Ирыстоныл йӕ зӕрдӕ нӕ ивы

0
346

Адӕймагдзинады миниуджытӕй хайджын чи у, уымӕн йӕ зӕрдӕ дзаг вӕййы уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕй йӕ Райгуырӕн бӕстӕмӕ, йӕ адӕммӕ ӕмӕ сын кӕддӕриддӕр фӕкӕны хъӕбулы лӕггад. Чысыл не сты, не ‘мзӕххонтӕй Ирыстонӕй дард чи цӕры, фӕлӕ фыдызӕххыл ӕнувыд чи у, ахӕм лӕгау лӕгтӕ. Кӕмӕн йӕ амал куыд у, йӕ авналӕнтӕ куыд амонынц, афтӕ хъуыддагӕй ӕвдисынц сӕ иузӕрдиондзинад Ирыстоныл. Уыдонӕй иу у дард Сыбыры цӕрӕг, егъау куыстуат — «Новоангарский обогатительный комбинат»-ы генералон директор Гуыриаты Владимир.

Уый йе ‘ххуысы хай кӕддӕриддӕр кӕны Ирыстоны райрӕзты хъуыддагӕн. Фӕлӕ мӕн фӕнды зӕгъын, ӕрмӕстдӕр Куырттаты комы цӕрӕг адӕмӕн цас хӕрзты бацыд, уый тыххӕй.

Куырттаты комбӕстӕ Владимиры рагӕй зонынц. Уый ивгъуыд ӕнусы 80- ӕм азты йӕ фӕрныг бинонтимӕ ӕрцардысты Фыййагдоны поселочы. Хорз лӕг кӕддӕриддӕр фӕархайы йӕ фӕстӕ хорз фӕд ныууадзыныл. Ӕмӕ Владимирӕн уый йӕ къухы бафтыд. Фӕллойуарзаг, цӕстуарзон, ӕнӕхин, куырыхон зонды хицау, — ахӕмӕй йӕ базыдтой сыхӕгтӕ ӕмӕ ӕппӕт комы цӕрджытӕ дӕр. Уӕд бамбӕрстой куырттатӕгтӕ, Владимир йӕхицӕн хӕсыл кӕй нымайы искӕмӕн исты хорздзинад саразын, искӕй йӕ фӕлмӕн ныхасӕй барӕвдауын, йӕ уды фыдӕбонӕй йын балӕггад кӕнын.

Владимир Фыййагдоны байгом кодта ног куыстуат — хъӕдгуыстгӕнӕн цех. Сифтонг ӕй кодта алыхуызон кусӕн тӕрхтӕй (станоктӕй). Куысты бынӕттӕ дзы фӕзынд сылгоймӕгтӕн дӕр, суанг ма хистӕр кълӕсты ахуырдзаутӕн дӕр дзы уыд рӕстӕгмӕ куыст. Баузӕлыд комбӕсты сабитыл. Йӕхи хардзӕй поселочы сарӕзта «Аргъӕутты горӕт», зӕгъгӕ, сывӕллӕттӕн хъазӕн фӕз. Ам хъӕдӕй арӕзт херытыл, зилгӕ бӕхтыл, хӕдтулгӕтыл, къуыбыртыл райсомӕй суанг изӕрдалынгтӕм сӕхи ирхӕфстой сабитӕ. Ӕрмӕст йӕ аив фӕлгонцад дӕр йӕхимӕ ӕлвӕста канд сабиты нӕ, фӕлӕ ма фӕсивӕды дӕр…

Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм азты, рацарӕзты рӕстӕг, Владимир афтыд Красноярскмӕ. Лӕгау лӕг кӕмфӕнды дӕр фӕхъуыды кӕны йӕ ном ӕмӕ йӕ кадыл. Гуырийы-фыртӕн йӕ зонындзинӕдты авналӕнты парахатдзинад, йӕ фӕллойуарзондзинад фадат лӕвӕрдтой, ӕмӕ ам, ӕцӕгӕлон ран, ӕцӕгӕлон адӕмы ‘хсӕн йӕ сыгъдӕг удвӕллойӕ самадта йӕ кады мӕсыг. Красноярскаг хъуыстгонд амалхъом Владимирмӕ нӕ фӕхӕццӕ ныры фӕлдурӕджджын дуджы зыд, кӕрӕфдзинады комулӕфты тӕваг, нӕ йыл фӕуӕлахиз ӕнӕфсисдзинад. Кӕддӕриддӕр рӕдауӕй йӕ исбонӕй хайджын кӕны йе ‘мзӕххонты, йе ‘ххуысы къух бадары ӕвӕрӕз адӕммӕ.

