«Уæлахизы диктант» ныффысдзысты

0
224

29 апрелы æртыккаг хатт ацæудзæн политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы дунеон патриотон акци «Уæлахизы диктант».

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг азы æмæ зындгонд советон æфсæддон разамонджыты юбилейты темæтимæ кæй фарстыты хай баст уыдзæн, уыцы амынд диктант ныффыссæн уыдзæн комкоммæ, кæнæ сайт диктантпобеды.рф-йы фæрцы онлайн уагæй. Акци сæххæст кæнынæн фæзтæ байгом кæндзысты Уæрæсейы æппæт регионты æмæ фæсарæнты.

— Диктанты архайджыты хæс уыдзæн дыууын фондз хæслæвæрды сæххæст кæнын. Ацы хæслæвæрдтæй ссæдз баст уыдзысты иумæйаг æфсæддон-историон темæтимæ, иннæ фондз фарсты та — регионалон тематикæимæ. Фарстыты хай баст уыдзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг аз æмæ нæ хъуыстгонд æфсæддон разамонджытимæ. Ацы аз Советон Цæдисы маршæлтæ Георгий Жуков æмæ Константин Рокоссовскийы райгуырдыл æххæст кæны 125 азы, — зæгъы «Иугонд Уæрæсе»-йы партион проект «Историон номарæн»-мæ цæстдарæг Александр Хинштейн.

Ацы акцийы архайæг цæгатирыстойнæгты нымæц афæдзæй-афæдзмæ фылдæр кæны.

— Хъыгагæн, фарон коронавирусы рынмæ гæсгæ гæрæнтæ фидаргонд кæй æрцыдысты, уый нымайгæйæ, акцийы архайджыты фылдæр хай диктант ныффыстой онлайн уагæй. Ацы аз нæ зæрды ис диктант комкоммæ уагæй ныффыссынæн Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы хъæууон районты æртын фæзы саразын. Æххæстгæнæг æмæ закъонæвæрынадон хицауады минæвæрттæ (уыимæ — Паддзахадон Думæйы депутаттæ æмæ партион актив), æхсæнады уæнгтæ æмæ сфæлдыстадон интеллигенци акцийы архайдзысты. Бирæ фæсивæд диктант кæй фысдзысты, уый мын æхсызгон у. Дыууæ азы фæд-фæдыл регионалон раздзогты æмрæнхъ чи æрлæууыд, ис нæм акцийы ахæм архайæг. Ацы адæймаг ацы аз бæстæйы уæлахиздзаутæй иуы ном райсыныл кæй тох кæндзæн, ууыл зæрдæ дарын. Мидисджын акци ахъаз кæны историон æнæхиндзинад бахъахъхъæнынæн, — зæгъы партион проектмæ регионалон цæстдарæг Фуад Кязымов.

Акцийæн фадæттæ аразæг адæмы зæрды ис æппæт бæстæйы 12 мин фæзы байгом кæнын. Цыфæнды æххæсткар уæрæсейагмæ дæр ис диктантæн фадæттæ аразæг адæмæн баххуыс кæныны бар (афтæ бакæнынæн хъæуы портал волонтерыпобеды.рф-мæ бацæуын æмæ дзы бархионы уагæй хи регистраци скæнын).

Ацы аз политикон парти «Иугонд Уæрæсе», Уæрæсейы Историон æхсæнад, Уæрæсейы Æфсæддон-историон æхсæнад æмæ змæлд «Уæлахизы бархионтæ» амынд акцийæн фадæттæ аразынц. Фарон Уæрæсейы æмæ 75 фæсарæйнаг бæстæйы цæрæг милуан адæймагæй фылдæрæн уыд сæ зонындзинæдтæ бафæлварыны фадат.



Санаты Альбинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here