Йӕ фыды цӕсгом фыццаг хатт федта

0
449

Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад кӕй баххӕст кодта, уыцы документалон-историон проект «Барбашовы фӕз» нӕ зонгӕ кӕны проект «Уӕлахизы цӕсгӕмттӕ»-мӕ хаст Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытимӕ.

Ӕндӕраз ацы министрады фӕндонӕй, стӕй Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгуйы ӕххуысӕй нӕ республикӕйы  номарӕн комплекс «Барбашовы фӕз»-ы ӕвӕрд сты хӕсты архайджыты мингай къамтӕ. Ӕрвылбон тӕнгъӕд-къӕрттон экран ӕвдисы “ӕнӕмӕлгӕ полчъы” рацыд.

Проект ӕххӕст кӕнгӕйӕ, Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ хӕсты архайджыты тыххӕй ӕрӕмбырд кодтой ӕвӕджиауы ӕрмӕджытӕ. Нӕ иумӕйаг хӕс у ивгъуыд ӕнусы ӕвирхъаудӕр хӕсты тыххӕй хабӕрттимӕ фидӕны фӕлтӕрты зонгӕ кӕнын.

Дегъуаты Дзадтейы чызг Мирӕ сындӕг цӕуы номарӕн аллейы къахвӕндагыл. Ацы бон ын ахсджиаг кӕй у, сылгоймаг уый нӕма зоны. Мирӕ ӕрмӕст йӕ мад ӕмӕ хиуӕтты ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй зыдта, абон  уыцы фыды цӕсгом фыццаг хатт фендзӕн.

Проект «Уӕлахизы цӕсгӕмттӕ» ӕххӕст кӕнын куы райдыдтой, уӕд Мирӕйы чызг Баллаты Фатимӕ Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕн бафӕдзӕхста йӕ дадайы тыххӕй ӕрмӕг ссарынмӕ йын баххуыс кӕнын. Агурӕг къорд «Хӕс ӕмӕ кад»-ы уӕнгтӕ, стӕй  министрады кусджытӕ бацархайдтой сырхӕфсӕддоны хӕстон фӕндӕгтӕ  сбӕлвырд кӕныныл. Дзадте Сталинграды хӕсты кӕй архайдта, агурджытӕ уый сбӕрӕг кодтой. Ӕфсӕддон архивы йын цы  къам уыд, уый йӕ хиуӕттыл сӕмбӕлд.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг знаджы ныхмӕ хъӕбатырӕй чи хӕцыд, сылгоймаг егъау экраныл уыцы дӕсгай мин сырхӕфсӕддонты къамты ‘хсӕн фыццаг хатт йӕ фыды къам ауыдта.

1939 азы Дегъуайы-фыртмӕ фӕсидтысты Сырх ӕфсадмӕ. Дӕргъӕвсаг лӕппу райдайӕны архайдта советон-финнаг, фӕстӕдӕр та — Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстыты. Бинонтӕ Дзадтейӕ фӕстаг фыстӕг райстой 1941 азы. Рӕхджы чи хъуамӕ райгуырдаид, сырхӕфсӕддон йӕ бинонтӕн фӕдзӕхста йӕ уыцы чызгӕн сабырдзинады ӕвдисӕныл нымад Мирӕйы ном радтын. Бинонтӕ Дегъуайы-фыртӕй фыстӕджытӕ нал райстой. 1943 азӕй фӕстӕмӕ та Дзадте нымад уыд ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Йӕ фыды ингӕн кӕцы ран ис, чызг уый нӕ зоны.

Мирӕ экраныл  йӕ фыды къаммӕ ӕдзынӕг кӕсы. Зӕрдӕагайӕг ӕнкъарӕнтӕй сылгоймаджы цӕсгомыл цӕссыг фӕзынд. Мирӕйы алыварс адӕм ӕдзӕмӕй лӕууынц. Фӕстӕдӕр Цӕгат Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр, пъӕлицӕйы инӕлар-лейтенант Михаил Скоковы номӕй республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады службӕгӕнджытимӕ куысты управленийы хицау, дӕлбулкъон Бетрозты Тотрадз сылгоймагӕн дидинджыты бастимӕ йӕ фыды къам радта. Мирӕ къам йӕ риумӕ ӕрбалхъывта. Нырӕй фӕстӕмӕ Дегъуаты Дзадтейы къам ӕфсӕддон-историон номарӕн комплекс «Барбашовы фӕз»-ы ӕвӕрд уыдзӕн Фыдыбӕстӕйы сабыр фидӕны сӕраппонд хӕсты фӕмардуӕвӕг мингай ирыстойнӕгты къамты ‘хсӕн. Хъӕбатырты нӕмттӕ рохгӕнинаг не сты.

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here