Ирон адӕмы стыр лӕгдзинад

0
352

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст, Балсӕджы цалхау, атылд алы ирон къонайыл дӕр. Алкӕмӕ дӕр дзы бахаудысты йӕ судзгӕ ӕхсидавы схъиуӕггӕгтӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕдзӕф фӕкодтой. Сӕ рис абон дӕр ма не ‘нцайы, сӕ хъӕдгом нӕ ӕгас кӕны.

Ирон адӕм дзы стыр лӕгдзинад равдыстой. Сӕ хъӕбатырдзинад хорзӕн дзуринаг, фыссинаг ӕмӕ ӕвдисинаг фӕци. О, фӕлӕ дзы ӕгӕр бирӕ туг ныккалдтам, ӕгӕр бирӕ нӕ баззад тыгъды зӕйы, тохы быдыры. Алы цыппар хӕстонӕй дӕр иу нал сыздӕхт. Гӕздӕнты ӕмӕ Кобегкаты ӕвдгай ӕфсымӕртӕ, ӕхсӕзгай, фӕндзгай, цыппӕргай, ӕртыгай, дыгай ӕфсымӕртӕ нал сыздӕхтысты сӕ къонатӕм.

Зын уыд фӕсхӕст ирон сидзӕргӕс сылгоймӕгтӕн: лӕджы куыст уа, сылгоймаджы, сӕ дыууӕ дӕр уымӕ хаудысты, фӕлӕ хайджын уыд Задӕлесчы Нанайы фарнӕй ӕмӕ та фӕныкӕй сыстын кодтой Ирыстоны хъомыс, тых ӕмӕ хъару. Уый ирдӕй разынд гуырдзиаг ӕмӕ мӕхъӕлы фыдгӕнджытӕ — нӕ сыхаг экстремисттимӕ тохы.

Кадджытӕ кӕнӕм, зарджытӕ зарӕм, уацаутӕ фыссӕм Иры хъӕбатыртыл. Фӕлӕ ма дзы абон дӕр чидӕртӕ у рохы. Уӕлдайдӕр, ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдон. Фаг нӕ зонӕм, ССР Цӕдисы стыр паддзахады ӕндӕр рӕттӕй хӕстмӕ цы ирӕтты акодтой, уыдоны хӕстон фӕндаг ӕмӕ хъысмӕт. Зӕгъӕм, Кӕсӕбиты Тӕтӕри йӕ ӕвддӕс ӕмбалимӕ цы хъӕбатырдзинад равдыста, уый, зӕгъгӕ, ӕппӕт Цӕдисыл нӕ ныхъхъӕр, уӕд ӕй чи ӕрцагуырдтаид, хӕстмӕ Сыбырӕй куы ацыд, уӕд. Стъараполы крайы Шелковскойы районы ирон хъӕу Къобӕй хӕсты быдырмӕ ацыдысты Цӕболты ӕртӕ ӕфсымӕры. Иу дӕр дзы нал ӕрыздӕхт. Сӕ цард радтой бӕсты сӕрвӕлтау, ӕмӕ сын аккаг аргъ нӕма скодтам. ӕгӕр-мӕгуыр ранымады сӕ кой дӕр нӕ  вӕййы. Хӕстмӕ Ирыстонӕй нӕ ацыдысты, ӕмӕ сӕ ничи зоны.

Хӕстмӕ Ирыстонӕй нӕ ацыдысты Гуырдзыстоны Къахеты, Боржомы, Гудзареты, Гуры ӕмӕ Триалеты цӕрӕг ирон хӕстхъом лӕппутӕ дӕр. Бирӕтӕ дзы хъӕбатырӕй фӕмард сты, фӕлӕ сӕ койгӕнӕг нӕй. Гуырдзыйы уыдон нӕ хъуыдысты, сӕхи стауынӕй сӕ уыдонмӕ не ‘вдӕлд, мах та сӕ зонгӕ нӕ кӕнӕм. Уый фӕдыл нӕм къорд азы размӕ не Стыр Уӕлахизы бӕрӕгбоны агъоммӕ ныффыста Гуырдзыстонӕй ӕрбалидзӕг Годжыцаты Владимир (Ладикъо). Уӕд ын йӕ фыст ныммыхуыр кодтам цыбыргондӕй. Ныр йӕхӕдӕг дӕр нал ис, ӕмӕ йын йӕхи ӕрымысыны охыл дӕр йӕ уац мыхуыр кӕнӕм ӕххӕстӕй.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

 

