Хатдзæгтæй —фидæны нысантæм
Алагиры районмæ кусæг балцы ацæуæг уацхæсджытæ фыццагдæр бабæрæг кодтой Дзуарыхъæуы Культурæйы хæдзар. Бындурон цалцæджы фæстæ бæстыхай тынг фæивта, заууатыуæвæг хæдзары бæсты дзы фенæн ис нырыккон, аив æмæ æппæт фадæттимæ райдзаст бæстыхай.
Культурæйы хæдзары ног уавæртæ
Республикон дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæн Культурæйы хæдзары разамонæг Фæрниаты Маринæ куыд радзырдта, афтæмæй ивддзинæдтæ æрцыд бындурон цалцæджы фæстæ. Бæстыхай сарæзтой ивгъуыд æнусы 70-æм азты, 2002 азы йын йæ сæр баивтой, фæлæ уæддæр заууатмæ æрцыдис. Цæмæй бынтон пырхгонд ма уа, уымæй йæ фервæзын кодтой, фарон апрелы цы бындурон цалцæджы куыстытæ райдыдтой, уыдон.
«Бæстыхайæ ма баззад къултæ, аразджытæ баивтой хъуына пъолтæ, дуæрттæ, рудзгуытæ, доны хæтæлтæ, хъармгæнæн, электрон æфсисады хызтæ, ног сценæ дæр дзы фæзынд. Пайда кодтой æппæты ногдæр æмæ хæрзхъæддæр æрмæджытæй. Йæ кæртмæ дæр ын базылдысты, къæйтæ дзы равæрдтой, рухс дзы скодтой, аив бæлæстæ дзы ныссагътой. Залы ис 150 ног къæлæтджын бандоны, сценæ аив сфæлгонц кодтой. Методикон кабинеттæ сты хъæугæ æрмæгæй ифтонг. Ахæм уавæртæ нын никуыма уыд», — загъта Фæрниаты Маринæ.
Ног цалцæггонд Культурæйы хæдзар срæвдз ис 2021 азы хæдразмæ. Абон сфæлдыстадон иугæндты архайынц 160 сывæллоны, ахуыр сæ кæнынц кафыныл, зарыныл, адæмон инструменттыл цæгъдыныл, театралон æмæ æрмдæсныты аивадыл.
Скъолайæн æмбал нæй
Уæллаг Бирæгъзæнджы скъола у Алагиры 5-æм скъолайы хайад, сарæзтой йæ 1979 азы. Уæдæй нырмæ дзы фароны онг бындурон цалцæджы куыстытæ конд не ‘рцыдысты. Хъæуы цæрджытæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ куы фембæлдысты, уæд скъолайы кусджытæ рæгъмæ рахастой ацы фарст. Бындурон цалцæгæй сын зæрдæ бавæрдта, 2020 азы 1 сентябры сывæллæттæ æхсызгонæй ног цалцæггонд сколамæ кæй æрбахиздзысты, уымæй.
Æртæ мæйы дæргъы бæстыхайы сæр, йæ æддаг къул, инженерон коммуникацитæ , рудзгуытæ æмæ дуæрттæ баивтой, ахуыргæнæн кабинеттæ æмæ кълæстæ, хæринаггæнæн сцалцæг кодтой. Скъолайы директор Хъæрджынты Альбинæ куыд загъта, афтæмæй скъола йæ хуыз фæивта, ахуыргæнджытæ, сывæллæттæ æмæ ныййарджытæ арфæ кæнынц республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн, Хицауады Сæрдары хæдивæг Иринæ Азимовайæн, ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринайæн, районы разамонæг Бутаты Арсенæн, ахуырады управленийы хицау Хæдарцаты Альбинæйæн.
«Скъолайы бындурон цалцæг уыд сæ бæрны, афойнадыл дæр уыдоны фæрцы фæцис. Аразæг организаци, йæ сæргъы Козаты Роландæн, прораб Абайты Робертæн, æппæт кусджытæн стыр бузныг сæ удуæлдай фæллойы тыххæй», — загъта Хъæрджынты Альбинæ.
Горæт æмæ хъæуты фæлгонцад
«Горæтаг фадатджын уавæртæ аразыны» федералон программæмæ гæсгæ фарон Алагиры æмæ хъæуты базылдысты æхсæнадон фæзуæттæ æмæ бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæм. Энергетикты квартал бабæрæг кæнгæйæ, кусæг балцы архайджытæ федтой хæрззылд бирæуæладзыгон хæдзары кæрт. Уым равæрдтой ног асфальт, сæвæрдтой дзы ног фæхсбандæттæ æмæ бырæттæн къоппытæ, рухс æм бауагътой, цъæхфæлыстыл бакуыстой. Афтæмæй, цæрджыты загъдау, сæ уæгъд рæстæг рæсугъд æрвитынц.
Уарзондæр фæлладуадзæн бынатыл нымад у музейон-парчы фæзуат, уырдæм хæстæг цæрынц бирæ адæм. Программæмæ гæсгæ дзы къахфæндæгтæ сарæзтой, фадатджын бандæттæ дзы сæвæрдтой, ис дзы бырæттæн къоппытæ. Изæрыгон дзы рухс судзы. Ацы ран кæндзысты концерттæ, æндæр культурон хъуыддæгтæ, уый тыххæй дзы сценæ сарæзтой. Тагъд уый суыдзæн амфитеатры иу хай.
Вакцинаци дарддæр кæнынц
Кусæг балц фæцис Алагиры районы рынчындоны. Кæд хуыцаубон уыдис, уæддæр вакцинаци кæм кодтой, уыцы кабинеты дуармæ адæм æнхъæлмæ кастысты.Рынчындоны эпидемиолог Улубиаты Магданæ куыд радзырдта, афтæмæй сæм вакцинаци цæуы барджынæй. «Ныртæккæ вакцинаци скодтам 785 адæймагæн, уыдон сты 65 азæй хистæр. Вакцинаци кæмæн скодтам, уыцы адæмæй 311 райстой «КОВИД-19″-ы дыккаг хай дæр, æмхуызонæй сæм нæ цæст дарæм. Мыййаг сæм исты фæрсаг фæзындтытæ куы уа, фæлæ дзы абоны онг ницы æрцыд. Ис ма нæм 100 дозæйы вакцинæ, дарæм æй тæвды фæткмæ гæсгæ. Вакцинаци скæныны тыххæй куырдиæттæ исæм поликлиникæйы регистратурæйы æмæ паддзахадон лæггæдты порталы», — загъта эпидемиолог.
Рæзты фæндагыл
Алагиры район ис социалон-экономикон рæзты фæндагыл, уымæн ахъаз сты национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ. Бынæттон хиуынаффæйады разамонæджы хæдивæг Хацъæты Алан куыд радзырдта, афтæмæй фарон сарæзтой æртæ фелсырон-акушерон пункты, скъолатæ æмæ Культурæйы хæдзæрттæ бындуронæй сцалцæг кодтой, горæты æмæ хъæуты сарæзтой 11 фæндаджы.
Ацы аз дарддæр æххæст кæндзысты «Горæтаг фадатджын уавæртæ аразыны» федералон программæ, уый фæлгæты базилдзысты цыппар æхсæнадон бынатмæ æмæ бирæуæладзыгон хæдзæртты фондз кæртмæ. Сараздзысты ног фæндæгтæ, Рамоновы поселочы ног фелсырон-акушерон пункт æмæ æндæр социалон объекттæ.
Дулаты Татьянæ
Къамтæ систа Зæнджиаты Артур