмӕ. Уымӕн ӕмӕ ныртӕккӕ уырдӕм абалц кодта тынг бирӕ адӕм.

— Диссаг мӕм кӕсы, ноябры, зӕгъӕм, Хъырымы цымыдисагӕй цы фенӕн ис?

— Уыцы афон дзы вӕййы уӕлдай зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр! Октябры уӕлдӕфы температурӕ 25-30 градусы вӕййы, ноябры — 15 градусы. Уӕд Хъырымы фӕцӕуы алыхуызон фестивалтӕ. Дӕ алыварс — хӕхтӕ, рӕсугъд ӕрдз, фӕззӕджы ирд ахорӕнтӕ. Активон фӕлладуагъд чи уарзы, уыдон та машинӕты абалц кӕндзысты ӕрдӕгсакъадахмӕ.

— Бамбӕрстон дӕ, фӕлӕ, уазал рӕстӕг сентябры кӕм райдайы, уыцы регионты та куыд баулӕфӕн ис?

— Бауырнӕд уӕ, фӕззыгон фӕлладуагъдӕн дзы ӕмбал нӕй, йӕ къӕвдатӕ дӕр ӕхсызгондзинад хӕссынц. Нӕ рагфыдӕлтӕй нын баззад хъӕздыг историон-культурон хӕзнатӕ. Ног цӕстӕй акӕсӕн ис Мӕскуыйы диссаджы архитектурӕмӕ, бабӕрӕг кӕнӕм Тулӕ, ауайӕм Лев Толстойы цӕрӕн бынат Ясная Полянӕйы фӕндӕгтыл ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Калугӕйы облӕсты ис нырыккон аивады музей гом арвы бын, Воронежы облӕсты моладзандонтӕ, аргъуантӕ, музей-фӕдзӕхст бынат, парктӕ. Псковы ӕмӕ Новгороды облӕсты, Карелийы — ам дӕр ис хӕдбындур рӕсугъддзинӕдтӕ.

Никуы уыдзыстут фӕсмойнаг, Петербург бабӕрӕг кӕнгӕйӕ. Хъӕздыг культурон программӕ, ис дзы ӕппӕт дунейыл хъуыстгонд музейтӕ, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы Эрмитаж, нырыккон Петербурджы рӕсугъд ауайӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц туристтӕм.

Цӕугӕдон Волгӕйыл дӕргъвӕтин балцы ацӕуӕн ис Мӕскуыйӕ Астраханы онг. Рагондӕр уырыссаг сахартӕ — Нижний Новгород, Ярославль, Самарӕ, Кострома ӕмӕ иннӕтӕ уыдзысты уӕ фӕндагыл.

Абон туристон центрыл нымад у Татарстаны сӕйраг горӕт Хъазан. Уый дӕр Волгӕйы былгӕрон лӕууы. Цымыдисаг историон-культурон программӕйӕ ӕмӕ национ хӕрзад хӕринӕгтӕй алчидӕр разыйӕ баззайдзӕн.

Кӕсаг ахсын чи уарзы, уыдон сӕ рӕстӕг пайдаджынӕй арвитдзысты Астраханы, ӕнӕферохгӕнгӕ сты горӕты историон центр, йӕ аивадон музейтӕ.

Уӕдӕ фӕззыгон хӕхты ирд ахорӕнтӕ, дзӕбӕхгӕнӕн дӕттӕ, фӕлладуадзӕн курорттӕ кӕддӕриддӕр сӕхимӕ ӕлвасынц адӕмы. Архыз, Домбай, Адыгей, Кавказы Минералон дӕттӕ, Кисловодск, Ессентуки, Железноводск, Пятигорск, Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕрдзӕнтӕ. Ӕхсызгон ӕнкъарӕнтӕ райсынӕй уӕлдай ма фӕззыгон фӕлладуагъды рӕстӕг фидар кӕны адӕймаджы иммунитет. Рохуаты не сты Сыбыры курорттӕ, зӕххы бынӕй гуырӕг хъарм дӕттӕ, хорз гӕнӕнтӕ ис Башкирийы дӕр.

— Уымӕй цымыдисагдӕр балцвӕндӕгтӕ ма дӕ бон у бацамонын?

— Мӕнмӕ гӕсгӕ, бирӕтӕ зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц, фӕззӕджы Приморьейы найӕн сезон кӕй вӕййы, уый. Змисджын пляжтӕ, денджызон балцытӕ, ӕндӕр хиирхӕфсӕнтӕ, ӕрдзы ахӕм  рӕсугъддзинад ӕндӕр ран нӕ фендзыстут.

