Байрай, Къоста!

0
513

 

Иу цард нӕу фаг

Ӕмӕ арвы цъӕхӕй

Кӕрдӕг нызта…

Иу мӕлӕт агъуд у,

Иры зӕххыл

Байрай, Къоста!

 

Бирӕ-бирӕ адӕмтӕ, стӕй бирӕ адӕмыхӕттытӕ фыдӕй-фыртмӕ феппӕлынц сӕ хӕстон адӕмӕй, сӕ хъӕздыгдзинадӕй, се ‘гъдауӕй. Нӕ Иры дзыллӕ дӕр кӕм нӕ раппӕликкой сӕ номдзыд фыдӕлтӕй: скифтӕй, сӕрмӕттӕй, алантӕй, фӕлӕ карды ком царды рӕсугъддзинады никуы фидыдта. Хатыр курын Иры бӕгъатыртӕй мӕрдты бӕстӕм! Сӕ номӕй кадджын у Ирыстон. Сӕ ныфсы фӕрцы цӕрӕм ныронг дӕр. Рухсаг у, Алыккаты цӕхӕрцӕст Хазби рухсаг у, Коцты фӕйнӕгфарс Бега, рухсаг у, Томайты Мӕхӕмӕт — ӕмризӕджы кӕмӕй рызтысты паддзахы ӕфсӕдтӕ…

Фӕлӕ ӕнӕ ӕрымысгӕ нӕй Иры кад йӕ сисы бырынкъӕй ӕнӕхъӕн дунемӕ чи фӕхаста, уыцы лӕджы ном.

Ӕгас-цу, Къоста!

Дӕ номӕй кадджын стӕм ӕмӕ уыдзыстӕм ӕнус-ӕнустӕм. Фӕлӕ уымӕй дӕр нӕу цард.

Мӕн фӕнды де ‘мдзӕвгӕтӕй иу цалдӕр рӕнхъы ӕрхӕссын, цӕмӕй йӕ нӕ Иры дзыллӕтӕ базоной, ӕз дӕу куыд ӕмбарын, уый.

Поэты тых, мӕнмӕ гӕсгӕ, фыццаджыдӕр, рабӕрӕг вӕййы лирикон ӕмдзӕвгӕты. Къостайӕн йӕ алы дзырд, йӕ алы ӕмдзӕвгӕ дӕр зӕрдӕйы тугӕй фыст у, ирон лӕджы зӕрдӕйӕ. Фӕлӕ дзы мӕнӕн иу у ахсджиагдӕр:

Рагӕй мын «ацу» дӕ цӕстӕнгас дзуры,

Рагӕй дӕ кодтон мӕ уындӕй тӕрсын;

Зонын, дӕ зӕрдӕ куыд ризы мӕ цуры,

Хъусын ныр дӕр ма йӕ сусӕг хъӕрзын.

 

Гъеныр хӕрзбон, мӕ хур!.. Нал мӕ уындзынӕ,

Дардмӕ дӕ хӕддзуйы мацӕуыл дом!

Райсом мӕ цӕстӕнгас ферох кӕндзынӕ,

Ферох кӕндзынӕ иннӕбон мӕ ном…

 

Ацы рӕнхъытӕ чи бакӕса, уымӕн, цыфӕнды лӕг дӕр фӕуӕд, ӕнӕ зӕгъгӕ нӕй: ӕз ӕцӕг, стыр поэты ӕмдзӕвгӕтӕ бакастӕн.

Поэт лӕг адӕмы хъулон хъӕбул у. Йӕ зонд, — сывӕллоны зонд. Ома, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕдылы нӕ вӕййы, фӕлӕ йӕ уды рыстӕй, йӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ никуы слӕууы иннӕ адӕмты ӕмрӕнхъ, йӕ зӕрдӕ нӕ тасы мӕнгард, фӕлитой ӕмӕ ӕндӕр ахӕм митӕм.

Мӕнӕ куыд фыссы Къоста йӕ уарзон адӕймагмӕ:

Ах, с каким безграничным восторгом,  дитя,

На руках из мишурного света

Я унес бы далеко, далеко тебя

И любил бы любовью поэта…

Ацы рӕнхъытӕ канд уарзондзинадыл не сты. Лӕг бафӕллад царды хъизӕмӕрттӕй, адӕмы хин ӕмӕ кӕлӕнӕй, уый фӕнды, рӕсугъд суадонау, ӕнӕ чъизи, ӕнӕ маргӕй фӕцӕрын. Фӕлӕ, хъыгагӕн, афтӕ нӕу цард. Ӕмӕ уый охыл поэт, сывӕллонау, царды мӕнгарддзинадыл ныккалы йӕ мӕстытӕ.

О, поэт адӕмы хъулон хъӕбул у, уымӕн ӕмӕ сын уый фӕзӕгъы фӕстагмӕ сӕ рӕдыдтытӕ, уый сын райхалы сӕ удыхъӕды хорзӕй уа, ӕвзӕрӕй цы ис, уый.

Ирыстоны иунӕг поэт дӕр нӕй, Къостайы хъысмӕтыл чи нӕ ахъуыды кодта, ахӕм. ӕз дӕр ӕй ӕмбарын мӕхирдыгонау ӕмӕ йӕ цырты раз лӕугӕйӕ ӕрцыдтӕн ахӕм хъуыдымӕ:

Ам хъуамӕ сабыр уа, ам сонт ныхас нӕ фӕтчы,

Ам хъуамӕ зарӕг уа — нӕ дзы фӕтчы  кӕуын…

Рӕстӕвзар сонт удӕн йӕ хъизӕмар йӕ  фӕтк у,

Цыргъӕссад хъамайӕн йӕ урс комыл  цӕуы…

Цы сты авд ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Къоста сыл, ӕцӕгӕй дӕр, карды комыл фӕцыди.

Ӕмӕ ма иу хъуыддаг. Ӕппӕлын худинаг у, фӕлӕ лӕг ӕцӕгӕйдӕр цы у, уый куы зӕгъай, уӕд уый ӕппӕлд нӕу, фӕлӕ рӕстдзинад. Дунейыл бирӕ стыр поэттӕ уыдис, Къостайы ӕмвӕз кӕнӕ ноджы уӕлдӕр чи лӕууыди, ахӕмтӕ, фӕлӕ Къоста йӕ чысыл Ирыстонӕн цы кад скодта, уый иу лӕджы къухы дӕр нӕ бафтыд ӕндӕр адӕмӕй.

Бирӕ хорз лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ райгуырдис Иры зӕххыл Къостайы ацыды фӕстӕ, фӕлӕ цыфӕнды гени куы уа, уӕддӕр йӕ бон нал бауыдзӕни Къостайы ӕмрӕнхъ ӕрлӕууын.

«Куы бафидин искуы мӕ хӕс!»

Ды уӕлдайджынтӕй бафыстай дӕ хӕс, нӕхи Къоста, фӕлӕ махӕн та, цымӕ, куыд фидгӕ у нӕ хӕс, — дӕ разы?!.

 

ХАДЖЕТЫ Таймураз,

Поэт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here