Нӕхионӕй нӕхи зӕгъынхъом дӕр нал стӕм

0
365

Ирон адӕймаг кӕмфӕнды куы сгуыха, уӕддӕр ӕхсызгондзинад хӕссы йе ‘мбӕстӕгтӕн. Уадз ӕмӕ нӕра ирон лӕджы ном. Фӕлӕ ныл схӕцыд Секъайы загъдау «искӕй хуымы цыргъ ӕхсырфы» низ — Ирыстоны, цы адӕм дӕ радтой, уый рох кӕныны низ. Ӕмӕ нӕ чи цы бӕстӕйы фӕцӕры, уый уым уалдзыгон митау батайы, йӕ фӕстӕ цы цот ныууадзы, уыдон нал фӕфӕнды сӕ фыдӕлты, сӕ равзӕрд зонын. Уымӕ зӕрдӕргъӕвддзинад сӕм нӕ райтынг кӕнынц сӕ ныййарджытӕ, ӕмӕ сын ӕцӕгӕлон адӕмы ‘хсӕн сӕ фӕд фесафынц. Ирыстонимӕ, ирон адӕмимӕ бастдзинад аскъуыд бирӕ фӕсарӕйнаг ирӕттӕн нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсейы зӕххыл чи цӕры, ахӕмтӕн дӕр. Нудӕсӕм ӕнусы уӕрӕседзауты кой нал кӕнӕм, фӕлӕ ссӕдзӕм ӕнусы ссӕдзӕм азты ахуыры, куысты фӕдыл Ленинградмӕ, Мӕскуымӕ ӕмӕ иннӕ горӕттӕм чи афтыд, уыдонӕн дӕр сӕ байзӕддаг нал сты ирӕттӕ ӕвзаг ӕмӕ удыхъӕдӕй.

Ирон адӕймаг фылдӕр хатт кӕмӕфӕнды дӕр ӕххуырсты фӕцӕудзӕн, цӕйнӕфӕлтау Ирыстонӕн балӕггад кӕна. «Исчи дзы хорз зӕгъдзӕн, хионы цӕсты та нӕ сахаддзӕн», — хъуыды кӕнгӕйӕ. Ӕмӕ уымӕй йӕ хъуыды раст у, фӕлӕ афтӕмӕй наци ныфс ӕмӕ тыхӕй, зонд ӕмӕ фарнӕй мӕгуыр кӕны. Йӕ мад ӕмӕ фыды ӕвзӕр ничи хоны. Кӕд ахӕмтӕ сты, уӕд сӕ ды схорз, скадджын кӕн. Ирыстоны, ирон адӕмы скадджын, снамысджын кӕнын кӕсы йӕ хъӕбултӕй алкӕмӕ дӕр. Ӕмӕ уыцы хъуыддагыл размӕ хӕцгӕйӕ, уӕхски-уӕхск ӕнгом ӕрбалӕууын хъӕуы.

Кӕннод абоны бон нӕ сины сӕртыл ӕрхӕцӕм, паддзахы ӕфсады 40 инӕларӕй фылдӕр уыдис, зӕгъгӕ, Ирыстонӕн дзы чи цы хорзы бацыд, ууыл нӕ ахъуыды кӕнгӕйӕ. Афтӕмӕй дзы чидӕртӕ сӕхи ирон дӕр нал хуыдтой, Уырысы ӕхсинтӕм ӕхсины лӕгтӕй цардысты. Уыдонӕй алчидӕр Цӕлыккаты инӕлар Данелбеджы куы бафӕзмыдтаид, уый йӕ мыггагӕн, йӕ хъӕуӕн цы хӕрзты бацыд, уымӕй, уӕд Къоста Ирыстоны тыххӕй нӕ фыстаид: «ӕрцыдтӕн… Мӕхицӕй фыддӕр мӕгуырӕй куы ссардтон дӕу дӕр, мӕ уарзон, мӕ иубӕстон адӕм!..” Уӕдӕмӕ сӕ фылдӕр уыдысты Ромы, Византийы, Китайы ӕмӕ манголты ӕфсӕдты аланты хӕстонтау, кӕйдӕр хуымы цыргъ ӕхсырф! Ирыстоны хуымы та згӕхӕрд гутон дӕр нӕ. Куындыхаты Муссӕйӕн та артӕн бын фӕнык нӕ уыд йӕ адӕмӕн фыдбылыз ракӕныны охыл: тох самадта ирондзинады, ирон адӕмы ӕхсӕн рухстауӕг Колыты Аксойы ныхмӕ, Дзӕуджыхъӕуӕй горӕт куы сарӕзтой, уӕд ирӕтты сырдта Олгинскӕмӕ, сымах, дам, горӕты цӕрыны аккаг адӕм не стут. Стӕй та сын сӕ иу хай йӕ фӕдыл асайдта ӕцӕгӕлон бӕстӕ Туркмӕ, уыдонимӕ фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболат дӕр.