Гуыриаты Владимир арӕх бӕрӕг кӕны Ирыстоны, йӕ уарзон адӕмы. Ахӕм рӕстӕг Куырттаты комбӕсты цӕрджытимӕ ма фембӕла, уый никуы вӕййы. Куы базыдта, фыййагдойнӕгты нуазыны доны фагдзинад ӕмӕ сыгъдӕгдзинад тыхсын кӕны, уӕд ыл ӕвӕстиатӕй бацархайдта. Рауӕлдай кодта хъӕугӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕ. Бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Гуыриаты Валериимӕ сбӕлвырд кодтой Лӕцы комы сыгъдӕг сатӕг донгуырӕнтӕ ӕмӕ поселочы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕм уырдыгӕй сыгъдӕг дон уагъд ӕрцыд. Донарӕхӕн уӕд йӕ цард Владимирӕн.

Владимир йӕ цӕст дары комбӕсты историон цыртдзӕвӕнтӕм дӕр. Сӕ ӕдзӕллаг уавӕрыл батыхсы ӕмӕ сӕ банывыл кӕнынӕн аразы алы мадзӕлттӕ. Сагъӕсы йӕ бафтыдта, астӕуккагӕнусон истори ӕмӕ архитектурӕйы ӕмбисонды цыртдзӕвӕн — Дзывгъисы фидӕртты ӕдзӕллагдзинад. Уӕдӕ, Куырттаты комӕн бындурӕвӕрӕг Куыртта ӕмӕ йе ‘фсымӕр Тӕгайы рагон мӕсыг Дӕллагхъӕуы сӕрмӕ, рагон Уӕлӕсыхы кӕлӕддзаг уавӕрӕй та йӕ зӕрдӕ бынтон бамӕгуыр. Уый ӕвӕстиатӕй фӕсидт комбӕсты хъӕппӕрисджын кӕстӕртӕм, бабар сын кодта, цӕмӕй мӕсыг ногӕй рацаразой.

Нӕхи цӕрдӕг, ӕнӕзивӕг лӕппутӕ йӕ бабӕстон, бабӕлвырд кодтой. Ӕхцайы фӕрӕзтӕ чысыл кӕм бахъуыдаид ахӕм гӕнахы рацарӕзтӕн?! Фӕлӕ зӕрдӕхӕлар Владимир ахӕм хъуыддагӕн ницы бавгъау кодта. Абон, аив, фидар мӕсыг, цыма йӕ хӕрзгӕнӕджы агуры ӕмӕ йын бузныг зӕгъынмӕ хъавы, уыйау цырддзаст салдатау фӕлгӕсы бӕрзондӕй.

Дызӕрдыггаг нӕу, Дзывгъисы фидӕрттӕм дӕр кӕй базилдзӕн, уый. Рӕхджы ам дӕр райдайдзысты рацарӕзтон куыстытӕ. Фӕнды йӕ къӕпхӕнгай базилын комбӕсты ӕппӕт историон цыртдзӕвӕнтӕм.

Уӕдӕ та дзы рӕзгӕ фӕлтӕр дӕр ӕнӕрӕвдыдӕй нӕ баззадысты. Культурӕйы галуанӕн балӕвар кодта, ирон кафт «Симд»-ы 13 къайӕн цы фӕлыст хъуыд, уый.

Стыр ӕвӕрӕн бахаста Гуырийы-фырт Куырттаты комы туризмы райрӕзтмӕ.

Гуыриаты Владимир Ирыстонимӕ, Куырттаты комимӕ йӕ бастдзинад нӕ халы, уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ бастдзинад хъуыддагӕй бонӕй-бон фидардӕр кӕны.

Владимиры сыгъдӕг уды лӕвӕрттыл ӕгӕрон у нӕ цин махӕн, Куырттаты комы цӕрджытӕн. Ӕмӕ йын зӕгъӕм бузныг! Хуыцау ын арфӕгӕнӕг уӕд! Цинтӕй дзаг уӕд йӕ фӕрныг къона!

Фӕрниаты Рая,

Уӕллаг Фыййагдон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here