Ног рӕвдауӕндон — сабитӕн

0
284

Къамты: Бригадир Багаты Рустам, прораб Александр Халин, студенттӕ Биганаты Георги ӕмӕ Бузойты Михал, арматурщик Реуазты Тамерлан

Ӕмткӕй райсгӕйӕ, нӕ республикӕ ныртӕккӕ абарӕн ис стыр арӕзтадон фӕзимӕ. Скъолатӕ ӕмӕ рӕвдауӕндӕттӕ, клубтӕ ӕмӕ спортивон галуантӕ, автомобилон фӕндӕгтӕ ӕмӕ амбулаторитӕ… Уыцы номхыгъды ис, Дзӕуджыхъӕуы Владикавказаг уынджы цы ног рӕвдауӕндон аразынц, уый дӕр.

Куыст ӕхсиды, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм рӕстӕг фӕзӕгъынц. Алчидӕр йӕ къухты фӕллойӕ иумӕйаг хъуыддаг размӕ кӕны. Иутӕ амайынц, иннӕтӕ бетоны куыст кӕнынц, уӕзӕгтӕисӕн къраны шофыр сын арӕхстджынӕй сӕ разы хъӕугӕ ӕрмӕджытӕ ӕрӕвӕры, стыр машинӕтӕ дӕр сӕ уӕлхъус сты бахъуаджы рӕстӕг.

Арӕзтадон куыстытӕ райдыдтой майы мӕйы. Уӕдӕй абонмӕ бирӕ бантыст ООО «Ремгражданреконструкци»-йы куыстхъом коллективӕн. Бӕстыхайӕн фидар бындур сӕвӕрдтой, ныр къултӕ амайынц.

— Проектмӕ гӕсгӕ фондз дыууӕуӕладзыгон бӕстыхайӕ алкӕцыйӕн дӕр уыдзӕн хицӕн хуыз, ирд ахорӕнтӕ хъуамӕ ӕхсызгондзинад хӕссой сабитӕн. Ахӕм агуыридур ласӕм горӕт Ижевскӕй. Уӕлдай хӕс ныл ӕвӕрд кӕй ис, уый ӕмбарӕм, Ирыстоны сывӕллӕтты цалдӕр фӕлтӕрӕн лӕггад кӕндзӕн ацы рӕвдауӕндон ӕмӕ нӕ хъаруйыл, нӕ зонындзинӕдтыл нӕ ауӕрдӕм, — зӕгъы арӕзтады прораб, фӕлтӕрдджын аразӕг Александр Халин.

Йӕ фӕллойадон фӕндаг райдыдта 1974 азы. Каст фӕцис арӕзтадон техникум, фӕстӕдӕр та Хӕххон-металлургон институт. Сӕрыстырӕй загъта, йӕ фыццаг объект кӕй уыдис Къостайы хӕдзар-музей Нары, уый. Уым къӕйдурыл иннӕ аразджыты номхыгъды ис Александры мыггаг дӕр. Йӕ дӕсныйады сусӕгдзинӕдтӕ ӕнӕвгъауӕй дӕтты кӕстӕртӕн. Абон уӕхски-уӕхск йемӕ кусынц Хӕххон-металлургон институты архитектурон-арӕзтадон факультеты студенттӕ Биганаты Георги ӕмӕ Бузойты Михал.

— Бузныг стӕм нӕ хистӕртӕй, сӕ бирӕ зонындзинӕдтӕ махӕн тынг ӕххуыс уыдзысты фидӕны, — зӕгъы Георги.

— Теори ӕнӕ практикӕйӕ ницы пайда у, нӕхи фӕлварӕм алы куысты дӕр, амайӕг, ӕндадзӕг, къулсӕрдӕг — алцыдӕр нын цымыдисаг у, — бафтыдта ныхасмӕ Михал.

Арӕзтады прорабимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, базыдтам рӕвдауӕндоны бынӕттӕ кӕй уыдзӕн 280 сывӕллонӕн.

— Пайда кӕнӕм, нырыккон домӕнтӕн дзуапп чи дӕтты, ахӕм ӕрмӕджытӕй, сӕ хӕрзхъӕддзинад сын бӕлвырд кӕны сӕрмагонд лаборатори. Куыст цӕуы ӕнӕкъуылымпыйӕ, райсомӕй суанг изӕрдалынгтӕм, ӕдӕппӕтӕй дзы архайы 70 адӕймаджы бӕрц, — зӕгъы Александр.

Дӕсны аразӕджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, Советон рӕстӕджы бирӕ хорздзинӕдтӕ уыд, зӕгъӕм, алы арӕзтадон трестӕн дӕр уыд йӕхи бетон-змӕнтӕн цехтӕ, куыстой ӕфсӕн-бетон къӕйты ӕмӕ агуыридуры заводтӕ. — Ныр та сӕ ӕндӕр регионтӕй бахъӕуы ласын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абоны царды гӕнӕнтӕй дӕр арӕхстджынӕй куы пайда кӕнай, уӕд дзы бирӕ хорздзинӕдтӕ ис, — зӕгъы прораб.

Ӕппӕт куыстытӕм йӕ цӕст дары «Ремграждан реконструкци»-йы генералон директор Кукуй Татьянӕ. Раппӕлинаг куыст кӕнынц арӕзтадон объекты мастертӕ Битарты Сослан, Алик Халин ӕмӕ Кокойты Батрадз.

Аразджытӕ нын ныфс бавӕрдтой, афӕдзы кӕронмӕ ног рӕвдауӕндон йӕ дуӕрттӕ кӕй байгом кӕндзӕн, уымӕй. Уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 19-ӕм микрорайоны цӕрӕг бирӕ сабитӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ.

Гугкаты Жаннӕ

Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here