Ныры дуджы нӕ сагъӕс, нӕ катай ссис нӕ мадӕлон ӕвзаг. Ӕвзаг цӕуы мадӕй, мадӕлон дӕр ӕй уымӕн хонынц ирон адӕм. Ӕмӕ нӕм мадӕй нал цӕуы, сӕфгӕ дӕр уымӕн кӕны. Ирон сылгоймӕгтӕ сӕ цотмӕ иронау дзурын сӕ сӕрмӕ нал хӕссынц. Ахуыры, дам, ӕй бахъыгдардзӕн. Скъулбадӕг сӕ кӕнынц ӕмӕ сын стыр ахуыргӕндтӕй нӕ, фӕлӕ наркотиктӕй уколтӕ кӕнын, хъылма дымыны «профессортӕй» агӕпп ласынц.

Ӕвзагимӕ баст у адӕмы фарн, ӕнусты дӕргъы фӕлтӕртӕ абонмӕ кӕй ӕрхастой, ахӕм хӕзна, цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнинаг хӕзна ӕмӕ йӕ нӕ сылгоймӕгты дзӕвгар хай йӕ къахы бырынкъӕй акъуыры. Йӕ бынат сафтид вӕййы ӕмӕ дзы ӕрбынат кӕны ӕнӕхъоладзинад, ничидзинад. Афтӕмӕй фӕлм бады нӕ адӕмы фидӕныл.

Ирыстоны сомихагимӕ, гуырдзиагимӕ, азербайджайнагимӕ, уырыссагау ныхас кӕныс, ӕмӕ, зӕгъгӕ, сӕ цотӕй исчи уӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыд, уӕд уайтагъд сӕхи ӕвзагыл дзурын райдайынц. Ирӕттӕ та сӕ цотмӕ хӕдзары дӕр иронау нал дзурынц.

Ирон сылгоймаджы дзыхӕй ирон ныхас йӕ хъӕбулмӕ куы нӕ цӕуа, уӕд скъолайы, ӕхсӕнады хъомыс бирӕ нӕ ахады.

Нӕ сылгоймӕгтӕ хуыздӕрхъуаг сты цот кӕныны хъуыддаджы дӕр. Иу, дыууӕ сывӕллонӕй фылдӕр сӕ никӕйуал хъӕуы. Сӕхицӕн зын нал кӕнынц. Уый хыгъд сӕ мӕхъӕлонмӕ, гуырдзиагмӕ исчи чындзы куы ацӕуы, уӕд сӕ дӕсгӕйттӕй фылдӕртӕ бакӕнынц. Уымӕй сӕ йӕхи ирон ӕвзагыл нӕ бафтауынц, фӕлӕ ма сӕхӕдӕг дӕр сӕ мадӕлон ӕвзаг ферох кӕнынц.

Дзуттӕгтӕ нын бафӕзминаг бирӕ цӕмӕйдӕрты сты. Уыдонмӕ хӕрӕфырт цыфӕнды нацийӕ дӕр куы райгуыры, уӕд уый дӕр сӕхиуыл нымайынц, дзуттаг ӕй хонынц. Афтӕмӕй иуӕй фылдӕр кӕнынц, иннӕмӕй иннӕ адӕмты тугӕй фидардӕр кӕнынц сӕ наци. Махмӕ та ирон чызг ӕндӕр искӕмӕ чындзы куы ацӕуы, уӕд ын йӕхиуыл дӕр дӕ къух ауигъ. Иннӕ бӕллӕх та — лӕппутӕй ӕндӕр адӕмыхаттӕй ус чи ракуры, уыдонӕн дӕр сӕ цот сӕ мады фӕдыл ацӕуынц, сӕ ирондзинад фесафынц. Ӕмӕ нӕ наци бонӕй-бонмӕ тайы, къаддӕр кӕны.