Ӕрымысӕм сын сӕ рухс нӕмттӕ

Зынаргъ редакци, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыстаиккат Гуырдзыстоны иу бӕстӕ — Триалет. ӕртыккаг Ирыстон дӕр ма йӕ хонынц. ӕстайы бӕрц дзы хъӕутӕ уыд. Мах, Годжыцатӕ, уым бирӕйӕ цалдӕр хъӕуы цардыстӕм. Уымы мыггӕгтӕ ма уыдысты Плитӕ, Гаглойтӕ, Гӕззатӕ, Джелытӕ, Къӕбултӕ, Гӕбӕратӕ, Саггатӕ, Абайтӕ, Тотратӕ, Слантӕ, Фӕрниатӕ, Хацыртӕ, Дзыныхтӕ, Козатӕ, Саулохтӕ, Гуырцъытӕ, Кортиатӕ, Къӕлхидтӕ. Триалет хауд Гуры, Боржомы ӕмӕ Къаспы районтӕм. Рӕсугъд, ӕрдзон хъӕздыг уӕлхох бӕстӕ уыд. Фӕндӕгтӕ йӕм куы уыдаид, уӕд кус ӕмӕ, мыды къусы цӕрӕгау, цӕр. Фӕлӕ бӕлвырд аххосӕгты тыххӕй амы цӕрджытӕй бирӕтӕ ӕрбафтыдысты Цӕгат Ирыстонмӕ. Фылдӕр нӕ ӕрцард Ногхъӕуы, Црауы ӕмӕ ӕрыдоны.

Триалеты иннӕ цӕрджытӕн сӕ сӕр сӕ кой ссис, Гуырдзыстон зылынӕфсӕр Гамсахурдиайы зондӕй куы сӕрра, уӕд. Иугай ныйисты. Чи дзы кӕм цӕры Цӕгат Кавказы, уый бӕрӕг нал ис. Сӕ фыдӕлты уӕзӕгӕй фӕхауӕггаг сты ме ‘рвадӕлтӕ — Годжыцаты Бибойы байзӕддаг дӕр. Чи дзы Хурныгуылӕн Гуырдзыстонмӕ фӕлыгъд, чи — Хуссар Ирыстонмӕ, иннӕтӕ — Цӕгатмӕ.

Бибо Триалеты кадджын ӕмӕ дзырддзӕугӕ лӕг уыд. Йӕ цыппар фырты Борсӕ, Местъор, Шакри ӕмӕ Хындыр — фӕсивӕды хуыздӕртӕй. Кӕстӕр — фӕндзӕм фырт ӕрдзӕй сахъат рахаста, йӕ къахыл дӕр нӕ лӕууыд, ӕмӕ йыл тынг ӕнувыд уыдысты. Куыстуарзаг уыдысты Бибойы бинонтӕ, колхозы бирӕ тухи кодтой ӕмӕ уыдысты сойарм, кӕрдзындӕттон, уазӕгуарзаг, зӕрдӕхӕлар.

ӕртӕ бӕркадджын чындзӕхсӕвы фӕд-фӕдыл скодта Годжыцаты фӕрныг хӕдзар. ӕрхуыдтой сӕм-иу ӕнӕхъӕн Триалеты цӕрджыты. Борсӕ, Местъор ӕмӕ Шакрийӕн фӕзынд 2-3-гай сывӕллӕттӕ. Хицӕн хӕдзӕрттӕ аразын райдыдтой. Хындырӕн ус ракурынмӕ сӕхи цӕттӕ кодтой… Фӕлӕ сӕ фӕндтӕ сӕ хъуыры фӕбадтысты — райдыдта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст, царды бындур ныззылд. Адӕм аивылдысты тохы быдырмӕ. Базмӕлыд Триалет дӕр. Акодтой Бибойы цыппар фырты дӕр. Борсӕ, Местъор ӕмӕ Шакри ӕрдӕгкондӕй ныууагътой сӕ хӕдзӕрттӕ, кӕугӕ-дзыназгӕйӕ — сӕ бинонты. Хындыр йе ‘намонддзинад ахаста йемӕ.

Цыппар ӕфсымӕрӕй иу дӕр нал сыздӕхт, сӕ адзалы фӕндагыл бафтыдысты. Нырхӕндӕг, ныдздзӕллаг Бибойы хӕдзар, фӕлӕ йӕ кӕлын нӕ бауагъта. Йӕ чындзытимӕ стыр хъизӕмӕрттимӕ бахъомыл кодта йӕ фыртты цоты. Борсӕйӕн баззад лӕппу ӕмӕ чызг, Местъорӕн — дыууӕ лӕппуйы ӕмӕ чызг, Шакрийӕн дӕр — дыууӕ лӕппуйы ӕмӕ чызг. Мӕгуырӕг, ныхбыны куысты фӕрцы слӕууыдысты сӕ къахыл. Паддзахады, сӕ фыдӕлтӕ кӕй сӕрвӕлтау бабын сты, уый ӕрдыгӕй рӕстмӕ ӕххуыс никуы банкъардтой. Бибо йӕ рынчын фыртимӕ иунӕгӕй кӕй аззад, йӕ цыппар ӕнцойы, цӕджындзы кӕй афӕлдӕхтысты, уый тыххӕй бузныджы ныхас дӕр никуы фехъуыста, афтӕмӕй колхозы фосы фӕдыл бӕгънӕг, бӕгъӕввадӕй фӕхатт дзӕвгар азты. Цыппарыссӕдз азы йыл цыд, уӕддӕр ма фыййау уыд — йӕ хъӕбулты хъӕбулты йӕ дарын хъуыд.

