0
296

Арфæтæ — Магаты Хъазыбегæн

Ацы бонты Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт дохтыр, медицинон наукæты кандидат, Дзæуджыхъæуы 1-æм поликлиникæйы сæйраг дохтыр Магаты Хъазыбег бæрæг кæны йæ 70 азы бон.

Юбилярæн зæрдиаг арфæтæ æмæ зынаргъ лæвар ракодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Республикæйы разамонæг йæ арфæйы ныхасы фæбæрæг кодта, Магайы-фырты бавæрæн медицинæйы къабазы райрæзтмæ. «Ды бирæ азты дæргъы æнтыстджын разамынд дæттыс поликлиникæйæн, ахадгæ куыст кæныс медицинон кадртæ цæттæ кæныныл. Æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, иудадзыгдæр архайыс адæмы æнæниздзинадыл æмæ уый, æцæгдæр, стыр æмæ фæрныг нысан у. Мæ зæрдæ дын дæхицæн дæр зæгъы фидар æнæниздзинад, дæ бирæвæрсыг архайд æнтыстджын куыд уа, уый», — фæбæрæг кодта Битарты Вячеслав.

Магаты Хъазыбег бузныг загъта республикæйы Сæргълæууæгæн, йæ архайдæн ын ахæм бæрзонд аргъгонд кæй цæуы, уый фæдыл.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.


Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here