Алы адӕймаг дӕр царды ацӕуы йӕхи къӕпхӕнтыл, йӕхи уайӕнтыл. Йӕхи къӕпхӕнтыл царды бӕрзӕндтӕм схызт елхотаг лӕппу Саулаты Валери дӕр. Ныртӕккӕ уый дзӕвгар рӕстӕг цӕры ӕмӕ кусы Хъырымы, йӕ рӕстӕджы та каст фӕци Цӕгат Ирыстоны педагогон училищӕйы аивадон-графикон хайад, уый фӕстӕ — Ленинграды аивӕдты академи, у Ялтӕйы Гурзуф ӕмӕ Массандрӕйы районты сӕйраг архитектор, Украинӕйы Нывгӕнджыты ӕмӕ архитекторты цӕдисы уӕнг, Хъырымы сгуыхт архитектор, зындгонд ӕхсӕнадон архайӕг, уыд Хъырымы ӕхсӕнадон организаци «Хъырымы ирӕтты конгресс»-ы сӕргълӕууӕг, Республикӕ Хъырым ӕмӕ Севастополы у Цӕгат Ирыстоны минӕвар. Йӕ ӕхсӕнадон архайды фӕрцы йын лӕвӕрд ӕрцыд майдан «Ирыстоны намысӕн», у горӕт Беслӕны кадджын гражданин. Ахӕм сты Валерийӕн йӕ царды къӕпхӕнтӕ. Чи зоны, афтӕ бирӕ не сты, фӕлӕ, уыцы къӕпхӕнтыл хизгӕйӕ, йӕ къухы бафтыд саразын бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыдон сты адӕймаджы цардӕн аргъгӕнӕг бӕрӕггӕнӕнтӕ.
Ирыстонӕй Валери кӕд дард цӕры, уӕддӕр дзы йӕ райгуырӕн зӕхх рох никуы уыд, йе ‘мзӕххон адӕмы хъысмӕтмӕ, се ‘рвылбоны тыхстытӕм иуварсӕй никуы каст, Ирыстоны адӕм цӕмӕй цӕрынц, уымӕй цард ӕмӕ цӕры абон дӕр. ӕрмӕст Беслӕны фыдбӕллӕхы рӕстӕг, стӕй йӕ фӕстӕ рыст ӕмӕ зӕрдӕсаст адӕмӕн цы хӕрзты бацыд, уый у хицӕн ныхасы аккаг. Теракты фӕстӕ Ирыстоныл сау бонтӕ куы акодта, уӕд Валери йӕ хъарутӕ сарӕзта, хъыгдардбаййафӕг беслӕйнаг сывӕллӕттӕ реабилитаци Ялтӕйы цӕмӕй ацӕуой, уымӕн ӕппӕт фадӕттӕ саразынмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сывӕллӕттӕ алы аз дӕр баулӕфынц Хъырымы, сӕхи дзы фӕдзӕбӕх кӕнынц.
Сентябры фыццаг бонты алы аз дӕр Валери ссӕуы Беслӕнмӕ, ӕрымысы, уыцы фыдбӕллӕхы чи бацарӕфтыд, уыцы ӕнаххос сабиты ӕмӕ сӕ хистӕрты рухс нӕмттӕ.
Уымӕй уӕлдай Валери у иттӕг дӕсны фотонывгӕнӕг. Йӕ куыстытӕ ӕвдыст ӕрцыдысты 67 дунеон равдыстыты. Цалдӕр азы размӕ Беслӕнмӕ ӕрбаласта, кӕй бацӕттӕ кодта ӕмӕ альбомы хуызӕн чи рацыд, уыцы чиныг «Беслӕн. Ирон трагеди». Ацы чиныджы Валери ӕрӕмбырд кодта, алы азты Хъырымы дзӕбӕхгӕнӕндӕтты реабилитаци чи ацыд, уыцы беслӕйнаг сывӕллӕтты къамтӕ. Чиныджы ныхас цӕуы канд терактыл нӕ, фӕлӕ, уыцы бӕллӕхы хъыгдардбаййафӕг адӕмӕн ӕххуыс чи кодта, уыдоныл дӕр. Чиныгӕн презентаци уыд, Беслӕны Коминтерны уынджы цы ног скъола сарӕзтой, уым, стӕй «Беслӕны мадӕлты» комитеты ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы центрон библиотейӕйы, уымӕй размӕ та — Симферополы, И. Франкойы номыл наукон библиотекӕйы.
