Пенсион фонды æппæтвæрсыг архайд

0
250

Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн фембæлд уыд Уæрæсейы Пенсион фонды правленийы сæрдар Андрей КигимимÆ. Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой фонды цæгатирыстойнаг хайады куысты бæрæггæнæнтыл, стæй дарддæры æмгуыстады нысантыл.

Фембæлды архайджыт куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй, коронавирусы пандемийы æууæлты архайгæйæ, Пенсион фонды бæрны бакодтой сывæллонджын бинонтæн уæлæмхасæн социалон æххуысы фиддонтæ дæр. Зæгъæм, уыцы фарстайыл кусгæйæ, 2020 азы апрелæй нырмæ фонды республикон хайад сывæллонджын бинонтæн социалон æххуысы хуызы байуæрста 3,6 миллиард сомæй фылдæр.

— Пенсион фонды республикон хайад уыцы хæс бæлвырд фæткмæ гæсгæ æмæ афойнадыл æххæст кæны. Уыимæ, фонды специалисттæ сæ куыст афтæ рацарæзтой, æмæ социалон фиддонтæ райсыны тыххæй куырдиæттæ истой дæрддзæфмæ хуызы дæр. Уыцы æууæл адæмы фервæзын кодта бирæ уæлдай рацу-бацуйæ, — загъта Битарты Вячеслав.

Ахæм фæткыл Пенсион фонды регионалон хайад кæны иннæ социалон фиддонтæ дæттыны куыст дæр. Зæгъæм, пенситæ æмæ социалон пособитæ кæмæн æмбæлы, уыцы адæмæн фонды регионалон хайад æрвылмæй арвиты 3,2 миллиард сомæй фылдæр. Æмæ уыцы куысты дæр къуыхцытæ нæй.

Ацы æмæ иннæ фарстатыл фембæлды архайджытæ бæстон æрдзырдтой, стæй фæнысан кодтой дарддæры æмгуыстад фæхъомысджындæр кæныны æууæлтæ.


РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ

Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here