Уарз дӕ бӕстӕ, зон дӕ хъӕстӕ, — сиды нӕм ирон ӕмбисонд, фӕлӕ йӕ ницӕмӕ дарӕм. Нӕ бӕстӕ, нӕ хъӕстӕйы, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уарзгӕ дӕр нал кӕнӕм ӕмӕ зонгӕ дӕр. Нывыл ницы аразӕм, иубононтӕ систӕм, нӕ фидӕныл, нӕ кӕстӕрты хъомыладыл арф хъуыды кӕнын нал зонӕм, куыдфӕндыйы зӕрдӕйыуаг нӕ къуыдилыйау хӕры, нӕ уӕнгты пъӕззыйау ныббадт.

Абон цы ацӕрон, уый — мӕхи, цас фылдӕр фӕфос кӕнон, куыдӕй, ууыл нӕ ахъуыды кӕнгӕйӕ, уый сси бирӕты царды нысан. Ӕмӕ сӕрмӕ нӕхӕссинаг хъуыддӕгты ныллӕууыдысты. Уый бырынцъаг фӕндаг у, хорзмӕ нӕ кӕны, йӕ рӕзтӕ ӕхгӕд сты, йӕ кӕрон бӕллӕх у. Ферох сӕ ис: искӕй исбонӕй исбон нӕй, тӕригъӕд нӕ тайы, стӕй ирон ӕмбисонд та: хорзӕн бын ма скӕн, ӕвзӕрӕн бын ма ныууадз. Ӕмӕ ахӕмтӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ цот ӕвзӕртӕ — бынхортӕ систы.

Мах дӕр, абоны ирӕттӕ, нӕ фыдӕлты раз ӕвзӕрты уаджы стӕм, бынтӕн, хорзӕн нын цы ныууагътой, уыдон бахъахъхъӕныныл нӕхи нӕ риссын кӕнӕм. Уыдонӕн сӕ ахъаззагдӕр, сӕ астӕуыстӕг та у ирон-алайнаг ӕвзаг. Ууыл лӕууынц, уый сӕ хъахъхъӕны, уый сӕ фидӕнаразӕг у.

Аланты ӕвзаг ирайнаг ӕвзӕгты къордӕй кӕй у, алантӕ скифты ӕмӕ сӕрмӕтты фӕстагӕттӕ кӕй сты, уый ахуыргӕндтӕн дызӕрдыггаг рагӕй нал у. Уӕдӕ ӕнӕхъӕн Кавказы алантӕм ирӕттӕй ӕввахсдӕр кӕй ничи ис: ӕвзагӕй, ӕгъдауӕй ӕмӕ культурӕйӕ дӕр, уый дӕр раджы сбӕрӕг кодтой ӕмӕ загътой: «Алантӕ сты ирӕтты фыдӕлтӕ!» Алантӕ та сӕ хуыдтой иннӕ адӕмтӕ, абон дӕр ма нӕм сомих дзурынц уыцы номӕй. Иннӕ адӕмтӕ ирӕтты алантӕ кӕй хуыдтой, уыцы ӕцӕгдзинад ӕвдисы нӕ адӕмон сфӕлдыстад. Уым ирон адӕймаг уӕйгуытӕм кӕнӕ ӕндӕр адӕммӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куы бахауы ӕмӕ куы бамбӕхсы, уӕд йӕ фыдгӕнӕг фысым фӕзӕгъы. «Аллон-биллоны тӕф мыл кӕлы». Ома, алантӕй-аллонтӕй чидӕр нӕ хӕдзары ис, кӕнӕ уыд, зӕгъгӕ.

Алантӕ нӕ азнымады фыццӕгӕм ӕнусӕй фӕстӕмӕ цардысты Цӕгат Кавказы стыр тъӕпӕнты. Уалӕ Тебердайӕ райдай ӕмӕ Грозна — Аргуны фале Дагестаны арӕнмӕ бахӕццӕ у. Донӕй райдай ӕмӕ Мцхетамӕ ахиз. Абон уыцы зӕххытыл бирӕ ӕндӕр адӕмтӕ цӕрынц, сӕ байзӕддаг — ирон адӕммӕ ма дзы цы чысыл зӕххы гӕппӕл хауы, уый дӕр нын дзырддаг сси. Уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг нӕхионӕй нӕхи зӕгъынхъом дӕр нал стӕм.