Саулаты Валерийы хъӕппӕрисӕй дӕс азы размӕ Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Ялтӕ кӕрӕдзийӕн загътой ӕфсымӕртӕ. Дыууӕ горӕтӕн иумӕйагӕй цы ис, зӕгъгӕ, ацы фарстӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, Валери зӕгъы, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ирон адӕмы истори ӕнгом баст кӕй у Хъырымы историимӕ. Фыццаджыдӕр, уым цардысты ирон адӕмы рагфыдӕлтӕ — алантӕ. Дыккаджы, канд Ялтӕйы нӕ, фӕлӕ Хъырымы разамынд алкӕддӕр уыд сӕ фарс ӕмӕ ӕххуыс кодта ацы ран цӕрӕг ирӕттӕн.
Уыцы ӕххуыс уӕлдай бӕрӕг дардта 1992 азы цауты рӕстӕг, стӕй уый фӕстӕ, Беслӕны фыдбӕллӕхы рӕстӕг дӕр. 2004 азы сентябры сау бонтӕй рацыдаид иу мӕйӕ фылдӕр, афтӕ 300 сывӕллоны ацыдысты психологон реабилитацийы курс лагер «Артек»-ы, иннӕ 300 хъыгдардбаййафӕг адӕймаджы та сӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ — Гурзуфы санаторийы.
Уыцы азты Хъырым уыд Украинӕйы хай, фӕлӕ беслӕйнаг сывӕллӕттӕн ахӕм зӕрдиаг ӕххуыс кодта комкоммӕ Саулаты Валерийы фӕрцы (уыцы азты уый уыд ирӕтты ӕхсӕнад «Хъырымы ирӕтты конгресс»-ы сӕрдар).
Уӕдӕ 2008 азы 8 августы цауты рӕстӕг Украинӕ рахӕцыд гуырдзиаг экстремистты официалон политикӕйы фарс. Валери нӕ фӕтарст ӕмӕ, Хъырымы телеуынынадӕй раныхас кӕнгӕйӕ, рахӕцыд хуссайраг ирӕтты фарс. Хъырымы Парламент дӕр не сразы Украинӕйы паддзахадон политикӕимӕ — сфидар кодта Хуссар Ирыстоны фарс рахӕцыны фӕдыл резолюци ӕмӕ йӕ арвыста Иугонд Нациты Организацимӕ.
Валери стыр бавӕрӕн бахаста Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Хъырымы ӕфсымӕрон бастдзинӕдтӕ фидар кӕныны хъуыддагмӕ ӕмӕ йыл абон дӕр стыр разӕнгардӕй архайы. Валерийы хъӕппӕрис ӕмӕ йӕ архайды фӕрцы ӕмгуыстдзинады фӕдыл бадзырд бафыстой: Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Ялтӕйы ӕхсӕнадон советтӕ, РЦИ-Алани ӕмӕ Ялтӕйы Ветеранты советтӕ, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Ялтӕйы Хӕлардзинады хӕдзӕрттӕ, Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет ӕмӕ Ялтӕйы педагогон академи, Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институт ӕмӕ Вернадскийы номыл Хъырымы университет, РЦИ-Аланийы Мидхъуыддӕгты министрады цур ӕмӕ Республикӕ Хъырымы Мидхъуыддӕгты министрады цур ӕхсӕнадон советтӕ, РЦИ-Алани ӕмӕ Хъырымы Журналистты цӕдистӕ, РЦИ-Аланийы Национ музей ӕмӕ Хъырымы «Тавридӕйы центрон музей», нӕ республикӕйы Уырыссаг академион театр ӕмӕ Симферополы уырыссаг драмон театр, Дзӕуджыхъӕуы 42-ӕм астӕуккаг скъола ӕмӕ Севастополы 4-ӕм астӕуккаг скъола… Хӕстӕгдӕр рӕстӕг Валери фӕнд кӕны Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Ялтӕйы аивадон училищӕты, РЦИ-Алани ӕмӕ Хъырымы Нывгӕнджыты ӕмӕ Архитекторты цӕдистӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕхсӕнадон организациты ‘хсӕн бастдзинад саразын. ӕрмӕст, йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы бастдзинӕдтӕ гӕххӕттыл фыстӕй хъуамӕ ма баззайой, фӕлӕ хъуыддагӕй пайда хӕссой дыууӕ республикӕйы ӕмӕ дыууӕ адӕмы ‘хсӕн ӕфсымӕрон бастдзинӕдтӕн. Афтӕ цӕмӕй уа, уымӕн, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, тынг ахъаз уаид, Хъырымы РЦИ-Аланийы минӕварад куы уаид, уӕд. ӕмӕнӕнг, уыцы стыр нысантӕн ахъаз ссис, Хъырыммӕ цы ног хид сарӕзтой, уый дӕр.
