Фӕстаг бонты нӕ республикӕйы цӕрджытӕ ӕвдисӕн сты, Нузалы аргъуаны фӕзы цы археологон куыстытӕ цӕуы, уыцы мадзӕлттӕн. Бынӕттон цӕрджытӕ разы не сты уыцы хъуыддагӕй. Уымӕн ӕмӕ, сӕхӕдӕг куыд зӕгъынц, афтӕмӕй рагфыдӕлты ингӕнтӕ къахын, мӕрдты ӕдзӕм хъыгдарын фыдракӕндыл нымад цӕуы ирон адӕммӕ.
Чи зоны, раст сты, фӕлӕ сӕрмагондӕй уыцы историон археологон фӕз къахын нӕ райдыдтой. Нӕ республикӕйы культурон бынтӕ хъахъхъӕныны комитеты сӕрдар Ӕгайты Эмилия куыд радзырдта, афтӕмӕй Нузалы рагон аргъуаны реставрацион куыстытӕ 2016 азы райдыдтой.
— Уӕд федералон бюджеты хӕрдзтӕй нӕ къухты бафтыд реставрацийы проект саразын. Ӕнӕмӕнг, хъӕугӕ мадзал уыдис аргъуан бахъахъхъӕнын, уымӕн ӕмӕ у нӕ историон-археологон хӕзнаты иу хай. 800 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы астӕуккагӕнусон цыртдзӕвӕн ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕм бавнӕлдтой реставраци кӕнынмӕ. Ссыгъдӕг ын кодтой йӕ алыварс алыхуызон арӕзтӕдтӕй. Фӕлӕ, ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ куыстыты размӕ цӕлхдур сӕвзӕрд.
Тӕрккъӕвдатӕ райдыдтой ӕмӕ тӕссаг уавӕр ӕвзӕрын кодтой рагон аргъуаны алыварс. Уӕд специалисттӕ бавнӕлдтой къанау къахынмӕ, донвӕд цӕугӕдонмӕ саразыны тыххӕй. Уыцы рӕстӕг бафиппайдтой ингӕнтӕ стӕгдартимӕ. Нузалы аргъуаны раз куыстытӕ баурӕдтой ӕмӕ райдыдтой археологон къӕхтытӕ. Куыд сбӕлвырд, афтӕмӕй дзы разынд астӕуккаг ӕнусты уӕлмӕрд 100 ингӕнимӕ. Хӕзнатӕ дзы цы разына, уыдон лӕвӕрд ӕрцӕудзысты РЦИ-Аланийы Национ музеймӕ, стӕгдартӕ та фӕстӕмӕ баныгӕндзысты, — загъта Ӕгайты Эмилия.
Паддзахадон бюджетон куыстуат «Аланийы бынтӕ»-йы директор, зындгонд историк Габоты Людмилӕ нӕ республикӕйы дзыллон-хабархӕссӕг фӕрӕзты кусджытӕн ӕмӕ Ирыстоны цӕрджытӕн радзырдта, археологтӕ сӕ куыст закъоны бындурыл кӕй кӕнынц.
— Бынӕттон цӕрджыты уайдзӕфтӕ ӕмбарӕм, фӕлӕ нӕ куыст кӕнӕм, закъон куыд амоны, афтӕ. Стӕгдартӕн скӕндзыстӕм генетикон экспертизӕ ӕмӕ уый фӕстӕ ныгӕд ӕрцӕудзысты Нузалы. Археологтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ацы уӕлмӕрд у Цӕразонты. Нузал та ӕнӕхъӕнӕй ирон паддзӕхты резиденци. Ацы хъӕуӕн ис егъау историон ахадындзинад ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕныныл архайдзыстӕм алы гӕнӕнтӕй дӕр. Хъӕу ӕнӕхъӕнӕй дӕр археологон цыртдзӕвӕн у, зӕгъӕн ис, — загъта Гӕботы Людмилӕ.
Саутӕты Тамилӕ