Ссӕдзӕм ӕнусты райдайӕны номдзыд Темырханты Вано (Сослан) хуымӕтӕджы нӕ фыста: «Мах куы зониккам, нӕ фыдӕлтӕ чи уыдысты ӕмӕ сӕ къухӕй цы нӕртон хъуыддӕгтӕ цыди, уый, уӕд хъал уаиккам нӕ ирон номӕй ӕмӕ нӕ сӕр ӕгадмӕ нӕ уадзиккам.» Фӕлӕ нӕм ацы арф мидисджын сидт дӕр нӕ бахъардта: нӕхи хуыздӕр базонын ӕмӕ нӕ фыдӕлты аккагӕй нӕхи ӕвдисыны ныфс нӕм нӕма ис. Былысчъил сын кӕнӕм се ‘взагыл, сӕ фарны хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттыл. Гадзрахатӕй сыл цӕуӕм, къӕбӕрыл сын ивӕм сӕ намыс, сӕ историон фӕд. Уӕд цӕмӕн?

Кӕд, мыййаг, аланты тугӕй ницыуал баззад нӕ уӕнгты, байсысти сӕ фидар удыхъӕд нӕ зӕрдӕты, нӕ зонды ӕмӕ цирчы ӕрмахуыр фӕллад стайау ӕнахуыр коммӕгӕс систӕм. Разы стӕм алцӕуыл дӕр, ӕрмӕст нын нӕ разыдзинадӕн, уӕнгмарддзинадӕн, куыдфӕндыйы зӕрдӕйыуагӕн, кӕй пайдайӕн сты, уый цирчы зӕронд ӕмӕ фӕллад домбайӕн, хъазӕн хъул дзы чи скодта, уый йӕ дзыхы сӕкӕры къӕртт куыд баппары, афтӕ исты сайӕн раппарид. Ӕмӕ ныл уӕд худинаджы гакк нӕ бады, нӕ быныхъӕр нӕ райхъуысдзӕн? Кӕмӕндӕрты та нӕ истори — хӕлӕттаг. Ома, абон аланты зӕххытыл чи цӕры, уыцы адӕмтӕн.

Цалдӕр азы размӕ Мӕхъӕлы хӕхбӕсты кодтой археологон куыстытӕ. Уый фӕдыл журнал «Наука и жизнь» 2008 азы йӕ дыккӕгӕм номыры ныммыхуыр кодта егъау ӕрмӕг «Скифы на Кавказе», ӕмӕ йӕ сӕйрагдӕр хатдзӕг уыд ахӕм: «В Цеча-Ахке искали вайнахские захоронения, а нашли аланские». Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй мӕхъӕл быдыры нӕ, фӕлӕ хӕхты дӕр цӕрынц нӕ фыдӕлты зӕххыл. 1998 азы Мӕскуыйы уагъд «Энциклопедион дзырдуат»-ы амынд цӕуы вайнахтӕ Кавказы кӕй фӕзындысты VII ӕнусы, кӕсӕг та сӕ абоны зӕххыл — аланты зӕххыл ӕрцардысты XIII-XV ӕнусты. Уый размӕ цардысты Сау ӕмӕ Азовы денджызты былгӕрӕтты. Уый тыххӕй мӕнӕ куыд фыссы ахуыргонд В.П. Пожидаев йӕ цыбыр историон-этнографион очерк «Горцы Северного Кавказа»-йы (рацыд Мӕскуыйы 1926 азы): «С незапамятных времен это племя (кабардинцы) обитали в углу Черным и Азовским морями и было известно у древних греков, которые жили рядом с ними на берегу Черного моря, под именем керкетав и зюхов».

Ӕртындӕсӕм ӕнусы Аланты паддзахад синтой Тимур-Тамерланы лӕджыфыдхор ӕрдонгтимӕ хӕстыты Цӕгат Кавказы иунӕгӕй куы аззад, уӕд ыл ӕппынфӕстаг фӕтых сты, ӕмӕ йын йӕ адӕмы знаг бындзагъд фӕкодта, йӕ быдыртӕ Архызӕй Аргунмӕ сафтид сты. «После них (алан) расселились на своих местах ингуши, чеченцы и кабардинцы-черкесы. Позднее всех из горцев пришли на Кавказ татарские племена — кумыки, карачаевцы-балкарцы — всего каких-нибудь 400-500 лет тому назад», — фыссы ахуыргонд.

Абоны балхъар ӕмӕ хъӕрӕсейы зӕххыл алантӕ-ирӕттӕ кӕй цардысты, уый бӕрӕг у Максим Ковалевский ӕмӕ Всеволод Миллеры иртасӕн куыстытӕй дӕр. В. Миллер йӕ наукон куыст «Сообщение о поездке в горские общества Кабарды и в Осетию летом 1883 года»-йы биноныгӕй фыссы, Балхъары ӕмӕ Хъӕрӕсейы зӕххытыл йӕ абоны цӕрджытӕ алантимӕ куыд схӕццӕ сты, уый. Балхъары, дам, уыцы уавӕр цыд хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ, Урухӕй Эльбрусы хохы рӕбынтӕм. Черекы, Чегем ӕмӕ Баксаны кӕмттӕм ӕрцӕуӕг тюркаг адӕм бирӕгӕйттӕй куыд лыгъдысты ӕмӕ амы цӕрӕг аланты куыд къуындӕг кодтой. Ном балкар дӕр, дам, бар+кар сӕ ӕвзагыл амоны: иди и оставайся. Ӕмӕ Асыйы фӕзындысты Черекы балхъайраг ӕхсӕнад, стӕй Чегемы ӕмӕ Баксаны Урусбиевтӕ.

Афтӕ сабыргай ацы кӕмтты ирон цӕрджытӕй иутӕ абоны Ирыстонмӕ лидзӕг фесты, уӕлдайдӕр та Дыгургоммӕ, иннӕтӕ та се ‘взаг ӕмӕ дин фесӕфтой. Фӕлӕ сӕ фӕд, сӕ ирон-алайнаг ӕвзаг баззад амы бынӕтты ӕмӕ цӕугӕдӕтты нӕмттыл.

«Приведем несколько из этих названий, — фыссы В. Миллер. По-осетински река называется «дон» — это слово в форме «дан» является во второй части названия многих рек; в Балкарском ущелье: Куран-дан (по-дигорски кройнӕ дон — мельничная река); в Чегемском ущелье: Сагдан (по-осетински сӕгъ дон — козья река); Саудан (по осетински сау дон — черная река, родник). Осетинское название для ущелья «ком» в форме «кам» сохранилось во многих местах: Саукам (осет. сау ком — черное ущелье) в Балкаре и Чегеме; Асиакам (осет. Асиаг ком — Балкарское ущелье). В названиях перевалов сохранилось осетинское название «ӕфцӕг» в форме «вчик» или «вцек»: Стуливцек (осет. стур ӕфцӕг — большой перевал в Балкарском ущелье, Саувчик (осет. сау ӕфцӕг — черный перевал), Джуарвчик (осет. дзуар ӕфцӕг — крестовый перевал) в Чегемском ущелье. Некоторые пещеры сохранили осетинское название «лагат», гроты в скалах называются у горцев — татар осетинским именем «дорбун» (дор — камень, бун — под, низ); осетинское слово «бууат» (место) звучит в некоторых названиях местностей в Чегемском и Баксанском ущельях: дгъа-бууат, шам-бууат и др.»

Амы уӕды цӕрджыты тыххӕй та фыссы афтӕ: «Целый ряд данных указывает на то, что горцы-татары представляют племя, смешавшиеся из пришельцев татар и туземцев, которыми, по всей вероятности, были осетины. Среди горцев встречаются два типа, резко отличающиеся друг от друга: один, напоминающий монгольский, хотя и со значительно сглаженными чертами этого типа: торчащие уши, узкие глаза, выдающиеся скулы, скудная растительность на подбородках; другой тип — арийский, сильно напоминающий тип осетин-дигорцев: правильные черты лица, кавказские носы, густые бороды, карие, нередко серые и голубые, интеллигентные глаза и т.д.

Ӕппӕт ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ ноджы уырнинагдӕр кӕнынц ацы кӕмтты, Кавказы археологийы институты, археологтӕ абон цы куыстытӕ кӕнынц, уыдоны хатдзӕгтӕ. Ацы кӕмтты, горӕт Прохладныйӕ Азаумӕ арӕзт цӕуы машинӕфӕндаг, ӕмӕ дзы рагацау кӕнынц археологион куыстытӕ. Цытӕ уал дзы ракъахтой, уыдоны тыххӕй экспедицийы хицау, археологон иртасӕнты центр «Наследие Кубани»-йы директор Евгений Нарожный 2009 азы газет «Аргументы и факты»-йы журналисты фарстӕн ахӕм дзуапп радта: «Найденная керамика, ножи, наконечники для стрел, пряслица, проколки для одежды рассказывают о мирных контактах местных жителей-горцев с воинственными скифами-кочевниками». Ай-гъай, ам дӕр скифтау арийаг адӕм, хион адӕм царди.