Триалет уӕлвонг хӕхбӕстӕ у. Кӕд дзы скъолатӕ уыд, уӕддӕр дунейӕ иппӕрд уыд. Фӕндӕгтӕ йӕм саразыныл, культурон кусӕндӕттӕ дзы байгом кӕныныл, цы ӕртӕ районмӕ хауд, уыдонӕй иуы разамынд дӕр нӕ тырныдта. Уый нӕ, фӕлӕ барӕй дӕр нӕ арӕзтой. Цӕмӕй ир уырдыгӕй фӕлыгъдаид. Гъе ӕмӕ Бибойы ӕдзард хъӕбултӕн ӕгӕр-мӕгуыр хуызистытӕ дӕр нӕ баззад. Кӕм систаиккой сӕ къамтӕ, мӕгуыр, фыдкуыстӕй сӕ Гурмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ сӕ хуызтӕ сисынмӕ дӕр никуы равдӕлд.

Хӕст ӕгъатыр у, кӕфхъуындарау, аныхъуырдта Бибойы фыртты, фӕлӕ йӕ хӕдзар нӕ сафтид, нӕ ныккалд. Йӕ цоты цот дзы цард бауагътой, ныххудын, ныззарын та йӕ кодтой. Чындзӕхсӕвты, куывдты ӕхцон хъӕлдзӕгдзинад дзы ӕрцард.

Бибо раджы амард, йӕ фыдӕлтыл бафтыд. Йӕ байзӕддаг та фылдӕргӕнгӕ цыд, йӕ фыртты лӕппутӕ устытӕ ӕрхастой, чызджытӕ чындзы фӕцыдысты. Фӕзынд сын цот. Борсӕйы фырты ӕртӕ лӕппуйы басгуыхтысты хъӕбысхӕстӕй. Цӕрынц Гуры районы хъӕу Хевиствайы. Зӕгъынц, гуырдзыйы ӕхсӕн, дам, сын стыр кад ис ӕмӕ сӕ звиадисттӕй бахъахъхъӕдтой, ралидзын дӕр сӕ нӕ бауагътой. Местъоры фырттӕй иу ӕмӕ чызг сты ам, Дзӕуджыхъӕуы лыгъд адӕмимӕ. Иннӕ ӕфсымӕры бинонты хъысмӕт ничи зоны. Шакрийы лӕппутӕй иуы амардтой гуырдзиаг лӕгхортӕ, иннӕ йӕхи айста Уӕрӕсемӕ, чызг Соня йӕ мой ӕмӕ цотимӕ ис Дзӕуджыхъӕуы лигъдӕттимӕ.

Хӕст ӕгъатыр у. Уымӕй ӕгъатырдӕр разынд Горбачевы рацарӕзт, йӕ фыдгӕнд. Хӕст нӕ сафтид кодта зӕронд Бибойы хӕдзар. Ныр дзы хӕлынбыттыртӕ ахстӕттӕ кӕнынц. Хӕст не скуынӕг кодта Бибойы байзӕддаг. Горбачев ӕмӕ Гамсахурдиайы хуызӕтты фыдгӕнд сӕ, хуртуанау, байтыдта Кавказыл, фӕкодта сӕ ӕнӕхӕдзар, ӕнӕдуар, ӕвзарын сын кӕны стыр хъизӕмӕрттӕ, цӕгъды сӕ иугай.

Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц. Мӕн уырны, хӕрззонд, хӕрзгӕнӕг та фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕмӕ алцыдӕр сӕвӕрдзӕн йӕ бынаты, алкӕмӕн дӕр аккаг аргъгонд ӕрцӕудзӕн. Мӕ фыстӕджы сӕйраг нысан та у фашизмимӕ не стыр Уӕлахизы бон Годжыцаты зӕронд Бибойы ӕдзард хӕстон хъӕбултӕ Борсӕ, Местъор, Шакри ӕмӕ Хындыры рухс нӕмттӕ ӕрымысын.

Годжыцаты Владимир

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here