0
301

Скъолаты хæлцы аиппытæ

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг активисттæ скъолаты хæлцæн фадæттæ аразыны хъуыддагмæ иудадзыг сæ цæст дарынц. Æхсæнадон организацийы уæнгтæ радон цæстдарæн рейд саразтой Мæздæджы.

Раргомгонд аиппытыл ныхас цыд районы ахуырады управленийы разамындимæ.

Активисттæ æппæтæй раздæр бабæрæг кодтой Мæздæджы 8-æм скъола.

— Скъолайы хæрæндон у сыгъдæг. Къухæхсæнтæ донæй æмæ сапонæй ифтонггонд сты. Хойраг æфснайд у нывыл уавæрты. Фынгыл æвæрд хæринаг вæййы хъарм. Фæлæ ахуыргæнæндонмæ бацæуæг адæймаг уайтагъд хойраджы тæф кæй рахаты, уый дзурæг у вентиляцийы къуыхцытыл. Уымæй уæлдай, скъолайы хæрæндон у техникон ифтонггæрзтæ хъуаг. Уазалгæнæн камерæтæ, пец æмæ чысыл агтæ æхсынæн раковинæтæ ногтæй баивын æмбæлы, — загъта Адæмон фронты цæгатирыстойнаг штабы уæнг, медицинон наукæты доктор Бериты Олег.

Адæмон фронты экспертты хъуыдымæ гæсгæ, 5-æм астæуккаг скъолайы хæрæндоны уавæртæ дæр сты нывылгæнинаг.

— Фарон скъолайы разамынды хъарутæй кæй сцалцæг кодтой æмæ æддаг бакастæй аив чи у, уыцы хæрæндоны уат у æгæр чысыл. Уымæй уæлдай, хæрæндон у цæттæ аходæнтæ ласынæн æмæ сæ дарынæн уæлæмхасæн бæрцуæтты хъуаг, — зæгъы Берийы-фырт.

108-æм скъолайы ахуырдзаутæн кæй дæттынц, уыцы хойраг хæрзад у æви нæ, стæй, рыны ныхмæ æдасдзинады домæнтæ ахуыргæнæндоны æххæстгонд цæуынц æви нæ, Адæмон фронты минæвæрттæ уыдæттæ дæр рабæрæг кодтой. Активисттæ хæрæндоны уавæрæй разыйæ баззадысты. Рейды фæстæ æхсæнадон организацийы уæнгтæ районы ахуырады управленийы минæвæрттимæ аныхас кодтой.

— Рейды рæстæг чи раргом, уыцы аиппытыл уайтагъд æрныхас кодтам Мæздæджы районы ахуырады управленийы хицау Неля Гаспарянцимæ. Хъæндзинæдтæ цыбыр æмгъуыдмæ иуварсгонд кæй æрцæудзысты, хицауиуæггæнæг сылгоймаг нын уымæй зæрдæ бавæрдта, — зæгъы Адæмон фронты цæгатирыстойнаг æххæсткомы разамонæг Гæлиты Клим.

Бæдтиаты Оксанæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here