Хъӕрӕсейы тыххӕй та мӕ цыбырӕй уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ ам сты дӕсӕм ӕнусӕй раздӕры амад алайнаг аргъуантӕ. Хъӕрӕсейӕгтӕ ма абон дӕр кӕрӕдзимӕ дзурынц: «Ей алан». Алан уӕвын сӕм ахӕм кадджынӕй баззад.

Тимуры фӕстӕ ма ирӕттӕй быдырты цы муртӕ аззад, уыдоны дӕр ардӕм ӕрбалидзӕг кӕсӕг хъыгдардтой, цӕрын сӕ нӕ уагътой сӕ фыдӕлты зӕххытыл, сӕ фос, мулк сын истой, мардтой сӕ, ӕмӕ сӕ фылдӕр сӕ сӕртӕ ӕфснайдтой хӕхбӕсты, иннӕтӕ пысылмон дин райстой ӕмӕ скӕсгӕттӕ сты.

Хӕхбӕсты цы ирӕттӕ ӕрцард, уыдоны тыххӕй В.П. Пожидаев фыссы: «От постоянного недоедания и связанных с ним эпидемий, когда-то сильный и многочисленный осетинский народ начинает вымирать медленно, но безостановочно. К приходу русских от северных осетин, которых за 500 лет перед этим насчитывалось не менее 300000 человек, теперь осталось не более 30-40 тысяч человек. Когда-то грузинский царь Георгий III попросил у своего родича, осетинского царя Даргулеля военной помощи, тот в одну неделю собрал (по грузинским летописям) 40000 отборных воинов и послал их своему грузинскому родичу».

Гъе, ахӕм у историон ӕцӕгдзинад. Ӕмӕ, искуы-иу ӕнӕмбаргӕ адӕймаг йӕхимӕ ныхас куы райсы, суанг телеуынынады ӕмӕ радиойы дӕ, ӕмӕ ӕнӕбындурӕй куы фӕдзуры, ам, ома, Ирыстоны зӕххыл, ногъай ӕмӕ кӕсӕг цардысты, зӕгъгӕ, уӕд ӕм куыд не смӕсты уыдзынӕ.

Ис, быдыры хъӕуты зӕххыты хӕйтты, «Кӕсӕджы уӕлмӕрдтӕ» кӕй хонынц, ахӕмтӕ. Уыдон фӕзындысты кӕсӕг, Тъӕпӕн Ирыстоны ирӕтты куы фӕсырдтой, хӕхбӕстӕй сӕ быдырмӕ ракӕсын куы нӕ уагътой, хъалон сыл куы ӕвӕрдтой, уӕд. Уӕд сын Иры дзыхъхъ та уӕтӕртӕн уыд, ӕмӕ дзы сӕ фосимӕ сӕ фыййӕуттӕ, хъомгӕстӕ цардысты, мардысты. Ӕмӕ сӕ ӕххуырстыты мӕрдтӕ Кӕсӕгмӕ нӕ ластой, ам сӕ ныгӕдтой. Уӕдӕ, ногъай та Астӕуккаг Азийы цӕрӕг адӕм уыдысты, Кавказмӕ дзы хӕрзчысыл ӕрбалыгъд.

Уырыс Цӕгат Кавказы куы ӕрфидар сты, уӕд Кӕсӕгмӕ бартхъирӕн кодтой, цӕмӕй ирӕтты мауал хъыгдарой. Ирӕттӕн та бар радтой быдырмӕ ралидзынӕн. Уый фӕдыл В.П. Пожидаев фыссы: «Не сдерживаемые никакими запретами они, как через открытую плотину, хлынули на плоскость, на свои давно покинутые займища, и быстро заселили пространство, лежащее перед их ущельями, образовав так называемую Плоскостную Осетию». Ӕмӕ ма… «благодаря природным дарованиям и своей сметливости, они быстро опередили своих более косных соседей, в том числе и своих прежних опекунов-кабардинцев».