Иу дзырдӕй, Валерийӕн йӕ нысантӕ ӕмӕ фӕндӕттӕ нырма бирӕ сты, афтӕ бирӕ у йӕ удыхъӕды хъару ӕмӕ йӕ гӕнӕнтӕ дӕр, ӕмӕ йӕ райгуырӕн зӕхх Ирыстоны хӕрзӕбонӕн йӕ пълантӕ йӕ къухы рӕсугъдӕй куыд бафтой ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы ӕххуысгӕнджытӕ куыд уа, уый йын нӕ зӕрдӕ зӕгъы.
— Адӕймаг иу хатт йеддӕмӕ нӕ цӕры, рӕстӕг та згъоры, цӕст дӕр ыл нӕ фӕхӕцдзӕн, афтӕ. ӕмӕ дын царды цӕмӕй фылдӕр бантыса, уый тыххӕй хъӕуы тагъд кӕнын, ӕмӕ ууыл архайын. Мӕ алы хъуыддаджы дӕр мын ме ‘мцӕдисон ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг сты мӕ бинонтӕ, — зӕгъы Валери.
Йӕ цардӕмбал Фатимӕ у Хъырымы сгуыхт дохтыр, лӕппу Алан — йӕ фыдау курдиатджын къамисӕг, чызг Нинӕ — дизайнер, нывгӕнӕг сахуыр кодта Миланы, у Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмӕ Украинӕйы Нывгӕнджытӕ ӕмӕ архитекторты цӕдисы уӕнг.
Саулаты Валерийыл ӕрӕджы сӕххӕст 70 азы. Уый фӕдыл ын арфӕ ракодта республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. «Цӕгат Ирыстоны бирӕнацион республикӕйы минӕвӕрттӕн ды дӕ сӕ хуыздӕртӕй иу. Дӕ профессионалон ӕмӕ ӕхсӕнадон зӕрдиаг архайд уӕлдай хатт дзурӕг у, Ирыстоны зӕхх хъӕздыг кӕй у курдиатджын дӕсны ӕмӕ зӕрдӕрухс адӕймӕгтӕй. Бирӕ азты дӕргъы Ирыстонӕй кӕд дард ран цӕрыс, уӕддӕр йемӕ бастдзинад никуы фехӕлдтай ӕмӕ йӕ хъысмӕт дӕ зӕрдӕмӕ алкӕддӕр у тынг хӕстӕг. Нӕ республикӕйы размӕ цы лыггӕнинаг фарстытӕ вӕййы, уыдонӕй дӕхи никуы атигъ кодтай, ӕмӕ дын уый фӕдыл арфӕ кӕнын. ӕнӕниз, амондджын ӕмӕ зӕдӕрухс у, нӕ зынаргъ юбиляр», — ахӕм ныхӕстӕ ис Арфӕйы гӕххӕтты.
Валерийӕн арфӕ кӕнӕм мах дӕр, газет «Рӕстдзинад»-ы кусджытӕ. Де сфӕлдыстадон ӕмӕ ӕхсӕнадон куыст дын циндзинад куыд хӕсса ӕмӕ адӕмы фарнӕй хайджын куыд уай, уыцы амонд дӕ уӕд.
ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ














