Тӕссаг у тыхджын дымгӕ ӕмӕ тӕрккъӕвдатӕй

0
265

Цӕгат Ирыстоны Гидрометцентры хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, ацы бонты тӕссаг у тыхджын дымгӕ ӕмӕ тӕрккъӕвдатӕй.

Афтӕ, центры специалистты рагагъоммӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, майрӕмбоны дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ уа ахӕм ӕрдзон фӕзындтытӕ. Уыимӕ, уӕвӕн ис, ӕмӕ хицӕн бынӕтты уа ӕрвнӕрд ӕмӕ рауара их дӕр.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тыхджын къӕвдатӕ сӕ фӕдыл расайынц цӕугӕдӕтты ӕмвӕзады рӕзт. Уыимӕ, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады республикон управленийы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, ахӕм ӕууӕлты хӕхты рацӕуы чысыл лӕсӕнтӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай, уӕлдӕфы бӕрзонд температурӕ дӕр нырма йӕ тыхы уыдзӕн.

Уыцы ӕууӕлтӕ хынцгӕйӕ, министрады специалисттӕ адӕммӕ сидынц, цӕмӕй ацы бонты уой уӕлдай къӕрцхъусдӕр.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here