Ацы историон хабӕрттӕ зонын, ӕнӕмӕнг, хъӕуы, ӕмӕ дын уӕд дзӕгъӕлдзурӕджы ных ӕнцонӕй бакъуырӕн уыдзӕн. Стӕй нӕхионӕй нӕхи дзурын дӕр. Мах абон никӕй зӕххытӕм ныхилӕм, цы быдырты, хӕхты цӕрӕм Цӕгаты уа, Хуссары, уыдон нӕ фаг сты, тыхсӕм, нӕ адӕмы нымӕц фылдӕр кӕй нӕ кӕны, ууыл, стӕй Арвыком Иры зӕхх кӕй у, уый дӕр сусӕг никӕмӕй у.

Ирыстоны зӕхх О. Бальзакы Шагрен уӕлдзармӕй уӕлдай нӕу. Ӕцӕг, уый йӕ хицауы цардмондагӕй ӕмпылд, Ирыстоны зӕхх та — нӕхи фыдӕй. Хуссары Ленингоры районмӕ сӕ хицауад зулцӕстӕй кӕй кастысты, фӕндӕгтӕ ӕмӕ дзы царды уавӕрты кӕй нӕ арӕзтой, ирондзинадыл дзы кӕй нӕ куыстой, уый аххосӕй йӕ адӕм фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты. Ӕмӕ абон йӕ цӕрджыты фылдӕр хай сты гуырдзы.

Арвыком ӕмӕ Хъуд —Иры бӕстӕ кӕй уыдысты, уый Уӕрӕсейӕн равдисын нӕ сарӕхстыстӕм, фаг ыл нӕ бакуыстам, чи дзы цард, уыдонмӕ ӕмбӕлгӕ ӕргом здӕхт нӕ цыд, ӕмӕ фӕлыгъдысты сӕ фыдӕлты уӕзӕгӕй. Ныр ма ацу ӕмӕ дам, кур, нӕ къухӕй куы фӕхаудтой, ирон цӕрӕг дзы куы нал ис, уӕд.

Абон Мӕздӕджы районы ӕмӕ Черменыхъӕуы ирӕй цӕцӕн ӕмӕ мӕхъӕл фӕфылдӕр сты. Амы цӕрджытӕ лидзынц Дзӕуджыхъӕумӕ. Афтӕ куы ахӕсса, уӕд та тагъд уыдонӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм.

Нӕ сӕйрагдӕр сагъӕс та у нӕ адӕмы нымӕц. Мах абон зӕххъуаг не стӕм. Стӕм адӕм хъуаг. Адӕм куы уа, уӕд сӕхицӕн цӕрӕн бынат ссардзысты, Ирыстоны арӕнтыл фӕйнӕрдӕм ахӕцдзысты. Абон цӕцӕн, мӕхъӕл ӕмӕ Дагестаны адӕмтӕ куыд кӕнынц, афтӕ. Цӕрынмӕ лидзынц Мӕздӕджы районмӕ, Стъараполы ӕмӕ Краснодары крайтӕм, Ростовы, Волгограды облӕсттӕм ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕндӕр рӕттӕм. Ӕрмӕст цӕцӕнӕй фӕсарӕйнаг бӕстӕты цӕры милуанӕй фылдӕр. Ӕмӕ ацы адӕмтӕ искуы цӕргӕйӕ дӕр, ирӕттау, се ‘взаг, се ‘гъдӕуттӕ, сӕ фыдӕлты цардуаг нӕ сафынц.

Мах дӕр, бирӕ куы кӕниккам, уӕд нын зӕхх дӕр уаид ӕмӕ зӕрдӕдаргӕ фидӕн дӕр. Уый тыххӕй та нӕ фыдӕлты фӕдзӕхст: авдӕн — авдӕн ӕххӕст кӕнын хъӕуы. Махмӕ та ӕртӕ чи ныййары, уый ӕгӕр фӕвӕййы. Фылдӕр та иу кӕнӕ — дыууӕ. Уыдонӕн дӕр сӕ зынгӕ хайӕ рауайы наркомантӕ, расыггӕнджытӕ ӕмӕ ӕдзот фӕвӕййынц, кӕнӕ ус нал ракурынц. Афтӕмӕй ихсийы нӕ наци, сысы йӕ цардхъомдзинад.

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here