Бацахстой призон бынӕттӕ

0
239

Политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе» фадӕттӕ кӕмӕн сарӕзта, уыцы ӕппӕтуӕрӕсеон конкурсы архайгӕйӕ, проект «Историон номарӕн»-ы Беслӕны 1-ӕм скъолайы музей номинаци «Горӕтаг музей»-ы бацахста дыккаг бынат, Мӕздӕджы районы Киевскы хъӕуы скъолайы музей та номинаци «Хъӕууон музей»-ы — ӕртыккаг бынат.

— Цытджын Уӕлахизы 75 азы юбилейы кадӕн арӕзт конкурсы нӕ республикӕйы дыууӕ скъолайы музейтӕ призон бынӕттӕ кӕй бацахстой, уый нын ӕхсызгон у. Киевскы хъӕуы скъолайы музейы ӕфснайд сты мидисджын экспонаттӕ: хӕсты рӕстӕджы ӕфсӕддон фӕлысты хуызтӕ, хӕрзиуджытӕ, стӕй ацы хъӕуӕй рацӕуӕг ӕмӕ хӕсты фӕмард уӕвӕг сырхӕфсӕддонты ӕвдисӕндартӕ. Ацы чысыл хъӕуӕй хӕстмӕ ацыд сӕдӕ цыппор фараст адӕймаджы. Киевскӕгтӕй иу — Николай Мартыненко — ссис Намысы ордены ӕххӕст кавалер. Йӕ ном хӕссы хъӕуы скъола. Нӕ хӕс у Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджыты тыххӕй хабӕрттӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ сӕ фидӕны фӕлтӕртӕм фӕхӕццӕ кӕнын. Скъолаты музейтӕ кӕнынц тынг ахсджиаг куыст. Партийы ӕххуысы фӕрцы музей фӕуӕрӕхдӕр уыдзӕн, фӕзындзӕн дзы ног экспонаттӕ. Нӕ Райгуырӕн бӕстӕйы историон номарӕн бынтӕ бахъахъхъӕныныл архайӕг скъолайы ахуыргӕнджытӕн — уӕлдай бузныг, — киевскӕгтӕн арфӕ кӕнгӕйӕ, загъта «Иугонд Уӕрӕсе»-йы регионалон хайады секретар Ортабайты Тимур.

«Иугонд Уӕрӕсе»-йӕн йе ‘ххуысы тыххӕй — бузныг. Призон бынаты тыххӕй нын кӕй саккаг кодтой, уыцы ӕхца бахардз кӕндзыстӕм музейы экспонаттӕ нымӕцон уагмӕ раивыны ӕмӕ ног экспонаттӕ саразыны хъуыддӕгтыл. Дуджы домӕнтӕ ӕххӕстгӕнинаг сты. Нымӕцон уагмӕ ивд экспонаттимӕ кусын ӕнцондӕр у (уӕлдайдӕр та, историйы иуӕй-иу уроктӕ ацы музейы кӕй ацӕуынц, уый нымайгӕйӕ), — зӕгъы скъолайы директор Маринӕ Карпенко.

Фиппаинаг: конкурсы архайдтой бӕстӕйы ӕртӕ мин астӕуккаг ахуыргӕнӕндонӕй фылдӕр. Акцийы сӕйраг хӕс у райгуырӕн регионы хӕстон-историон бынтӕ раиртасыны хъуыддагмӕ рӕзгӕ фӕлтӕр сразӕнгард кӕнын. Музейы куысты скъоладзауты архайд нымад уыд конкурсы ӕнӕмӕнг ӕххӕстгӕнинаг хъуыддагыл.

Санаты Альбинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here