Хистӕр кары адӕмӕн

0
331

Цӕгат Ирыстоны цӕттӕгонд цӕуы хистӕр кары минӕвӕртты спортивон архайдмӕ ӕмхиц кӕныны сӕрмагонд программӕ.

Уый тыххӕй журналисттӕн фехъусын кодта республикӕйы физикон культурӕ ӕмӕ спорты министр Хуыгаты Алан.

«Хистӕр кары адӕмы спорты алы хуызты архайынмӕ ӕмхиц кӕныны сӕрмагонд республикон программӕйы уагӕвӕрдтӕ ныридӕгӕн цӕттӕ сты. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг программӕйы проектимӕ ӕхсӕнады минӕвӕртты базонгӕ кӕндзыстӕм. Хистӕр кары минӕвӕртты пайдайӕн цы мадзӕлттӕ нысан кӕнӕм, уыдоны номхыгъд дзӕвгар у. Зӕгъӕм, араздзыстӕм, хистӕртӕ се ‘нӕниздзинад фидардӕр кӕм кӕндзысты, ахӕм сӕрмагонд спортивон фӕзтӕ. Кӕнӕ фадӕттӕ уыдзӕн, цӕмӕй пенсион кары адӕм уӕрӕхдӕр пайда кӕной фитнес-залты лӕггӕдтӕй. Программӕйы мадзӕлттӕ уӕрӕх сты, ӕмӕ нӕ уырны, хистӕр кары адӕмы зӕрдӕмӕ кӕй фӕцӕудзысты, ууыл», — загъта Хуыгайы-фырт.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here