«Кинойы ӕхсӕв» — Цӕгат Ирыстоны дӕр

0
360

Ӕрвылазон ӕппӕтуӕрӕсеон акци «Кинойы ӕхсӕв» ацы аз арӕзт ӕрцӕудзӕн 29 августы (йӕ райдайӕн — 20 сахатыл бынӕттон рӕстӕгмӕ гӕсгӕ).

Куыд иннӕ хӕттыты, афтӕ та ныр дӕр дзыллон аивадон акцийӕн фадӕттӕ сарӕзтой УФ-йы Культурӕйы министрад ӕмӕ сфӕлдыстадон иугонд «Кинойы фонд».

Цӕгат Ирыстоны Культурӕйы министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уыцы дзыллон мадзалы архайыны фӕндон равдыстой ӕппӕт уӕрӕсейаг регионтӕ дӕр (кинойы равдыстытӕ цӕудзысты 2500 кинотеатр ӕмӕ культурӕйы хӕдзӕртты). Акцийы архайӕг суыдзысты цӕгатирыстойнаг культурӕйы артдзӕстытӕ дӕр. Уыдоны нымӕцы — ӕрыдоны Культурӕйы галуан, Елхоты Культурӕйы хӕдзар ӕмӕ Алагиры районы Культурӕйы галуаны киноӕвдисӕн зал.

«Кинойы ӕхсӕв»-ы программӕйы уыдзысты нырыккон уӕрӕсейаг киноаивады ӕнтыстджындӕр проекттӕ: Жорӕ Крыжовниковы ист киноныв «Лед 2», Клим Шипенкойы «Холоп» ӕмӕ анимацион киноныв «Иван Царевич и Серый волк 4».

Ацы дзыллон акцийы сӕйрагдӕр нысан у фыдыбӕстӕйаг кинематографы кад бӕрзонддӕр кӕнын ӕмӕ аивадуарзджыты ӕргом нырыккон уӕрӕсейаг киномӕ раздахын. Уыимӕ, акцийы мадзӕлтты рӕстӕг ӕххӕстгонд цӕудзысты «Роспотребнадзор»-ы ӕппӕт домӕнтӕ дӕр.

Абайты Зӕлинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here