Аргъӕутты бӕстӕмӕ бахауӕгау сты Байкалы цад, Алтай ӕмӕ хурӕфсӕст Хакаси. Сыбыры хӕхтӕ, йӕ тархъӕдтӕ, фӕдзӕхст бынӕттӕ уӕлдай рӕсугъд сты фӕззӕджы.

Уымӕй тыхджындӕр ӕнкъарӕнтӕ райсӕн ис сентябры цӕгатаг арвыирд фенгӕйӕ, зӕгъӕм, Архангельскы ӕмӕ Мурманскы облӕсты, Карелийы кӕнӕ Ямалы.

— Рагагъоммӕ уӕрӕсейаг курортмӕ фӕззӕгмӕ балцӕг чи балхӕдта, уымӕн дӕр субсиди уыдзӕн?

— Хъыгагӕн, уыдонӕн ахӕм хуызы субсиди нӕ уыдзӕн. Сӕ ӕхцайы иу хай фӕстӕмӕ райсдзысты, ӕрмӕстдӕр бӕлвырд рӕстӕг чи балхӕдта балцӕгтӕ, уыдон.

Уӕрӕсейы курортты комплексон туристон райрӕзтыл бирӕ бакусын хъӕуы. Хатдзӕгтӕ скӕндзыстӕм Уӕрӕсейы Хуссары курортон сезонӕй, дӕсгай азты лыггӕнинагӕй чи лӕууы, ахӕм фарстытӕ дзы бамбырд. Зӕгъӕм, ӕппӕт бӕстӕйы дӕр уазӕгуӕтты фонды 90 проценты базӕронд сты. Хъӕуы ног бӕстыхӕйттӕ аразын, чи ис, уыдон та сцалцӕг кӕнын. Араздзыстӕм, афӕдзы алы афон дӕр баулӕфӕн кӕм уа, ахӕм туристон объекттӕ ӕхгӕд аквапарктимӕ ӕмӕ арвы бын хъарм бассейнтимӕ.

— Фӕсарӕйнаг туристтӕ нӕм кӕй нӕ фӕзындзысты, уый цавӕр финансон зиан ӕрхаста нӕ бӕстӕйӕн?

— Ивгъуыд, 2019 азы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, туризмӕй ӕфтиӕгтӕ рауадысты 10,9 миллиард доллӕры. Уый абарӕн ис хӕцӕнгарзы, хуызджын згъӕртӕ ӕмӕ хъӕдӕрмӕджы экспортӕй ӕфтиӕгтимӕ. Сӕвзӕргӕ эпидемиологон уавӕрмӕ гӕсгӕ ацы аз къазнамӕ нӕ бацыд 500 миллиард сомы бӕрц.

Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин цы закъон бафыста, уымӕ гӕсгӕ 2021 азы 1 январӕй сӕ тыхы бацӕудзысты, 53 бӕстӕйы туристтӕ кӕмӕй пайда кӕндзысты, ахӕм иумӕйаг электронон визӕтӕ. Уӕрӕсейаг туризмӕн уый у историон цау. Ахсджиаг хъуыддаг у, уадз ӕмӕ ӕппӕт Зӕххы къорийыл дӕр ӕмбӕрстгонд уа, Уӕрӕсе сабыр фидӕнмӕ кӕй тырны, ӕргом ӕмӕ уазӕгуарзаг кӕй у. Ӕрбацӕуӕн дзы ис ӕрмӕст иу хатт, 16 боны ӕмгъуыдмӕ. Регионты туризмы къабазы афтӕмӕй фӕзындзӕн ног куысты бынӕттӕ.

— Зӕринӕ, дӕхӕдӕг та дӕ отпуск кӕм арвитдзынӕ?

— Мӕ хорз ӕмбӕлтты стыр къордимӕ ацӕудзыстӕм Алтаймӕ. Тезгъо кӕндзыстӕм ӕрдзы хъӕбысы, къӕдзӕхтӕм схиздзыстӕм, кӕсаг ахсдзыстӕм ӕмӕ алтайаг хӕрзад хойрӕгтӕй саходдзыстӕм. Ныронг-иу мӕ сӕрдыгон отпуск кӕд денджызы был ӕрвыстон, уӕд ацы аз та равзӕрстон хӕхбӕстӕ.

Дарья Буравчикова,

(газет «Аргументы и факты»-йӕ)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here