Рухсады акци

0
344

Ацы аз социалон хызты 8-30 сентябрмӕ ацӕудзӕн Уӕрӕсейы Рухсады министрады акци «Чиныгимӕ ивддзинӕдтӕ». Хъуыддаг баст у аивадон литературӕмӕ ӕргом раздахынимӕ, скъоладзауты царды чиныджы ахадындзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнынимӕ, литературӕ ӕмӕ библиотекӕтӕм сывӕллӕтты ӕргом аздахынимӕ.

Чингуыты фӕрцы сывӕллон кӕны хъуыды, йӕ хъӕбатыртимӕ кӕны иумӕйаг цард. Уарзон чиныджы тыххӕй радзурӕн ис, акцийы бацархайгӕйӕ, дӕ къам куы сисай, дӕ зӕрдӕмӕ цы чиныг фӕцыд уыимӕ, уӕд. Къам ис равӕрӕн социалон хызтӕ «Вконтакте», «Инстаграм»-ы.

Ӕппӕты ахсджиагдӕр куыстытӕ мыхуыргонд ӕрцӕудзысты Уӕрӕсейы Рухсады министрады сайты, хуыздӕр ӕртӕ къамӕн дӕр лӕвӕрттӕ ратдзысты. Ӕвзонг чиныгкӕсджытӕ ныридӕгӕн ацы акцимӕ се ‘ргом раздӕхтой. Ӕртыккаг къласы ахуырдзау Миланӕ радзырдта, уырыссаг адӕмон аргъӕуттӕн цавӕр аргъ кӕны, уый тыххӕй.

Воронежы облӕсты ӕвдӕм къласы ахуырдзау Андрей куыд зӕгъы, афтӕмӕй ацы бонты бакаст «Гарри Поттер»-ы ӕппӕт хӕйттӕ дӕр. Акцийы бацархайыны бон у, Уӕрӕсейы чи цӕры, уыдонӕн ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты Уӕрӕсейы Федерацийы минӕварӕдты бынӕтты цӕрӕг сывӕллӕттӕн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here